Бӕхылбадыны спортӕй Иугонд Арабаг Эмиратты дыууӕ мӕйы дӕргъы цы дунеон Гран-при ерыстӕ цыди, уым фесгуыхт ирон барæг ТУГЪАНТЫ Владимир.

Тугъаны-фырт бирӕ азты дӕргъы бӕхыл­бадыны спорты цӕлхдурты сӕрты гӕпгӕнынӕй у Уӕрӕсейы иугонд командӕйы фидардӕр цӕджындз.

Кӕд ӕрыгон нал у, уӕддӕр абоны онг у нӕ бӕстӕйы тыхджындӕр барджытӕй иу. Йӕ дӕсныдзинад ӕмӕ физикон цӕттӕдзинад, йӕхицӕй зынгӕ кӕстӕр чи у, уыцы барджытӕй цауддӕр кӕй нӕу, уый та Тугъаны-фырт ногӕй равдыста, Абу-Дабийы цы ерысты архайдта, уыдоны.

Владимир ерыс кодта ӕртӕ хуызӕй ӕмӕ ӕртӕйы дӕр сси уӕлахиздзау. Ерысты архайдта дыууӕ бӕхыл бадгӕйӕ. Йӕ фыццаг бӕх Саспенс Флоревалимӕ рамбылдтой Гран-при турниры сӕйраг приз. Ӕппӕт цӕлхдурты сӕрты дӕр йӕ бӕхимӕ дугъы не ‘руагътой иу рӕдыд дӕр ӕмӕ равдыстой ӕппӕты хуыздӕр рӕстӕг 46,60 секунды. Уымӕй уӕлдай ма, йӕ иннӕ бӕх Тулумимӕ рамбылдтой дыууӕ дугъы, 150 см бӕрзӕнд цӕлхдурты сӕрты гӕпгӕнгӕйӕ.

Ацы ӕнтыстытӕ Тугъанты Владимирӕн бар дӕттынц Европӕйы чемпионаты архайынӕн. Куыд зонӕм, афтӕмӕй та Европӕйы чемпионаты ерыс цӕудзӕн Олимпиаг хъӕзтытӕм балцӕттӕ райсыныл дӕр.

Нӕ таурӕгъон барӕг Ту­гъанты Владимирӕн нӕ зӕрдӕ зӕгъы ноджы стырдӕр ӕнтыстдзинӕдтӕ!

Газет «Рæстдзинад»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.