Инициативӕ бахаста бӕстӕйы разамонӕг

Æрæджы Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан тыхон министрадтæ æмæ уагдæтты къухдариуæггæнджытимæ фембæлды рæстæджы бахаста инициативæ – сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисджытæ æмæ уыдон бинонты тыххæй Æхсæнадон организаци саразыны тыххæй. Уымæн æмæ Хуссар Ирыстонæй хæстонтæ активон хайад исынц операцийы, йæ фыццаг бонæй фæстæмæ. Нæ республикæйы æхсæнад дæр куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсы ацы хъуыддагмæ. Уымæн æмæ нын уæлдай нæу, ныртæккæ уæззау уавæры цы адæм сты, уыдон хъысмæт. Уыцы тугæйдзаг цалх ратылд Ирыстоныл дæр æмæ йæ зонæм, адæймаджы бартæ дæргъвæтин азты дæлдзиныг куыд цæуынц, хæстон архæйдтытæ æмæ сæ фæстиуджытæ цахæм сты. Уымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг хæстхъом фæсивæдæй бирæтæ, чи фыццаг бонæй, чи – уый фæстæ, цæуынц тохы быдырмæ рæстдзинад æмæ сæрибардзинады сæрыл хъазуатон тохмæ. Уымæн æмæ Донбассы зæххыл биноныг куынæ æрцæуой æнæзæрдæмæдзæугæ хъуыддæгтæ, уæд уыцы фыдбылызтæ абонсом – æрбахойдзысты ногæй нæ дуæрттæ.

Не ‘хсæнады активон æмбæстæгтæ та слæууыдысты хæрзаудæн архайд кæныныл – æмбырд кæнынц гуманитарон æххуыс. Уыцы æххуыс алыварсон у, кæм финансон фæрæзтæ, кæцытæй стæй амал æрцæуынц, тохы быдыры фылдæр цы хæстон фæрæзтæ сты ахсджиаг, уыдон, кæм – хæлцадон продукттæ, экипировкæ æмæ афтæ дарддæр. Æгæрыстæмæй, бирæ ацæргæ сылгоймæгтæ аиуварс кодтой сæ æрвылбонон аудинæгтæ æмæ æрæвнæлдтой хæстонтæн хъарм цъындатæ бийынмæ.

Ныхас дардыл у, фæлæ бæстæйы сæргълæууæг хорз инициативæ раразмæ кодта, уымæн æмæ ацы æхсæнадон организацийыуылты æрвыст цæудзысты бæрæг гуманитарон уæзтæ æмæ бирæ сæвзæргæ фарстытæ бæстон цæудзысты организацийы руаджы. Æнæбанысангæнгæ нæй ахæм хъуыддагæн, æмæ хъыгагæн, не ‘взонг лæппутæй, сæ хæстон хæстæ æххæстгæнгæйæ, æбæрæгæй чи фесæфы, уыдон бинонты тыхст уавæр хорз ӕмбарӕм, иуæй дæ хæстон тохы быдыры ис, аннæмæй та дзы дæргъвæтин рæстæджы бæрæг мацы зон – уый уæззау ӕмӕ зын фæлварæн у. Æмæ æхсæнадон организаци хъуамæ архайа ацы фарстытыл дæр. Иуныхасæй, ацы организаци саразыны хъуыддаг у ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг.

Ядерон терроризмӕн ӕруадзӕн нӕй

Запорожьейы атомон электростростанцы æппынæдзух украинæйаг националисттæ кæй æхсынц, уый тыххӕй УФ-йы Федерацийы Советы Федералон Æмбырд дунейы бæстæты парламенттæ æмæ æхсæнадæмон парламентон организацитæм сарæзта сидт. Уый фæдыл уыннаффæ цыд Хуссар Ирыстоны парламенты президиумы рабадты. Уыцы фарст уынаффæмæ рахаста Æддагон политикæ æмæ парламентон бастдзинæдты фæдыл парламентон комитеты сæргълæууæг Дриаты Заза. Йæ хъуыдымæ гæсгæ ацы электростанцмæ ахасты Украинæйы архæйдтытæн схонæн ис ядерон терроризмы фарс кæй сты æмæ йæ фæстиуджытыл кӕй нæ хъуыды кæнынц. Куыд зонæм, афтæмæй уыцы терроризм хæссы пырхæнтæ æмæ мæлæт.

Европæйы иууыл стырдæр ядерон станцы тыххæй цыбыр зонæнтæ: конд у  6 энергоблокæй; административон бæстыхай; æххуысы бæстыхæйттæ; радиоактивон изотопты æфснайæндон æмæ бакуыстгонд ядерон æртаджы сур æфснайæндонæй. Украинӕйаг ӕмӕ ма пиллонкалгӕ арты ӕндзарӕнтӕ чи ӕппары, уыцы ныгуылӕйнаг бӕстӕты тӕнӕгсӕр разамонджыты «аудындзинады» руаджы ацы станцы, Дунескӕнӕг бахизӕт, фӕлӕ авари куы ӕрцӕуа, уӕд йӕ радиоактивон мигъты дымгæ цӕгатварсырдæм куы ахæсса, уæд фӕхъӕстӕ уыдзысты ӕввахс регионтӕ – Днепропетровск, Запорожье, Херсон ӕмӕ Николаевскы областтӕ, ӕрдӕгсакъадах Хъырым ӕмӕ ӕндӕртӕ. Ныгуылӕнӕрдыгӕй та ӕфхӕрд баййафдзысты Украинӕйы бирӕ областтӕ, афтӕ Донецк ӕмӕ Луганскы Адӕмон республикӕтӕ ӕмӕ Уӕрӕсеимæ арӕнгӕрон регионтӕ – Ростов, Воронеж, Белгород ӕмӕ Курскы областтӕ.

Иуӕй-иу иртасӕн куыстытӕм гӕсгӕ радиоактивон чысыл хӕйттӕ гӕнӕн ис ӕмӕ бахауой Сау деджызмӕ, афтӕ Каховскы донӕмбырдгӕнӕн ӕмӕ дарддӕр та Днепрмӕ.

Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрады бавдисгӕ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ ма радиоактивон мигъ бахъыгдардзӕн Словаки, Польшӕ, Германи ӕмӕ ӕндӕр ӕввахс паддзахӕдты. Уагдон ма куыд хъусын кӕны, уымӕ гӕсгӕ аварийы рӕстӕджы радиаци апарахат уыдзӕн сӕдӕгай километрты онг.

Пентагоны минæвары хъуыдымæ гæсгæ атомон электростанцы спырхы фæстиуджытæ тынг хорз зоны Украинæ æмæ «æппæтдæр аразы, цæмæй уыцы хъуыддаг ма æрцæуа». Уый тыххæй, зæгъгæ, немæ ауагътой консультацитæ. Фæлæ уый æмрæнхъ минæвар банысан кодта, «уæрæсейаг æфсæддон тыхтæ кæй æхсынц электростанцмæ æввахс территори» – хуыздæр нæу æмæ искæй фæазымджын кæнай!!!

Уымӕ гӕсгӕ агрессивон ныхмӕлӕуджытӕ хъуамӕ ахъуыды кӕной ӕмӕ скъусын кӕной сӕ «салд мӕгъзтӕ», цӕмӕй егъау зиан ма ӕрхӕссой ӕрмӕст сӕхицӕн нӕ, фӕлӕ сӕ алыварс бӕстӕтӕн дӕр.

Хуссар Ирыстон ӕгӕрон аргъ кӕны Науруйы бӕстӕимӕ ахастытӕн

Республикӕ Науруимӕ хӕлардзинадӕн стыр аргъ цӕуы Хуссар Ирыстоны. Мах хъуыды ӕмӕ аргъ кӕнӕм нӕ паддзахадон хӕдбардзинады банымады хъуыддагмӕ ацы бӕстӕйы стыр хайбавӕрдӕн ӕмӕ дунеон аренӕйыл йæ алыварсон ӕххуысæн.

Республикӕ Науруйы хӕдбардзинад расидт ӕрцыд 1968 азы 31 январы. Кӕцыфӕнды паддзахадӕн дӕр уыцы политикон цау ахсджиаг æмæ фидар бындур у хӕдбар паддзахады арӕзтад ӕмӕ йӕ дарддӕры цадӕггай рӕзтӕн. Бӕстӕйӕн ацы нысаниуӕгджын цауы фӕдыл Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад арфӕйы фыстӕг арвыста Республикӕ Наурумӕ. Æддагполитикон уагдоны ныфс ис, ӕмӕ дарддӕр дӕр кӕй уӕрӕх кӕндзысты уӕвӕг дыууӕфарсон бастдзинӕдтӕ, дыууӕ бӕстӕйы ӕхсӕн фӕстиуӕгджын ӕмгуыстад ӕмӕ хӕларадон ахастытӕ  кӕй рӕздзысты.

Хуссар Ирыстон ноджыдæр стыр аргъ кӕны ӕмӕ сӕрыстыр у 2008 азӕй фӕстӕмӕ, цадӕггай, фӕлӕ нӕ республикӕйы паддзахадон хӕдбардзинад цы бӕстӕтӕ нымайынц, уыдонӕй. Ацы ахсджиаг хъуыддагыл архайынц бӕстӕйы къухдариуæгад æмæ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад. Уагъд цӕуынц æмбæлон æмæ хъӕуӕг консультацитӕ Хуссар Ирыстонӕн хӕлар паддзахадтимӕ, цӕмӕй фӕуӕрӕхдӕр кӕнӕм нӕ паддзахадон хӕдбардзинады географи.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.