Абоны фæндырдзæгъдджытæм куы фæхъусæм, сæ рæсугъд æмæ аив цагъдæй нæ уæлтæмæны базыртыл куы сисынц, уæд сыл фæцин кæнæм æмæ сын æхсызгондзинады æнкъарæнтимæ фæарфæтæ кæнæм. Фæлæ зæгъын хъæуы уый, æмæ арфæтæ æмæ бузныджы ныхæстимæ иумæ хъуамæ нæ зæрдыл дарæм æмæ хъуыды кæнæм, уыцы аивады фыццаг бындурæвæрджыты, зæрдæхцон уацмыстæ сфæлдисын кæй къухты бафтыд, уыдоны дæр.

Ирон фæндырыл йæ диссаджы уацмыстæ чи сфæлдыста, йæ къухты айстæй йæхимæ адæмы чи æркæсын кодта, байхъусынмæ тыгуыртæ кæуыл кодтой æмæ зæрдиагæй кæй цагъдмæ хъуыстой, æнæхъæн Ирыстон æмæ Кавказы адæмтæн дæр уарзон æмæ номхæссæн чи сси, уый уыд Мерденты Хъайсын. 19-æм æнусы æмбисы йæ ном дардыл айхъуыст ирон диатоникон хъандзал фæндырæн, уæрæх дзыллæты ‘хсæн сси зындгонд æмæ бацахста иууыл сæйрагдæр бынат Ирыстоны музыкалон царды. Адæмон фæндырдзæгъдджытæ сæ хъусдард лæмбынæг аздæхтой ацы диссаджы уадынгарзмæ æмæ 20-æм æнусы райдианы Кавказы æрбиноныг фæндыры цалдæр хуызы. Зæгъын хъæуы, фæндыр раздæр азты нымад цыд сылгоймæгты уадынгарзыл æмæ чызджыты  ахуыр кодтой 7-8-аздзыдæй фæстæмæ. Фæлæ рæстæджы цыдимæ иумæ ирон хъандзал фæндыр аккаг бынат бацахста нæлгоймæгты царды дæр. Ныртæккæ нæм ис, сæ ном хъуыстгонд кæмæн сси, ахæм фæндырдзæгъдджытæ, адæмон инструментты оркестртæ, ансамблтæ æмæ сæ аивад у зæрдæзæгъгæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, алы стыр хъуыддагæн дæр вæййы ногдзаутæ, фæндаггæрдджытæ. Фæндырæн дæр уыд, уд дзы чи бауагъта, йæ цагъдæй адæмæн йæхи чи бауарзын кодта, ахæмтæ, æмæ уыдоны фæрцы абон аккаг бынат æрцахста нæ царды. Уыдонæй иу уыд Елхоты хъæуккаг Мерденты Хъайсын, райгуырд 1881 азы. Хъайсын æрдзæй æфхæрд баййæфта, 9 азы йыл куы цыд, уæд фæрынчын фадынæгæй æмæ арвырухс нал уыдта. Кæд æрдзæй æфхæрд баййæфта, уæддæр æй барæвдыдта фæндыры амондæй. Уый уыд тынг курдиатджын хæдахуыр фæндырдзæгъдæг, уыд йæ адæмы монон хъæздыгдзинадхæссæг. Йе сфæлдыстадимæ йын зонгæ уыдысты Дагъыстан, Краснодар, Ставропол, Цæцæны адæмтæ. Схъомыл кодта, Цæгат Ирыстоны республикæ æмæ Кавказы дæр зындгонд чи сси, ахæм фæндырдзæгъдджытæ, уыцы нымæцы Цæгат Ирыстоны сгуыхт артисттæ, æфсымæртæ Точиты Барис æмæ Эльбрус, Мамиаты Замирæ. Сæхи йæ ахуыргæнæгыл нымадтой Ходты Надя, УФ-йы сгуыхт артисткæ Дзеранты Венерæ, Цæгат Ирыстоны сгуыхт артисткæ Калманты Земфирæ. Хъайсын æххæст кодта уæды рæстæджы зындгонд цæгъдтытæ. Дæсны фæндырдзæгъдæг æмæ æгæрон курдиаты хицау Хъайсыны 20-30-æм азты агуырдтой зындгонд музыкалон архайджытæ Е. Колесников, В. Долидзе, В. Шапошников æмæ æндæртæ. Сæ зæрдиаг æмæ æвæллайгæ архайды фæрцы нæм æрхæццæ сты дæсны фæндырдзæгъдæджы диссаджы уацмыстæ «Замирæ», «Хъайсыны цагъд».

Зындгонд фæндырдзæгъдæджы ном сæнусон кæныны тыххæй йæ номыл вæййы конкурс. Фыццаг республикон конкурс уагъд æрцыд 1996 азы апрелы мæйы ахæм номимæ: «Фæндыры зæлтæ». Конкурсæн йæ нысан у ног курдиæттæ раргом кæнын æмæ дзы уæд хайад райстой 350 æрыгон фæндырдзæгъдæджы. Дыккаг конкурс та ауагъдæуыд 1997 азы æмæ дзы уæддæр хайад райстой дзæвгар æвзонг æххæстгæнæджы, ахæм конкурс уагъд цæуы абоны онг дæр.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.