Тыбылты Вандæ Дзауы районы сæргъ куы слæууыд, уæдæй фæстæмæ рацыдис иу аз æмæ æрдæджы бæрц. Цы йын бантыст саразын æмæ дарддæр цавæр ахсджиагдæр фарстатыл хъæуы бакусын, уыдæтты тыххæй журналисттæн Информаци æмæ мыхуыры комитеты пресс-центры фарстатæн радта дзуаппытæ.

– Уыцыфарс æмæ Дзакъултайы хъæуы цæрджытæ ифтонг æрцыдысты æрдзон газæй. Кæронмæ газификаци кæд æрцæудзысты районы цæрæн пункттæ?

– Уыцы хъæутæм дæр æнцон нæ уыд газ бауадзын. Газ бауадзынæн хъуыд доны сæрты хæтæл ауадзын æмæ сын уымæй баххуыс кодтон, стæй йæ цæрджытæй алчидæр йæхи фæрæзтæй бауагъта йæ хæдзармæ. Дзакъултайы та сын зын кодта фæндаг скъахын æмæ уыдонæн та, уыцы хъуыддаджы феххуыс кодтон. Балхæдтон ма сын газ кæм дих кæны, ахæм скъапп дæр. Æмæ йæ стæй уыдон кæрæдзи æмбаргæйæ, сæхи тыхтæй бауагътой сæ хæдзæрттæм. Куыстыты хайад истой цæрджытæ сæхæдæг дæр. Район æххæстæй газификаци кæд æрцæудзæн, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, мæнæй кæнгæ нæу, фæлæ куыд зонæм, афтæмæй уый уыдзæн 2025 азы.

– Гуфтайы зæронд хид у тынг рагон. Йæ рæсугъд æмæ аивдзинадæй уый цæстæнгас йæхимæ здæхта. Æгæрыстæмæй нæм цы туристтæ æрцæуынц, уыдон дæр сæ къамтæ фæисынц йæ фоныл. Дзауы  администрацимæ исты пълæнттæ ис, цæмæй йæ барæсугъд кæной?

– Ацы хидæн йæ бакаст æмбæлон уагмæ æркæнын у ме стырдæр бæллицтæй сæ иу. Уымæн æмæ хорз æмбарын, йæ нысаниуæг – у нæ республикæйы иууыл рæсугъддæр архитектурон арæзтæдтæй сæ иу. Ног хид куы сырæзт, уæдæй фæстæмæ йыл машинæтæ нал цæуынц, йæ бахизæнтæ сты æхгæд. Фæлæ сæ хъæуы цæрджытæ уæддæр æрбакæнынц æмæ дзы сæ фос бауадзынц. Фос та ардæм уæлдай тынгдæр цæуынц, уымæн æмæ æнтæф бонты цæугæдонæй цæуы сатæг уæлдæф. Афтæмæй йæ чъизи кæнынц. Æнæмæнг æм базилдзыстæм, бацалцæджытæ йæ кæндзыстæм æмæ йæ сахордзыстæм ахорæнтæй. Сæвæрдзыстæм дзы рæсугъд цырæгътæ æмæ йæ æхсæвыгон рухс кæндзысты. Уыдæттæ та домынц бæрæг æхцайы фæрæзтæ æмæ архайдзыстæм нæ фадæттæм гæсгæ. Кæд нын ацы азы кæронмæ нæ бантыса уыцы куыстытæ сæххæст кæнын, уæддæр сæ æрбалæугæ азы адарддæр кæндзыстæм. Уымæн æмæ уыцы хиды иувæрсты ног хидыл канд нæхи адæм нæ, фæлæ ма цæуынц нæ республикæмæ  æрцæуæг уазджытæ дæр æмæ йыл сæ цæст æнæсхæцгæ нæ фæвæййы. Цæмæй йæ сахорæм, уый тыххæй нæ хъæуы техникæ баххуырсын дæр, уымæн æмæ тынг бæрзонд у æмæ нæхимæ та ахæм техникæ нæй.

– Хъæууон хæдзарад райтынг кæныны тыххæй уæм исты проекттæ бавдыстæуыд?

– Нæ районы архайынц 11 фермерон хæдзарады. Уыдонæй авд сты, фосдард чи райтынг кодта, ахæмтæ. Дыууæ – мыдыбындзытæ чи дары, æмæ дыууæ та кæсагдарды куыст чи кæнынц, ахæмтæ. Уыдонæй Гуфтайы хъæумæ хæстæг, Къуайсамæ цæугæйæ фæндаггæрон чи ис, уымæн ис проект арæзт æмæ æнхъæлмæ кæсы льготон кредит райсынмæ, цæмæй йæ хæдзарад рауæрæхдæр кæна. Хъемултайы чи архайы, уыцы амалиуæггæнæг та йæ хæдзарад рауæрæхдæр кæныны тыххæй домы зæхх. Фæлæ нын уый дæр тынг зын кæны, зæххы скадавардзинады аххосæй. Фосдарды куыст чи кæнынц, уыцы фермертæ дæр æййафынц холлаг æмæ техникæйы хъуагдзинад.

– Зæгъыс, зæхх скадавар ис, æмæ уый куыд бамбаргæ у?

– Зæххытæм афтæ куы акæсай, уæд кæмфæнды дæр лæууынц æгуыстæй. Фæлæ дзы иу гæппæл дæр никæмæн ратдзынæ, ис сын хицæуттæ. Цæвиттон уын æрхæсдзынæн Цъоны комæй. Уым йæ рæстæджы уыдис цалдæр хъæуы. Цæрджытæ се `ппæт дæр дардтой бирæ фос. Уыдис сын сæхи колхоз, фосдарды фермæтæ æмæ сын зæхх фаг кодта. Ныр ма бæрцæй сты æхсæз цæрæг хæдзары æмæ сын зæхх нæ фаг кæны. Уыцы дардыл зылд зæххытæй сæ фосæн зымæгваг холлаг æркæрдын сæ бон нæу. Иууылдæр сын ис хицæуттæ æмæ сæм ис 10-15 гектары бæрц. Хосгæрдæн афон бацæуынц, æркæрдынц сæ хуымтæ æмæ сæ стæй ауæй кæнынц фосдарджытæн. Ныр сын сæ зæххытæй райстам фæйнæ 5 гектары æмæ сæ радтам, фос чи дары, уыдонæн.

– Районы иумæйагахуырадон скъолаты та уавæр куыд у?

– Æдæппæт ма, нæ районы архайынц 7 астæуккаг скъолайы, 3 та дзы ис сывæллæтты рæвдауæндæттæ. Уыдонæй Дзауы скъола æмæ скъола-интернаты ис бирæ ахуырдзаутæ. Гуфтайы сывæл-лæтты рæвдауæндоны ис 14 сабийы, горæт Къуайсайы рæвдауæндоны – 34, æмæ Дзауы рæвдауæндоны та – 84 сабийы. Кусæм Дзауы астæуккаг скъолайы бæстыхаймæ уæлæмхас бæстыхай бафтауыныл. Уый саразын æнæмæнгхъæуæг у. Уымæн æмæ сывæллæттæ сихор кæм бакæнынц, уый у къаннæг хатæн. Æмæ сæ иутæ куы фæсихор кæнынц, уæд  иннæ сывæллæттæ та æнхъæлмæ фæкæсынц. Нæй сын, фæллойы уроктæ кæм уадзой, ахæм бынат. Нæ сын фаг кæнынц ахуыргæнæн кълæстæ дæр. Уæлæмхас бæстыхай арæзт куы фæуа, уæд сын уыдзæнис, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтта, ахæм хæрæндон. Фæллойы уроктæ кæм уадзой, ахæм хатæнтæ дæр сын уыдзæнис дыууæ. Дыккаг уæладзыджы та арæзт æрцæудзысты уæлæмхас ахуыргæнæн кълæстæ. Ацы аз уал æй агъуысты бын фæкæндзыстæм нæхи фæрæзтæй, стæй бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы.

 – Уазал бонтæ кæй æрбалæууыдысты, уымæ гæсгæ ацы бонты скъолайы æмæ скъолайы агъоммæ уагдæттæ ифтонг æрцæудзысты хъæрмадæй?

– Хъæрмадæй ацы бонты ифтонг æрцыдысты. Уым уæддæр уазалдæр у. Скъола-интернаты та æхсæв дæр уым вæййынц сывæллæттæ.

– Ручъы скъола сцалцæг кæнын æмæ дзы сывæллæттæн лагерь æрбакæныныл дæр архайдтай. Цахæм уавæры ис ныртæккæ?

– Уыцы скъолайы бæстыхай афтæ зæронд нæу. Йæ æмбæрзт кæй фехæлд, уый аххосæй йыл къæвдатæ фæцыд æмæ æдзæллаг уавæрмæ æрхауд. Ныр уал нын бантыст агъуысты сæр бамбæрзын, цæмæй бынтондæр ма фесæфтаид. Лагеры æрбакæнын та мæхи бон не суыдзæнис. Чизоны исчи фæзына æмæ йæ йæхимæ райса. Ахæм агъуыстæй хъæуы, æнæмæнгдæр, пайда кæнын.

– Нуазыны донæй ифтонг æрцыдысты цалдæр хъæуы. Кæцы хъæутæ ма æййафынц доны хъуагдзинад?

– Дон æнæмæнг хъуамæ бауадзæм Гуфта, Дзакъулта æмæ Барсы хъæутæм. Барсы хъæуы цæрджытæ рагæй фæстæмæ æййафынц нуазыны доны хъуагдзинад. Фæлæ уырдæм дон суадзын уæлдай зындæр у. Хъæу йæхæдæг уæлвонг ран ис æмæ йæм дон суадзын та хъæуы бындæр бынатæй. Уымæ гæсгæ дзы саразын хъæудзæн донцъирæн станц. Ныридæгæн ын сарæзтам йæ проект дæр.

– Дæ куысты иууыл тынгдæр цавæр зындзинæдтыл æмбæлыс æмæ сæ аиуварс кæныныл куыд бацархайыс?

– Мæнæн уæлдай зын вæййы, чидæр мæм цавæрдæр хъуыддаджы тыххæй куы æрбахаты æмæ йын мæ бон баххуыс кæнын куы нæ вæййы. Нæ районы цæрджытæ тынг бахъыгдард сты зæх-хæнкъуысты рæстæджы. Ныппырх сты сæ хæдзæрттæ. Нæ адæм та мæм фылдæр æрбахатынц хæдзар самал кæныны тыххæй. Фæлæ мæ фадæттæ уый нæ амонынц æмæ мæхæдæг дæр зæрдæрыстæй баззайын.

Æз зæгъин афтæ, æмæ Дзауы корпусты сырæзт кæй уыд рæдыд хъуыддаг. Уыцы хæдзæртты чи æрцард, уыдонæй алкæмæн дæр ис зæххы фадыг. Æмæ иууыл растдæр уыдаид, уыцы фатертыл цы æхцайы фæрæзтæ бахардз, уыдон сын сæхицæн радтын, æмæ ныртæккæ цы цæрæн метртæ райстой, ахæм метртæ сæхи зæххы гæппæлтыл сарæзтаиккой хæдзæрттæ æмæ ма сæ зæххытæ кусгæ дæр кодтаиккой.

– Дзæуджыхъæумæ фæндаджы былтыл æнæбары хæрæндæттæ æвидыц кæнынц фæндаггæрæтты æмæ нæ рæсугъд æрдзæн йæхи дæр. Сæ айсыны тыххæй исты куыст цæуы?

– Бынтон дзы чи ныппырх, уыдон ахафтам. Иннæты хицæуттæн дæр фехъусын кодтам, цæмæй сын сæ алыварс бафснайой. Махæн сæ ныхмæ исты сдзурыны фадат дæр нæй. Уымæн æмæ сæм ис æмбæлон документтæ.

– Афæдз æмæ æрдæджы бæрц æмгъуыды дæхицæн уæлдай æхсызгон чи уыд, ахæм хъуыддаг саразын цы бантыст?

– Исты саразын мын куы бантысы, уæд, æвæццæгæн, мæхицæй тынгдæр ничи фæцин кæны. Газ уагъд кæй æрцыд Дзакъулта æмæ Уыцыфарсмæ, уый уыд стыр хæрзиуæг. Цæрджытæн зын уыд суг амал кæнын æмæ тыхстысты. Зын мын уыд, Ручъы скъолайы бæстыхай ахæм уа-вæры кæй уыд, уый дæр. Хорз хъуыддаг уыд Фаллагфарсмæ хиды сырæзт дæр.

– Ацы аз сарæзтат Чъимасы донбыл улæфæн зонæ. Уый стыр хъуыддаг у. Нæ адæмæн фадат уыдис сæ сæрибар рæстæг арвитынæн. Ноджыдæр ма уæ фæндты ис фидæны ахæм улæфæн зонæтæ саразын?

– Чъимасы донбылæн йæ галиу фарс лæвæрд æрцыд кæмæндæрты. Фæлæ йæ мах райстам. Ныссыгъдæг æй кæндзыстæм æмæ дзы ноджыдæр сараздзыстæм ахæм бынæттæ. Фæлæ нæ адæмæй бирæтæ сæхæдæг дæр сыгъдæгдзинад кæй нæ хъахъхъæнынц, уый раст нæу. Бацæуынц, сæ рæстæг арвитынц æмæ сæ бырон сæ фæстæ ныууадзынц æмæ районы æмбæлон службæйы кусджыты бахъæуы сæ фæстæ ссыгъдæг кæнын.

– Зымæг нæ къæсæрыл ис, бæрзонд дæрддаг хъæуты та мит фылдæр ныууары. Цæттæ стут ацы здæхты зымæджы сезонмæ?

– Нæ къухты цы техникæ ис, уый алыхатт дæр цæттæ у, фæлæ нæ хатт бахъæуы фæрсæрдыгæй æххуыс дæр. Иу цæрæг хæдзар дæр ма кæм ис, уыцы хъæутæм дæр уайтагъд æрвыст æрцæуы нæ техникæ, цæмæй ма фæтыхсой æнæ фæндагæй. Афтæ хъуамæ уа æрбалæугæ зымæджы дæр.

      БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.