Мыхуыр æмæ информацийы комитеты дарддæр цæуынц «Æргом хицауады» фæлгæтты пресс-конференцитæ.

Ацы хатт паддзахадон-информацион фæрæзты  минæвæртты фарстытæн сдзуапп кодта Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Вахтанг.

Мамытаты Вахтанг журналисттæн радзырдта 2019 азы Цхинвалы районы фылдæр хъусдард цы фарстатæм здæхт уыд, цæрджыты царды æмвæзад бæрзонддæр кæныныл куыд куыстой, уыдæттыл.

«Ныртæккæ Цхинвалы районы территорийыл ис 15 хæууон администрацийы, хъæутæ та дзы ис 78. Ис нæм 11 иумæйаг ахуырадон скъолайы 10 ФАП æмæ 5 амбулаторийы. Сы-вæллæтты рæвдауæндæттæ нæм ис Къостайыхъæу æмæ Дменисы». Уый ма æрдзырдта, ныртæккæ район цæмæй цæры, цы арæзтад-тæ дзы цæуы уыдæттыл. Цалынмæ районы колхозтæ уыд, уæдмæ канд областы нæ, фæлæ ма Гуырдзыстоны дæр ифтонг кодта халсæрттæ, дыргътæ æмæ урсаджы хуызтæй дæр. Ныр районы хъæутæн сæ фылдæр сты æдзæрæг, ныппырх сты фæндæгтæ дæр. Фæлæ фæстаг 10 азы УФ-йы æххуыс æмæ нæ республикæйы  къухдариуæгады архайды фæрцы, йæ хуыз хорзæрдæм ивы район. Горæтæй Цхинвалы стырдæр хъæутæм арæзт æрцыд сосæвæндæгтæ, арæзт æмæ цалцæг цæуынц фæсвæд хъæутæм дæр, куыстæуы бирæ цардуагон фарстатæ скъуыддзаг кæныныл. Районы сæргълæууæг куыд зæгъы, аф-тæмæй уый архайы, цæмæй алы хъæумæ дæр сараза фæндæгтæ æмæ цæрджыты сифтонг кæна нуазыны донæй. Уый зæгъы, зæгъ-гæ, цалынмæ районы сæргълæууæгæй куса, уæдмæ сараздзæн æппæт дæр, цæмæй сæххæст уа йæ сæйраг бæллиц. Уымæн æмæ зоны, дон æмæ фæндаг цы хъæуы уа, уы-дæм æнæрбаздæхгæ нæ фæуыдзысты, чи сæ ацыд, уыдон фæдонтæ. Мамытаты Вахтанг зæгъы, уыимæ иумæ кæй кусдзыстæм хъæу-уонхæдзарадон кондад райтынг кæныныл, фермерон хæдзарадтæ æмæ хъæууон цæр-джытæн кусыны уавæртæ саразын, сæ царды æмвæзад сын бæрзонддæр кæныныл. Зæ-гъы, зæгъгæ, ныртæккæ районы  архайы 40 бæрц зæххкусæгон фермерон хæдзарады, уыдонæй бирæтæн ис хорз фæстиуджытæ хъæууонхæдзарады продукци æркæныны  хъуыддаджы.

Мамытаты Вахтанг æрдзырдта фосы æнæ-низдзинадмæ дæр æмбæлон хъусдард здæхт кæй цæуы, районы ветеринарон цæстдарды службæйæ. Цæмæй ма парахат кæной фосы низтæ, уый нысанæн ветеринарон дохтыртæ ацы аз, уалдзæджы райдианæй ауагътой хосгæнæн-профилактикон мадзæлттæ æн-дæр æмæ æндæр низты ныхмæ. Цалдæр аз фæд-фæдыл Цхинвалы районы мардысты фос, хуыты африкæйаг емынæ æмæ ставдкъах фосы модулярон дерматитæй. Ацы аз ауагъдæуыд вакцинаци, цыдæриддæр районы фос уыд, уыдонæн.

Районы сæргълæууæг ма радзырдта 2019 азæн районæн планы чи уыд, уыцы мадзæлттæй сын цы  саразын бантыст, уыдон тыххæй. Азы райдианы бакодтой Дампалет, Тъбет, Къусрет, Къохат, Андис æмæ Джеры хъæу-тæм донуадзæн куыстытæ. Районы хъæутæм æвзæр уавæры цы фæндæгтæ уыд, уыдон дæр цадæггай хæрзарæзт æрыдысты. Иууыл стырдæр куыст æрцыд Гудзабар æмæ Ног-хъæуы. Дыууæ хъæуы дæр арæзт æрцыд канализацитæ. Гудзабары хъæуы куыстытæ æмткæй фæуд сты, Ногхъæуы та – фæуынхъус. Ацы дыууæ хъæуы цæрджытæ рагæй тыхстысты æмæ сын ныр сæ тыхстдзинад аиуварс кæнын кæй бантыст, уый районы хицау банымадта стыр æнтыстыл. Техникæ фаг кæй нæй районы цæрæнуатон коммуналон хæдзарады, уый тыххæй вæййы чысыл къулымпытæ, зæгъæм, Дменисы хъæуы цы Культурæйы хæдзар арæзт цыд, уый бакъуылымпы цалдæр аз, ныр дыууæуæладзыгон райдзаст бæстыхайæн ифтонг у йæ фыццаг уæладзыг. Уымæ ацы мæйы кæронмæ бахæсдзысты инвентарь æмæ дзы æрбынат кæндзысты администрацийы кусджытæ.

Районы къухдариуæггæнæг ма æрдзырдта, цас тыхтæ хардз кæны, районы хъæуты, цæмæй брон калд ма уа, ууыл дæр. Дæнцæгæн æрхаста ацы аз Чысыл Леуахийы былгæрæттæ ныссыгъдæг кæныныл цас фæрæзтæ бахардз кодта, цæмæй адæм æдæрсгæйæ сæхи сæрды æнтæфбонты ирхæфстаиккой, фæлæ та уырдæм æхсæвыгон сæ арæзтадон брон баластой æбæрæг адæймæгтæ.

Дзырдта ма барадхъахъхъæнæг органты куыстыл дæр. Уыдон хъусдард, дам, здæхт у æхсæнадон фæтк æмæ æмбæстæгты æдасдзинад ифтонг кæнынмæ, фыдракæндтæ ма æруадзын æмæ раргом кæнынмæ. Районы цæрджыты тынгдæр цы фарстатæ тыхсын кæнынц, уыдоныл дзургæйæ банысан кодта, зæгъгæ, мах районы дæр актуалон у цæрæнуаты проблемæ. Ивгъуыд аз парти «Иууон Ирыстон»-ы фæрцы, цæрæн хæдзæрттæй хæсты рæстæджы чи бахъыгдард, уыдонæн ивд æрцыдысты сæ агъуыстытæ. Президенты фондæй дзы арæзт æрцыд цалдæр хæдзары. Фæлæ, уæддæр нырма бирæ ис тыхст адæм. Фæстаг азты, фæстæмæ, цæрынмæ, сæ рай-гуырæн къуыммæ æрæздæхтысты 69 адæймаджы бæрц. Администрацийы сæргълæууæг зæгъы, хæлд æмæ пырх хæдзæрттæ куы сырæзтаиккой, уæд  сæм ноджы фылдæр адæм кæй æрæздæхтаид æппынæдзух цæ-рынмæ.

2020 азыл дзургæйæ та Цхинвалы районы къухдариуæггæнæг загъта, кæй адарддæр кæндзысты хъæутæм фæндæгты æмæ доны арæзтадтæ. Районы иууыл стырдæр хъæ-тæй сæ иу Дменисы астæуккаг скъолайæн нæй спортзал, уымæ гæсгæ бацархайын хъæ-уы, цæмæй скъолайы кæрты сырæза, фæсивæды домæнтæн дзуапп чи дæтта, ахæм агъуыст. Азы райдианы ма среставраци кæндзыс-тæм районы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтарты номыл цы цыртытæ ис, уыдон се ‘ппæт дæр. Инвестпрограммæйы фæлгæтты ивд æрцæудзæн Хелцуа, Сатихъар, Наниауримæ цы  электрохæххытæ цæуы, уыдон цæджындзтæ. Районы дыууæ стырдæр хъæуы –  Дменис æмæ Къостайы хъæуы та хæр-зарæзт æрцæудзысты сывæллæтты хъазæн фæзтæ. Фæнд ма кæнынц Дæллаг Гудзабары фæндаг сасфальт кæнын дæр.

Цæрджыты хæрзиуæгæн хъуамæ ног аз Дменис, Сатихъар æмæ Хелцуамæ уагъд æрцæуа интернеты бастдзинад дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.