НАЦИОН  ТРАДИЦИТÆ – ЦАРДЫ                                                                                     

 Ивгъуыд аз республикæйы царды уагъд æрцыд ахсджиаг проект «Æрмгуыстгæнæн традицитæ – Ирыстоны», зæгъгæ. Уый саразын къухы бафтыд Президенты грантты фонды æххуысæй. Проекты дарддæры рæзтыл кусынц РЦИ-Аланийы Фæллой æмæ социалон рæзты министрад. Йæ нысан у Ирыстоны национ æрмгуыстгæнæн традицитæ сфидар кæнын. Ныридæгæн дзы сæдæмæ æввахс сылгоймаджы райстой алыхуызон дæсныйæдтæ: нымæт æууæрдын, цыллæбыдтæ кæнын, цухъатæ, басылыхътæ, сæрбæттæнтæ, хызынтæ, дзабыртæ, нымæтхудтæ, хъуырбæттæнтæ хуыйын, къуымбилæй дзаумæттæ бийын…

Ацы бонты райдыдтой ахуыргæнæн курсыты æртыккаг фæлтæр. Ахуыр кæндзысты уæлдæр ранымад дæсныйæдтыл. Ахуырдзаутæ куыд зæгъынц, афтæмæй сын уый уыдзæн уæлæмхасæн æфтиаг, уæлдайдæр пенситы куы ацæуой, уæд.

Цæмæй ахуыр уæлдæр æмвæзадыл ацæуа, уый тыххæй Наукæ æмæ ахуырады министрад сæрмагондæй бацæттæ кодта 45 ахуыргæнæджы национ æрмдæсныйады куыстытæ амоныны тыххæй. Уыдон ахуырдзау сылгоймæгты ахуыр кæндзысты лæвар.

Программæйы сæргълæууæг Бзарты Аланæ куыд загъта, афтæмæй проект хорз ахъаз у традицион æрмгуыстгæнынады национ хуызтæ сæндидзын кæнынæн, нæ культурæ дзаумæтты хуызы адæмы ‘хсæнмæ рахæссынмæ.

 Проект æххæст цæуы республикæйы алы районты дæр.

КУЫД  УЫДЗÆН  НОГ  АХУЫРЫ  АЗ?

   Адæмы тыхсын кæны фарст: куыд уыдзæн ног ахуыры аз дæргъвæтин карантины фæстæ?  Цæуы алыхуызон ныхæстæ, цыма скъолатæ бынтондæр сæхгæнынмæ хъавынц æмæ катайаг уавæр сæвзæрд.

 Ног ахуыры аз цæмæй мауал бакъуылымпы уа, стæй цавæр ивддзинæдтæ уыдзæн ахуыры про-цессы, уый тыххæй журналисттæн йæ пресс-конференцийы радзырдта РЦИ-Аланийы Наукæ æмæ ахуырады министр Людмила Башарина.

Уый йæ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй сывæллæттæ скъоламæ бацæудзысты цыппæрæм сентябрæй, æрмæст ахуыры системæ цасдæрбæрцæй ивд æрцæудзæн. Скъолаты æнæмæнгхъæуæг уыдзæн «Роспотребнадзор»-ы  санитарон – эпидемиологон домæнтæ æххæст кæнын, дезинфекцигæнæн препараттæй скъолатæ сифтонг кæнын, æрвылбон кълæсты, тыргъты антисептиктæй пырх кæнын, улæфты рæстæг кълæстæм сыгъдæг уæлдæф уадзын, ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæн алы райсом сæ тæвд барын, сæ зæрдæ кæмæ фехсайа, уыдон æвæстиатæй дохтыртыл сæмбæлын кæнын…

Уымæ нæ кæсгæйæ, Уæрæсейы Президент Владимир Путин Федерацийы Федералон Æмбырды кæй фехъусын кодта, уыцы хæслæвæрд сæххæст кæнынмæ Ирыстон дæр цæттæ у. Ахуыры азы райдианæй æнæхъæн республикæйы скъолаты райдиан кълæсты сывæллæттæ исдзысты хъарм хæринаг лæвар. Ног закъон куыд æххæстгонд цæудзæн, уый фæдыл скъолаты хæрæндæтты уавæр бабæрæг кодтой Ахуырад æмæ наукæйы министрады специалисттæ.

Журналистты сæйраг фарстæн, сывæллæттæ ма дæрддзæг ахуырмæ рахиздзысты, зæгъгæ, министр бæлвырд дзуапп нæ радта. Куыд загъта, афтæмæй уымæн рагацау базонæн нæй. Аразгæ уыдзæн, низ йæхи куыд равдиса, уымæй…

                                                                             Нæ   уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.