Статс-секретарь, Уæрæсейы Федерацийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Григорий Карасин йæхимæ райста Женевæйаг дискусситы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл æмсæрдæртты, фехъусын кодтой УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады.

«Сæ хъуыдытæ загътой Фæскавказы æдасдзинады фадыджы, Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны арæнты уавæрты тыххæй, афтæ ма Женевæйы радон фембæлдмæ цæттæ кæныны фарстатыл, кæцы уагъд хъуамæ æрцæуа ацы аз 9-10 октябры. Фидаргонд æрцыд Женевæйаг дискусситы эффективондзинад фæбæрзонддæр кæнын Хуссар Кавказы сабырад æмæ стабилондзинад сфидар кæныны тыххæй», – загътой министрады.

Фембæлды хайад чи истой, уыцы нымæцы уыдысты Хуссар Кавказы Европæйаг Цæдисы сæрмагонд минæвар Тойво Клаар, Иугонд Нациты Организацийы минæвар Джихан Султаноглу æмæ Европæйы æдасдзинад æмæ æмгуыстады фарстаты фæдыл организацйы архайæг сæрдариуæгады сæрмагонд минæвар Рудольф Михалк.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.