Фӕскавказы ӕдасдзинад ӕмӕ стабилондзинады фӕдыл женевӕйаг дунеон дискусситӕ уагъд цӕуынц 2008 азæй Гуырдзыстоны сабырадмӕ куы ӕркодтой, уый фӕстӕ Уӕрӕсейы президент Дмитрий Медведев ӕмӕ Францы президент Николя Саркозийы бадзырдмӕ гӕсгӕ. Женевӕйаг дискусситы куыстыл ацы аз сӕххӕст 15 азы ӕмӕ уый цытӕн «Спутник-Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры уагъд ӕрцыд видеоконференци Мӕскуы, Цхинвал ӕмӕ Сухумимӕ.

Спутникы мӕскуыйаг студийы хайад иста Федерацийы Советы Дунеон хъуыддӕгты фӕдыл комитеты сӕрдары фыццаг хӕдивӕг Владимир Джабаров, Сухумӕй – Абхазы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хӕдивӕг Иракли Тужба ӕмӕ Абхазы президенты цур Стратегион иртасынӕдты центры директор Вячеслав Чирикба, Хуссар Ирыстонӕй та – Президенты паддзахадон уынаффӕгӕнӕг Коцты Константин.

УФ-йы Федерацийы Советы минӕвар Владимир Джабаров куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы бӕстӕты хӕдбардзинад абон-сом нымад ӕрцӕудзӕн ӕмӕ Иугонд Нациты Организацийы сӕ бынат бацахсдзысты. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ ацы фарст бирӕбӕрцӕй баст у, Уӕрӕсе цы Сӕрмагонд ӕфсӕддон операци уадзы, уый фӕстиуджытыл. Уымӕн ӕмӕ уыцы ӕфсӕддон операцийы ӕвӕрд ис егъау идейӕ – ныгуылӕн дуне урӕд хъуамӕ ӕрцӕуа.

«Дунейы кӕдфӕндыдӕр кад кӕнынц, хъомысджын потенциал цы бӕстӕйӕн ис ӕмӕ йӕ позици чи хъахъхъӕны, ахӕм паддзахадӕн. Ӕмӕ, мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы хӕстӕ куы аскъуыддзаг кӕнӕм, уымӕй бирӕбӕрцӕй фӕивдзӕн уавӕр Уӕрӕсейы дӕр ӕмӕ йӕ фарсмӕ цы бӕстӕтӕ ис, уыдоны дӕр», – дзырдта уый.

Джафаровы хъуыдымæ гӕсгӕ нырыккон дунейы ӕнӕ интеграцийӕ цӕрын зын у. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕххуыс ӕрцӕуа Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазӕн, цӕмӕй Уӕрӕсеимӕ интеграцион процесстӕ фидар кӕной. Дарддӕр цымыдис кӕндзысты Белорусси ӕмӕ Евразиаг экономикон цӕдисы ӕндӕр бӕстӕтӕ дӕр.

Фӕдерацийы Советы минӕвар ныфс бавӕрдта, Уӕрӕсе кӕдфӕндыдӕр кӕй хъахъхъӕндзӕнис Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы интерестӕ. Банысан ма кодта, егъау нысаниуӕг кӕй дӕттынц Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстоны парламентаритимӕ ӕмгуыстадӕн. Мах, зӕгъгӕ, уӕ бӕстӕтӕм хорз ахаст дарӕм, куыд ӕххӕстбарджын партнертӕм, афтӕ.

Хуссар Ирыстонӕй хайадисӕг Коцты Константины ныхӕстӕм гӕсгӕ, Уӕрӕсейы ӕмӕ Хуссар Ирыстоны разамынад егъау хъусдард здахы дыууӕ бӕстӕты сабырад ӕмӕ ӕдасдзинады ифтонгады фарстатӕм. Женевӕйы уагъдцӕуӕг дискусситы архайдмӕ ма уӕлдай хъусдард здӕхт ӕрцыд ӕрӕджы Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг министрты фембӕлды рӕстӕджы. Бӕстӕты уӕлдӕр къухдариуӕгады ӕмӕ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады минӕвӕрттимӕ, фембӕлдтыты рӕстӕджы кӕдфӕндыдӕр дзырд цӕуы Женевӕйы дискусситы фарстыл. Уый, зӕгъгӕ, ноджыдӕр нысан кӕны, уӕрӕсейаг разамынад ӕмӕ дипломати ӕмӕ нӕ бӕстӕты сæргълæуджытæ цӕмӕ тырнынц, уый – сабырад, стабилондзинад ӕмӕ ӕдасдзинад ифтонг кӕныны нысаниуӕгджындзинад.

Женевӕйаг дискусситӕ ӕрмӕст боны фӕткы фарстатыл карз уынаффӕты бынат не сты, фӕлӕ ма сты ӕрвылбонон куыст, фӕрсты ‘рдыгӕй кусынц «тӕвд хахх»-ты тыххæй, ӕппынӕдзух дзырд цӕуы арӕнгӕрон сӕвзӕргӕ проблемӕтыл. Ӕмӕ уый та у Инциденттӕ ма ӕруадзын ӕмӕ сӕм хъусдард здахыны фӕдыл механизмты.

«Механизмты фӕлгӕтты куыст у ахсджиаг, уый руаджы оперативонӕй скъуыддзаг цӕуынц проблемӕтӕ ӕмӕ арӕнгӕрон районты стабилондзинад бӕстон цӕуы», – дзырдта уый.

Коцты Константины ныхӕстӕм гӕсгӕ, Женевӕйы дискусситы сӕйраг фарст у, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы ныхмӕ тыхӕй пайда кӕй нал ӕрцӕудзӕн, уый. Фӕлӕ Гуырдзыстон ӕппӕт амӕлттӕй дӕр йӕхи тылиф кӕны ацы документыл къухтӕ бафыссынӕй. Документы текст стыр хъарутӕй ӕмразы ӕрцыд.  Гуырдзиаг делегаци дӕр бафидар кодта, документыл йӕ къух кӕй бафысдзӕн, уымӕ йӕ цӕттӕдзинад, фӕлӕ цыбыр рӕстӕгмӕ нал сразы сты.

Хуссарирыстойнаг, абхазаг ӕмӕ уӕрӕсейаг коллегӕтӕ архайынц ацы куыст сног кӕныныл, фӕлӕ нырма сӕ къухы ницы фӕстиуджытӕ ӕфты.

Президенты уынаффӕгӕнӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Женевӕйы дискусситӕ уӕддӕр сӕ куыст дарддӕр кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ ӕдасдзинад ифтонг кӕнынмӕ сты здӕхт. Уый, зӕгъгӕ, у нӕ куысты сӕйраг предмет ӕмӕ дарддӕр уагъд цӕудзӕн ӕмӕ йын ӕнтыстджын аргъ цӕуы.

Республикӕ Абхазы президенты цур стратегион иртасынӕдты центры директор Вячеслав Чирикба та дзырдта, Гуырдзыстон Иугонд Нациты Организацийы Генералон Ассамблейы фӕзуатыл ӕнӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хайадистӕй кӕй архайы лигъдӕтты проблемӕйыл уынаффӕ кӕныныл. Мах, зӕгъгӕ, стӕм, цӕмӕй Абхаз, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕ хайад исой фарстыл уынаффӕ кӕныны, фӕлӕ Гуырдзыстон разы нӕу нӕ республикæты хайадистыл.

Уымӕ гӕсгӕ Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстон разы не сты Женевӕйы дискусситы рӕстӕджы лигъдӕтты фарстыл уынаффӕ кӕныныл.

Иракли Тужбайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, механизмты ӕдзухон куыстӕн хорз фӕстиуджытӕ ис, фӕлӕ, хъыгагӕн, нӕ архайы Абхазы. Куыст цӕуы, цӕмӕй ацы ахсджиаг формат архайын райдайа уым дӕр.

                               КЪӔБУЛТЫ Маринæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.