Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид хайад райста Цæцæны Республикæйы сæргълæууæджы инаугурацийы церемонийы. Уый тыххæй фехъусын кодта Президенты пресс-нымæрдар Гана Яновская.

Уый куыд зæгъы, афтæмæй нæ республикæйы делегаци, йе сконды Президенты администрацийы къухдариуæггæнæг Джиоты Алан æмæ Æдасдзинады Советы нымæрдар Плиты Анатоли, афтæмæй, Президент Тыбылты Леониды бæстæйы бæтсæйы сæргълæудæй, Цæцæны бæстæйы республикæмæ фæуазæг сты 5 октябры. Цæцæны сæргълæууæг Рамзан Кадыровы администрацийы нæ республикæйы президентыл сæмбæлд Цæцæны сæргълæууæг сæрмагондæй. Дарддæр республикæмæ æрцæуæг уазджытæ араст сты А.Шахбулатовы номыл Паддзахадон филармонийы бæстыхаймæ, цыран уагъд цыди Рамзан Кадыровы бæрнон бынаты слæууыны цытджын церемони.

Уазджыты æхсæн уыдысты Цæгат Кавказы Федералон Зылды субъектты къухдариуæггæнæг Федерацийы Советы уæнгтæ, вице-премьер Александр Хлопонин, Цæгат Кавказы хъуыыддæгты фæдыл УФ-йы Министрад æмæ Цæгат-Кавказаг федералон зылды Уæрæсейы Федерацийы Президенты æххæстбарджын минæварады минæвæрттæ, уыцы нымæцы Президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы Федералон Зылды Олег Белавенцев, йæ хæдивæг Андрей Шишкин æмæ политикæйы фарстыты фæдыл департаменты хистæр Андрей Галактионов. Уымæй дарддæр ма Рамзан Кадыровы инаугурацийы уазджытæ уыдысты дины æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Филармонийы бæстыхаймæ хæстæг Тыбылты Леонид байрай загъта Ахмæт Кадыровы – Цæцæны фыццаг президенты идæдз æмæ Цæцæны ныртæккæйы сæргълæууæг Рамзан Кадыровы мад Аймани Несийы чызг Кадыровайæн. Тыбылты Леонид уымæн раарфæ кодта йæ фырты райгуырæн боны сæраппонд æмæ йæ бæстæйы сæргълæууæгæй кæй сæвзæрстой, уый цытæн, æмæ загъта бирæ азты цæрæнбоны æмæ хæрзиуджыты фæндиæгтæ сæ хиуæттæ æмæ æввахс адæмæн.

Церемонийы рæстæджы залмæ æрбахастой дыууæ тырысайы – Цæцæйнаг æмæ Уæрæсейаг æмæ дыууæ конституцийы. Цæцæны парламенты спикер Магомед Даудов рахуыдта Кадыровы трибунæмæ республикæйы конституцимæ гæсгæ ард бахæрынмæ.

Йæ 40-азон юбилейы бон Рамзан Кадыров ард бахордта, Цæцæны Республикæйы Конституцийыл йæ къух æрæвæргæйæ æмæ официалонæй æрлæууыд Цæцæны Республикæйы къухдариуæггæнæджы бæрнон бынаты.

«Ард хæрын, Цæцæны Республикæйы сæргълæууæджы бартæ æххæст-гæнгæйæ кæй аргъ кæндзынæн æмæ хъахъхъæндзынæн адæймаджы æмæ æмбæстаджы бартæ æмæ сæрибардзинад, æххæст кæндзынæн Уæрæсейы Федерацийы Конституци, æххæст кæн-дзынæн æмæ хъахъхъæндзынæн Цæцæны Республикæйы Конституци, æууæнкджынæй лæггад кæндзынæн бирæнацион адæмæн», – загъта Кадыров.

Бæрнон бынаты æрлæууыны фæстæ Кадыровæн кодтой арфæтæ. Фыццаг ын чи раарфæ кодта, уыдон уыдысты нæ Президент Тыбылты Леонид, вице-премьер Александр Хлопонин æмæ ЦКФЗ-йы Уæрæсейы Президенты æххæстбарджын Олег Белавенцев.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, цæцæйнаг адæм, Кадыровæн та ногæй йæ бæрны республикæйы къухдариуæгад бабар кæнæйæ, сæ хъысмæт радтой æууæнкджын адæйма-джы къухтæм.

«Хуссар Ирыстоны дæу зонынц, куыд энергийæ хайджын разамонæг, куыд æппæрццаг фæзындтæ æмæ терроризмы алы хуызтимæ принципиалон тохгæнæг, афтæ, – загъта Тыбылты Леонид.  Нæ республикæйы дæ кад тынг сырæзт 2008 азы августы, ды тугæрхæмттæ Хуссар Ирыстонмæ махмæ æххуысмæ цæцæйнаг æфсæддон дæлхæйтты куы æрæрвыстай, уæд. Уыдон фыццæгты æмрæнхъ æрхæццæ сты Республикæмæ. Уый фæстæ азты дæр ды бирæ хъарутæ бахардз кодтай мæ бæстæйы экономикæ сæндидзын кæныны сæраппонд, Хуссар Ирыстонмæ аразджыты бригадæтæ æрвитгæйæ».

Тыбылты Леонид йæ раныхасы банысан кодта, дыууæ республикæйы æхсæн ахастытæ кæй рæзынц литературæ, культурæ æмæ аивады къабазы дæр.

«Залы бадджытæй бирæтæ, æвæццæгæн хъуыды кæнынц нæ паддзахадон ансамблтæ «Вайнах» æмæ «Симд»-ы иумæйаг концерттæ ам Грознæйы æмæ Цхинвалы дæр, мах нæ Республикæйы сырæзты 25 азы куы æххæст кодтам, уæд», – загъта Тыбылты Леонид.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæнад æргом æх-цондзинадимæ йæ хъус дары æфсымæ-рон Цæцæны ивындзинæдтæм.

«Мах цин кæнæм уемæ иумæ, дæ разамынады фæрцы цæцæйнаг адæмы къухы чи бафтыд, уæ уыцы æнтыстытыл, – банысан кодта Тыбылты Леонид. – Зæрдиаг афæтæ дын кæнæм, æмæ нæ фидарæй уырны, ды цы удыхъаруйы æмæ принципиалондзинады хицау дæ, уыимæ дарддæр дæр æппæт хъарутæ кæй æвæрдзынæ уæ Республикæйы социалон-экономикон рæзты темптæм æфтаугæйæ. Дæуæн баззади куырыхондзинад æмæ принципиалондзинад, бæрзонд патриотизм æмæ æцæг арæхст дæ фыдæй, Цæцæны фыццаг президент Ахмат-Хаджи Кадыровæй. Уыимæ æз æввахс зонгæ уыдтæн, æмæ уымæй æз сæрыстыр уыдзынæн мæ цæрæнбонты. Растдæр уыцы миниуджытæ стыр кад æмæ адæмы æнæцæстмæхъус уарзондзинад Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгады æххуысимæ иумæ дæуæн радтой фадат, цæмæй къухы бафтыдаид цæсты ахадгæ æнтыстытæ Республикæйы сæндидзын æмæ рæзын кæныны хъуыддаджы. Уый у де нæрынцой куыст æмæ æппæт адæмы æмзæрдæдзинады фæстиуæг».

Тыбылты Леониды ныхæстæм гæсгæ, Цæцæны республикæйы сæйраг горæтмæ æрхауд тынг уæззау хъысмæт. «Грознæ бирæ зындзинæдтæ федта йæ уæвынады дæргъы, – загъта президент. – Абон æппæт бæстæ у æвдисæн, Республикæ йæ хуыз куыд ивы, уымæн, æмæ йæ сæйраг сахар Грознæ та, раст Фениксау, сыстад æртхутæгæй, æмæ абон нымад у Уæрæсейы рæсугъддæр горæттæй иуыл».

Президент банысан кодта, зæгъгæ, «Тынг символикон у, инаугурацийы церемони, куыд ахсджиаг политикон мадзал, афтæ кæй æрхауд горæт Грознæйы Бон æмæ Рамзан Кадыровы 40-азон юбилейы бонмæ.

Зæрдиаг арфæ дын кæнын, Цæцæны Республикæйы сæргълæууæджы бæрн дæхимæ кæй райстай, уый цытæн, – банысан кодта президент, йæ ныхас Кадыровмæ аздахгæйæ. – Æз мæ арфæйы æмæ мæ иууыл хуыздæр фарны, амонды, хæрзиуджыты фæндиæгтæ хæлар кæнын дæуæн æмæ кадджын горæт Грознæйы æппæт цæрджытæн, æппæт уæ республикæ æмæ æппæт бæстæйæн – Уæрæсейæн».

Йæхи рады, ЦКФЗ-йы Уæрæсейы Федерацийы президенты æххæстбарджын минæвар Олег Белавенцев дæр банысан кодта Цæцæны сæргълæууæджы архайды нысаниуæг регионы размæцыды, йæ экономикæйы сæндидзын кæныны, æппæт Кавказы сабырдзинад æмæ фарн бахъахъхъæныны хъуыддаджы.

Рамзан Кадыровæн раарфæ кодта Цæгат Ирыстон-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Битары фырт банысан кодта, зæгъгæ, Рамзан Кадыровы сæргълæуды фæрцы «Грознæ йæ хуыз тынг фæивта æмæ сси Уæрæсейы Хуссары рæсугъддæр горæттæй иу».

«Бирæнацион Цæгат Ирыстон-Аланийы Республикæйæн йæ сыхаджы æн-тыст  хорз нысан у, æмæ æвдисæн у, Цæгат Кавказ стыр фадæтты, хорз фæндиæгты æмæ æвæрццаг ивддзинæдты регион кæй у. Æппæты сæйрагдæр у – Цæгат Кавказы Федералон зылды æп-пæт субъектты цæрджыты хæларæй, сабырæй æмæ фидыдæй цæрыны фæндондзинад. Иумæйаг хъаруты фæрцы мах хъуамæ бахъахъхъæнæм нæ хæлардзинад, фарн æмæ разыдзинад, уымæн æмæ уый у йæ бындур экономикон æмæ социалон стабилондзинадæн куыд нæ регионы, афтæ æппæт Уæрæсейы дæр», – банысан кодта регионы разамонæг æмæ æппæт Цæцæны адæмæн загъта циндзинады, хæрзиуæджы æмæ цардарæзты фæндиæгтæ.

Уый фæстæ Президент Тыбылты Леонид Рамзан Кадыровæн йæ 40-азон юбилейы цытæн балæвар кодта къухæйконд хæстон фат æмæ æрдын.

Рамзан Кадыров республикæйы сæргъы слæууыд комкоммæ æвзæрстыты фæстиуæгæн. Раздæры дыууæ æм-гъуыд, 2007 æмæ 2011-æм азты уымæн йæ кандидатурæ фидаргонд цыди республикæйы парламенты Уæрæсейы Федерацийы президенты æрбавдыстмæ гæсгæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.