Нӕ чысыл Ирыстонӕн йӕ ном дардыл айхъуыст, бирӕ номдзыдты кӕй схъомыл кодта, уымӕй; зындгонд у йӕ спортсментӕй, сӕрыстыр у се ‘нтыстытӕй. Спорты ахадындзинад та бонӕй-бон уӕрӕхдӕр кӕны. Ныридӕгӕн иттӕг хорз ӕнтыстытӕ ис нӕ ӕрыгон богалтӕн, футболисттӕн, боксёртӕн. Уыцы ӕнтыстыты тых сӕ ноджы тынгдӕр разӕнгард кӕны, цӕмӕй аккагӕй хайад исой дунейы бирӕнымӕц турнирты, ерысты, чемпионатты. Ахӕм спортивон мадзӕлтты фӕрцы уыдон кӕнынц ныфсджындӕр, тыхджындӕр, фӕлтӕрдджындӕр.

Бокс хӕрзчысылӕй йӕхимӕ кӕй балвӕста, уыдонӕй иу у Кокойты Эдуард. Райдианы Эдикӕн спорты ацы хуыз бауарзын кодта йӕ дзӕнӕттаг фыд, Гуырдзыстоны ССР-йы 13 хатты чемпион, Хуссар Ирыстоны сгуыхт тренер ӕмӕ физкультурӕйы сгуыхт кусӕг, райгуырӕн Ирыстоны патриот Кокойты Джабо. Уый йын ӕмбарын кодта боксы нысаниуӕг стыр спорты, ӕргом ын кодта спорты ацы хуызы сусӕгдзинӕдтӕ, йӕ чысыл миддунейы йын гуырын кодта удварн ӕмӕ ӕцӕг нӕртон гоймаджы миниуджытӕ. Ирон лӕгӕн тох кӕнын, ныхмӕ лӕууын йӕ туджы ис ӕмӕ Эдик дӕр ӕнцонтӕй цайдагъ кодта боксыл, кӕд-иу бирӕ хатт хӕдзармӕ цъӕхтӕй ӕрбацыд, уӕддӕр. Ӕнӕзивӕгӕй лыгъд тренировкӕтӕм, уӕхскуӕзӕй куыста йӕхиуыл ӕмӕ… мӕнӕ фыццаг хорзӕх! Боксмӕ йӕ тырнынад фертывӕр ӕмӕ аленк кодта спорты стыр ӕмӕ тыхджын фынккалгæ уылӕнтыл.

– Бирӕ уарзы бокс. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ныртӕккӕйы дуджы сӕйрагдӕр ахуырдзинад у, фӕлӕ Эдикӕн фыццаг бынаты кӕддӕриддӕр ис бокс. Гӕнӕн ис, ӕмӕ тренировкӕйы тыххӕй уроктӕм дӕр ма ацӕуа, цӕмӕй йӕхиуыл фылдӕр бакуса. Йӕ тренертӕ Тедеты Алик ӕмӕ Бестауты Чермен дзы райгонд сты, ӕвӕрынц дзы стыр ныфс. Уыдӕттӕ та йӕ ноджы тынгдӕр разӕнгард кӕнынц спорты уӕлдӕр ӕнтыстытӕм, – зӕгъы Кокойты Эдикы мад Тедеты Рита. –  Ныртӕккӕ тренировкӕ кӕны Дзӕуджыхъӕуы. Тынг архайы йӕхиуыл, ӕппӕт тыхтӕ дӕр радта боксӕн ӕмӕ ӕз дӕр балӕууыдтӕн йӕ фарсмӕ  цыдӕриддӕр хъӕуы, ницы цух ӕй уадзын. Йӕ чысылӕй фӕстӕмӕ у рӕстаг. Лӕппу лӕппу у, ӕнӕ фӕхыл нӕ фӕвӕййынц, фӕлӕ цӕмӕдӕр гӕсгӕ Эдик фылдӕр хатт вӕййы иргъӕвӕг  нӕ быхсы исчи искӕмӕ тызмӕгӕй дзура, ӕфхӕра йӕ. Иргъӕвӕгыл фылдӕр цӕфтӕ кӕй сӕм-бӕлы, уый та ирон лӕгӕй хуыздӕр чи зоны (худы).

Кокойты Эдик ахуыр кӕны нӕ горӕты №5 скъолайы 10 къласы. Рӕзы ныфсхаст, ӕгъдауджын ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕстӕрӕй. Йӕ фыды бӕллицц уыд, цӕмӕй уый дӕр йӕ иннӕ фырт, Советон Цӕдисы хуыздӕр боксёртӕй иу, ныр дзӕнӕттаг Кокойты Вадимау суа номдзыд боксёр, ӕмӕ уыцы фидар фæндыл бындуриуæггæнгæйæ Эдик дӕр зындзинӕдты сӕрты лæгæрды ӕнӕфӕцудгӕйӕ, иу ӕнтысты къӕпхӕнӕй иннӕмӕ хизы фӕндвидарӕй. Ӕрыгон боксёры куы бафарстон, чемпионтӕй дӕ кӕй хуызӕн фӕнды суӕвын фидӕны, зӕгъгӕ, уӕд мын ахӕм дзуапп радта: «Никӕйы. Мӕн фӕнды бауырнын кӕнын мӕхицӕн: зӕрдӕйӕ дӕ куы фӕнда, уӕд цыфӕнды ӕнтысты бӕрзӕндмӕ дӕр схиздзынӕ, ӕрмӕст хъуамӕ ӕнувыд уай дӕ хъуыддагыл, райдианӕй кӕронмӕ архайай ӕппӕт тыхтӕй дӕр – уый у алы тохы ӕнтыст дӕр, уый у царды фидар фӕтк».

Кӕд Кокойты Эдик бӕрзонд спорты уӕрӕх фӕндаджы ӕмбисмӕ дӕр нӕма бахӕццӕ, уӕддӕр ын ис бирӕ хорзӕхтӕ: кубоктӕ, майдантӕ, кады гӕххӕттытӕ, фӕлӕ, йӕхи хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыдон уадиссаг ницы сты. Ӕрыгон спортсмены фӕнды, цӕмӕй сӕххӕст уа йӕ фыды стыр бӕллицц – суӕвын дунейы чемпион. Ахӕм хъазуатонӕй куы архайа, уӕд ын ӕнтысгӕ дӕр бакӕндзӕн.

Нӕ зӕрдӕ йын зӕгъы, цӕмӕй йӕ фыд Кокойты Джабо ӕмӕ йе ‘фсымӕр Вадимӕй цы фӕцух ис, уый йыл царды хæрзиуджытæй, спортивон ӕнтыстытӕй æфта дывӕрӕй ӕмӕ бахъомыл уа йӕ мад Тедеты Ритӕйы фӕндиаг – ӕцӕг ирон лӕгӕй.

Коцты А. 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.