БЫЦÆУТÆ АРÆНЫ ТЫХХÆЙ

Цæцæн æмæ мæхъæлы адæмты ‘хсæн арæнгæрон проблемæтæ райдыдтой Советон Цæдисы ныппырхы хæд фæстæ. Советон рæстæджы уыд Цæцæн-Мæхъæлы иугонд автономон республикæ. 1992 азы 4-æм июны Мæхъæлы къухдариуæгад расидт Уæрæсейы сконды Мæхъæлы республикæ. Уыцы рæстæджы Цæцæн та бахъавыдысты йе скондæй рахизынмæ. Уымæ гæсгæ субъектты ‘хсæн арæны проблемæтæ райдыдтой уайтагъд дæр. Фыццаг хатт дыууæ адæмы бадзырдтой 1993 азы. Уæд Мæхъæлы президент Руслан Аушев æмæ Цæцæны сæргълæууæг Джохар Дудаев къухтæ æрфыстой арæнтæ сбæрæг кæныны фæдыл бадзырдыл. Ногæй территориалон хъаугъатæ райдыдтой Цæцæны сæргъ Аслан Масхадов куы слæууыд, уый фæстæ. Фæлæ уæд сепаратистон Цæцæн æмæ федералон центры ‘хсæн хæстон конфликт цыдæр рæстæгмæ фæстæдæр æмгъуыдмæ аргъæвдта арæнты тыххæй быцæутæ. Дыккаг цæцæйнаг компанийы фæстæ, 2003 азы 10-æм марты, дыууæ республикæйы сæргълæуджытæ Ахмат Кадыров æмæ Мурат Зязиков къухтæ æрфыстой суагъæйыл, кæцы уыд 1993 азы райсгæ сразыдзинады хуызæн. Уыимæ ба-дзырдтæй иуы дæр фидар не ‘рцыдысты дыууæ республикæйы’хсæн ирд административон арæнтæ. 2012 азæй фæстæмæ территориалон проблемæтæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй куыста иумиаг къамис дыууæ республикæйы минæвæртты скондæй. Арæнты фарсты фæдыл конфликтон уавæртæ сæвзæрдысты 1997, 2005, 2008 æмæ 2013 азты.  2013 азы арæны тыххæй уавæр фæкарздæр Цæцæны сæргълæууæг Рамзан Кадыровы хъусынгæнинаджы фæстæ, цыран дзырдæуы, зæгъгæ, Сунжæйы æмæ Малгобекы районы дзæвгар территоритæ æххæст скондæй сты Цæцæны хай. Фæстаг хатт быцæу сцырын 2018 азы 24-æм августы, быцæуаг территориты Цæцæны тыхон структурæтæ сæ блокпосттæ сæвæрынмæ куы бафæлвæрдтой, уæд.  Арштыйы хъæумæ æввахс хъæды зонæйы фæзындысты Цæцæны арæзтадон техникæ æмæ тыхон структурæтæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ, уыдон æрба-цыдысты, æдзæллаг уавæрмæ цы фæндаг æрцыд, уый сцалцæг кæнынмæ. Ацы хъуыддаг мæхъæлон адæммæ сæвзæрын кодта æнæразыдзинад. Мæхъæлы хицауады ныфсæвæрдтытæм нæкæсгæйæ, сентябры райдианы цæцæйнаг аразджытæ æмæ тыхон структурæты кусджытæ æрмæст куыстытæ нæ адарддæр кодтой, фæлæ ма Сунжæйы районы мидæмæ бацыдысты 15 километры.

26-æм сентябры Мæхъæлы Магасы административон центры Сразыдзинадыл къухтæ æрфыстой Мæхъæлы сæргълæууæг Юнус-Бек Евкуров æмæ Цæцæны къухдариуæггæнæг Рамзан Кадыров дыууæ  республикæйы  ‘хсæн кæронмæ аскъуыддзагонд арæнты тыххæй, кæцымæ гæсгæ Грознæйы контролы бынмæ рахызтысты Теркы уæллаг (Надтеречный) районы хай æмæ Магас та райста Малгобекы районы арæны цур территори. Уыцы бон мæхъæлæттæ фыццаг хатт рацыдысты протестон акцимæ. Протестон акцийы хайадисджытæ ныфс æвæрынц даргъæмгъуыдон акцийæ. Сразыдзинадмæ гæсгæ фæрстæ бадзырдтой раст æмæ æмнысаниуæг территориалон баивдыл. Уыдон кæрæдзимæ лæвæрдтой 1890 гектары фæзуаты территоритæ. Уыимæ Сразыдзинады нысан не сты дыууæ республикæйы цæрæн пункттæ.  Мæхъæл æмæ Цæцæны ‘хсæн административон арæнтæ фæивыны тыххæй сразыдзинады райст, расайдта мæхъæлон æхсæнадæмы æнæразыдзинад. 4-æм октябры Мæхъæлы парламент Цæцæнимæ арæны тыххæй сразыдзинад куы сратификаци кодта, уæд мингай адæймæгтæ рахызтысты дзыллон протесттæм Мæхъæлы парламенты цурмæ сразыдзинады æппæт бадзырдтæ аивыны æмæ арæнты тыххæй референдум ауадзыны домæнтимæ. Се ‘вварс рахæцыд Мæхъæлы Конституцион тæрхондон дæр. Регионы фæстаг рæстæджы, æппынкъаддæрæй, дыууæ хатты цыдысты егъау змæстытæ. 26-æм сентябры бынæттон хицауады бахъуыд, æгæрыстæмæй, бæстæйы столицæйы Интернет ахицæн кæнын дæр, цæмæй адæммæ ма сидтаиккой уынгтæм рахизынмæ.

4-æм октябры протестгæнджыты æмæ Мæхъæлы сæргълæууæг Юнус-Бек Евкуровы хъахъхъæнынады ‘хсæн ныхмæлæуды рæстæджы æхстой уæлдæфы. Цæцæны къухдариуæггæнæг Рамзан Кадыров митинггæнджыты архайдтытæ банымадта æфхæрдыл æмæ сæм бартхъирæн кодта серьезон фæстиуджытæй, ома, хæст райдайынæй, уыдон сразыдзинадыл куынæ сразы уой, уæд. 7-æм октябры Магасы протестон акцийы хайад райс-той 30 мин адæймаджы, кæд æмæ республикæйы сæйраг горæты 9 мин адæймагæй фылдæр нæ цæры, уæддæр.

Сунжæйы район у конфликты бындур æмæ быцæутæ цæуыл фæуыдзысты, уый та рæстæг фенын кæндзæн.

Джиоты Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.