Æхсызгон хъуыддаг у, адæм Уæрæсейы тырыса æмæ паддзахадон гимны ахадындзинад фæтыхджындæр кæныныл кæй архайынц, уый. Уый тыххæй Паддзахадон Думæмæ закъоны проект бавдыстой хъæппæрисджын къорд, УФ-йы ахуырады министр Сергей Кравцовы разамындæй. Проекты сæйраг пункт – æрвыл ахуыры азы райдайæны Уæрæсейы скъолаты хъуамæ айзæла бæстæйы гимн æмæ хæрдмæ суадзой тырыса. Уыцы хъæппæрисыл канд Думæйы депутаттæ не схъæлæс кодтой, фæлæ йыл Президент Владимир Путин дæр фæмбæлд стыр разыйæ æмæ йыл йæ къух бафыста. Фæлæ Коммунистон парти æмæ активисттæ ууыл æрлæууынмæ нæ хъавынц, бæстæйы тырыса аивын сæ фæнды советон сырх тырысайæ æхсырф æмæ дзæбугимæ. Уый тыххæй æрфарсты адæмæн сæ фылдæр разы у, æгæрыстæмæй, æрыгон фæлтæр дæр. Фæлæ уал уый фидæны…

Ныр та уал тырыса гимнимæ сисын адæмы, скъолаты разамонджыты ахæм патриотизм бауагъта æмæ Дзæуджыхъæуы гимназ «Диалог» нал фæлæууыд иннæ ног ахуыры азмæ æмæ къуырисæры райсом скъолайы кæрты Уæрæсейы гимнимæ хæрдмæ фæцыд бæстæйы тырыса. Уыдон ахуыры ног къуыри райдыдтой ног традициимæ æмæ сæ зæрды ис нырæй фæстæмæ æрвыл къуырисæр уымæй райдайын.

Кадджын мадзалы архайдта республикæйы Ахуырады министр Алыбегты Эллæ. Уый куыд загъта, афтæмæй райгуырд ног рæсугъд традици – æрвыл къуыри паддзахадон символæй райдайын. «Уый зынгæ цау у канд республикæйы нæ, фæлæ Уæрæсейы царды дæр. Иннæ ахуыры азы райдайæнæй ахæм фатат уыдзæн æппæт скъолатæн дæр. Тырыса сисын суыдзæн хъомыладон куысты иу хай. Закъон куыд амоны, афтæмæй уыцы рæсугъд фæтк кæд æрвыл ахуыры азы райдайæны кæнгæ у, уæддæр алы ахуырадон уагдоны разамонæг йæхæдæг скъуыддзаг кæны  афæдз иухатт æви æрвыл къуыри æххæст кæна уыцы кадджын мадзал. Уырны мæ, ахуыргæнджытæ æппæт дæр кæй сараздзысты, цæмæй кæстæр фæлтæрмæ фæхæццæ кæной нæ адæмы рæстдзинад, нæ истори. Уый сæм æвзæрын кæндзæн патриотон æнкъарæнтæ»,- загъта министр.

Нæ  уацхæссæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.