РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид йæхимæ райста Паддзахадон Думæйы депутат, парти «Иугонд Уæрæсейы» уæнг Адам Делимхановы. Фембæлд уыд депутаты инициативæмæ гæсгæ.

Райдианы Президент банысан кодта, зæгъгæ, ацы фембæлдæн аргъ кæнын хъæуы афтæ, куыд Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Цæцæны Республикæйы кæрæдзимæ æрбаввахсдæр кæныны радон къахдзæф.

«Мах кавказæгтæ стæм æмæ æмахастытæ аразын хъæуы афтæ, цæмæй уыдон пайда уой нæ адæмтæн. Цæцæны Республикæйы Сæргълæууæг Рамзан Кадыровимæ мах арæх дзурæм кæрæдзийы бæрæг кæныны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй. Ивгъуыд аз нæ республикæты культурæйы кусджытæ иумæ архайдтой культурон мадзæлтты, Республикæ Хуссар Ирыстоны 25-азы бæрæгбоны рæстæджы Цæцæны Республикæйы паддзахадон ансамбль абхазаг æмæ хуссарирыстойнаг паддзахадон ансамблтимæ гала-концерты иумæ ралæууыдысты сценæйыл», — загъта Тыбылты Леонид.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, дарддæр дæр хъæуы сæвзæргæ æмахастытæ фидардæр кæнын. Йæхи ’рдыгæй, Адам Делимханов Тыбылты Леониды адресыл загъта Цæцæны Республикæйы Сæргълæууæджы æмæ æппæт цæцæйнаг адæмы арфæйы ныхæстæ.

«Æз куы цыдтæн Хуссар Ирыстонмæ, уæд мæм Рамзан Ахматы фырт бахатыд, цæмæй дын йæ ныхæстæ фехъусын кæнон, зæгъгæ, цæцæйнаг адæм сæ сæргълæууæджы сæргълæудæй, куыд æппæт Уæрæсе, афтæ сты сæрмагондæй дæу æмæ хуссарирыстойнаг адæмы æвварс. Мах цæттæ стæм алцыдæр саразынмæ нæ адæмты фæрныгады æмæ фидæны æмахастыты тыххæй», — загъта уый.

Фембæлды рæстæджы ма уынаффæ кодтой нæ республикæты ’хсæн æмахастытæ сфидардæр æмæ рæзын кæныны фарстыты уæрæх спектры фæдыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.