Хуссар Ирыстоны æрдз диссаг у, куы йæм кæсай, уæд дæ йæ алæмæттаг нывтæй фæхицæн кæнын нал фæфæнды, æдзухдæр сæм куы кæсис æмæ куы кæсис. Нæ рæсугъд æмæ бæрзонд хæхтæ сæхи уæлийау систой, мит сыл йæ урс дарæс куы айтындзы, уæд уыдонмæ кæсын вæййы стыр диссаг. Зымæгон сæм хур йæ тынтæ куы æруадзы, уæд ноджы сæрттивынц, цыма адæймагмæ худæнбылæй фæкæсынц, афтæ нæм фæкæсы. Кæнæ ма нæ цæст ахæссæм нæ уæлвæз бынæттæм. Хъæдабæгъуыз сæрвæттыл фысвос апырх вæййынц æмæ сойджын цъæх кæрдæгыл мерс кæнынц. Ноджы ма диссаджы ихджын суадæттæ, алыхуызон хосгæнæн кæрдæджытæй дзаг у нæ æрдз. Мах сæ пайда кæнæм æрвылбон дæр æмæ ныл хорзæрдæм æндавынц не нæниздзинадыл, нæ зæрдæйы уагыл, стæй ма йын фæпайда кæнæм йæ бирæ æндæр хæрзиуджытæй. Æрдзы ахæм диссаджы æвæрæнтæй нæ алчи дæр хъуамæ буц æмæ сæрыстыр уа.

Фæлæ хатт нæ иуæй-иутæй ферох вæййынц уыцы æвæджиау æвæрæнтæ, фæкæсæм сæм куыдфæндыйы цæстæй, фылдæр хатт та сын фæкæнæм фыдаудæн митæ. Афтæмæй уыцы хæрзиуджытæй иутæ сæфынц æмæ сæ адæймаг фæцух вæййы. Уæд ма бæргæ æрымысæм æмæ фæагурæм уыцы хæрзиуджытæ, фæлæ уæд та байрæджы вæййы. Мæ ныхас тынгдæр у, æмбæстæгтæй иутæ сæ бырон æнæран кæй акалынц, ууыл. Уыдон хъуыды кæнынц афтæ: «мæн нæ хъыгдары, иннæтæ — цыфæнды дæр кæнæд». Фæлæ уыцы æмбæстаг тынг рæдийы, уымæн æмæ æрдз махæн у иумиаг æмæ йыл хъæуы аудын.

Нæ диссаджы æрдзы хæрзиуджытæй пайда кæнынц абоны фæлтæр. Фæлæ уыимæ иумæ хъуамæ хъуыды кæнæм нæ сомбоныл дæр æмæ сæ адæттæм уыдонæн дæр, нæ æрдзы дзаджджын æвæрæнтæ хъахъхъæнгæйæ.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.