РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты фæуæлахизы 10 азы сæраппонд» юбилейон майдантæй схорзæхджын кодта республикæйы юстицийы министрады кусджытæй хуыздæр æнтыстытæ кæмæн ис, уыдоны.

Президент министрады коллективæн раарфæ кодта аивгъуыйгæ бæрæгбонты сæраппонд, афтæ ма сын бузныг загъта сæ æнтысгæ, гъæдджын æмæ принципиалон куысты тыххæй.

«Идеалон барадон паддзахад саразæн нæй, фæлæ уымæ тырнын хъæуы, къухты хъуамæ æфта, цæмæй закъæттæ кусой. Уæ разы ис серьезон хæстæ æмæ уын ис фадæттæ, цæмæй кæнат æнтысгæ куыст», – банысан кодта уый.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, куыст кæуыл цæуы, уыцы «Паддзахадон службæйы закъон»-ы нысаниуæг дæр æмæ загъта, документ тагъд рæстæджы бавдыст кæй æрцæудзæн хицауадмæ уынаффæ кæнынмæ.

«Ацы закъоны райсынмæ æнхъæлмæ кæсынц бирæ адæм. Раздæр ыл бакусæн нæ уыд, уый тыххæй æмæ Парламент нæ уыд профессионалон», – загъта Бибылы фырт.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй æнтысгæйæ реализаци цæуы Хуссар Ирыстоны æфхæрдтæ æххæст кæныны ситемæйы реформæ, кæцыйы нысан сты къорд ногдзинæдтæ.

Юстицийы министр Лалыты Залинæ фæбæлвырддæр кодта, зæгъгæ,  реформæ здæхт у ахæст-ты дарыны уавæртæ хуыздæр кæнынмæ æмæ ныр кæронмæ фæхæццæ кæны.

«Юстицийы министрад абон у бирæпрофилон ведомство, – æфхæрдтæ æххæст кæныны управлени хъахъхъæны закъондзинад æмæ фæтк, тæрхондонон приставты службæ бар-æнæбары аразы афтæ, цæмæй закъон хъахъхъæд цæуа. Закъоны тых ис йæ æххæсткæнынады», – загъта министр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ юстицийы министрады кусджытæ закъæттыл кусынц æрвылбон дæр.

«Иумиагæй сисгæйæ, министрад бæстон кæны æххæсткæнынадон хицауиуæгады органты закъонпроектон архайд. Мах тырнæм регламент райсынмæ, кæцы баххуыс кæнид, нотариалон æмæ адвокатон лæггæдтæ фидын сæ бон кæмæн нæу, уыцы æмбæстæгтæн. Юстицийы министрады базæйыл махæн нæ бон уаид уыдонæн хъæуæг æххуыс бакæнын», – загъта Лалыты Залинæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.