Фæстаг цалдæр къуыри æрмæст Уæрæсейы нæ, фæлæ бирæ æндæр бæстæты адæмтæ стыр цымыдисы æнкъарæнтимæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты Уæрæсейы Президент Владимир Путины æрвылазон пресс-конференцимæ, кæцы уыд 17 декабры. Пресс-коференци ахаста цыппар сахат æмæ æрдæг. В.Путин сдзуапп кодта 60 фарстæн. Пресс-конференци рауад цымыдисон, уымæн æмæ Путинмæ цы фарстатæ лæвæрдтой, уыдонæн сæ фылдæр уыдысты дунеон нысаниуæг кæмæн уыд, ахæмтæ.

Цалынмæ пресс-конференци нæ райдыдта уæдмæ дæр бирæ журна-листтæ, стæй йæм экранмæ чи каст, уыдон дæр хъуыды кодтой, зæгъгæ, пресс-конференцийы сæйраг бынат бацахсдзæнис азы райдианæй æнæхъæн дунейы чи апарахат ис, уыцы коронавирусы темæ. Æмæ афтæ дæр рауад. Фыццаг фарсты бар æрхауд владивостокаг журна-листмæ, кæцы В.Путины бафарста, зæгъгæ, дæ хъуыдымæ гæсгæ ацы аз цахæм уыд, хорз æви æвзæр.

Фарсты тыххæй В.Путин баны-сан кодта, зæгъгæ, уыдис дзы куыд æвæрццаг, афтæ мæгуырау хабæр-тæ дæр. Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, уыдис ма æндæр аскъуыддзагкæнинаг ахсджиаг фарстытæ дæр, фæлæ мæ алыварс чи кусы, уыдон æмæ регионты разамонджы-тæ æппæтмæ дæр разындысты цæттæ æмæ фарстатæ цыдысты скъуыддзаггонд.

«Ацы аз нæ разы цы стырдæр хæстæ уыдис, – зæгъы В.Путин, – уыдонæй иу уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæуæлахизы юби-лейон, 75 аз банысан кæнын æмæ йæ банысан кодтам цытимæ.

Дыккаг фарстæн та, ома, Уæрæсе куыд цæттæ уыд ахæм низы ных-мæ тох кæнынмæ, В.Путин банысан кодта, зæгъгæ, æндæр бæстæтæм абаргæйæ махмæ низ æрбацыд фæстæдæр. Уыдон дæр йæ ныхмæ тох кодтой æнтысгæйæ, фæлæ нæ Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад, стæй регионты разамон-джыты æххуысæй низы ныхмæ то-хы нæ къухы бафтыд хуыздæр æн-тыстытæ. Хосты рауагъд фæфылдæр кодтам дыууæ хатт æмæ сæрмагонд дарæс, маскъæты рауагъд та – ссæдз хатт. Уыимæ ма В.Путин банысан кодта, зæгъгæ, низы ных-мæ вакцина саразынмæ дæр мах æрывнæлдтам раздæр æмæ нын уыцы хъуыддаджы дæр ис æнтыстытæ.

Йæ фæзынды тыххæй та журналисттæй сæ иу В.Путины афтæ бафарста, зæгъгæ, коронавирус æры-мысгæ у æви нæ, ома, Америкæ Китайы аххосджын кæны, Китай та – Америкæйы…  

Ацы фарсты тыххæй, иннæ фарстытæм абаргæйæ, В.Путины дзуапп уыд комкоммæ æмæ цыбырдæр. Уый загъта, зæгъгæ, абон уыдæттыл хъуыды кæнын, уыдæттыл рæстæг хардз кæнын нæ хъæуы, хъæуы архайын, цæмæй рахизæм уавæрæй.

Уыд ахæм фарст дæр, зæгъгæ, фæфылдæр сты продуктты æргъ-тæ, куыст кæмæн нæй уыдон нымæц, фæцудыдта адæмы фæразондзинад, ацы фарстытæ рараст кæныны тыххæй  цы фæнд кæныс?

– Йæ фæрæзтæ кадавар кæмæн сты, ахæм æмбæстæгтæй иумæйаг фидтонтæ 13 проценты бæсты урæд цæудзæнис æрмæстдæр 6 проценты. Бæргæ сæ уый дæр куы нæ уромиккам, фæлæ абон нырма æндæр фадат нæй. Раст у, фæстаг азты фæфылдæр, чи нæ кусы, уыдон нымæц. Уыдонæн та уæдмæ фыст цы фæрæзтæ цыд, уыдон фæфылдæр кодтам.

Пресс-конференцийы рæстæджы В.Путины бафарстой, зæгъгæ, Донбассы уавæр кæд æрсабыр уыдæнис, æмæ кæд фæхуыздæр уы-дзысты Уæрæсе æмæ Украинæйы ахастытæ? Ам та В.Путин банысан кодта, æгъгæ, уый бирæбæрцæй баст у Украинæйы разамынадыл. Уæрæсейы разамынад ацы фарстытыл кусы, фæлæ фарстытæн нæй иуварсонæй аскъуыддзаг кæнæн æмæ хъуыддаджы ис къуылымпы-дзинæдтæ.

Ахæм темæйы фæдыл   ма  журналисттæй сæ иу бацымыдис кодта, зæгъгæ, Хæххон Карабахы Уæрæсейы фидауынгæнæг тыхтæ фæфылдæр уыдзысты æви нæ?

Ам та В.Путин загъта ахæм хъуыды, зæгъгæ, уавæр кæд фæкарздæр уа, нæ фидауынгæнæг тыхтæ æвзарой зындзинæдтæ, уæд æнæмæнг фæфылдæр уыдзысты.

Уыд ма ахæм фарст дæр, зæгъгæ, Молдоваг республикæйы ног сывзæрстгонд президент йæ фыц-цаг хæстæй иуыл нымайы, цæмæй Приднестроваг-Молдоваг республикæйæ аконд æрцæуой Уæрæсейаг æфсæддонтæ. Ацы фарсты тыххæй дæр В.Путины дзуапп уыд цыбыр æмæ цæхгæр. Уый загъта, зæгъгæ, мах дæр фæнды сæ ракæ-нын, фæлæ уал уæдмæ хъуамæ скъуыддзаг æрцæуой, цы скъуыд-дзагкæнинаг фарстытæ дзы ис, уыдон.

Ставрополаг къордæй цæгатирыстойнаг журналист та афтæ бафарста Путины, зæгъгæ, Цæгат Ирыстоны туризм райтынг кæнынæн ис хорз фадæттæ, фæлæ сæ æххæстæй пайда кæй нæ цæуы, уыцы уавæр кæд фæивдзæнис?

 В.Путин банысан кодта, зæгъгæ, фарсты фæдыл арæзт цæуы стыр проектон документтæ æмæ æххæст дæр æрцæудзысты.

                                                                        Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.