СТЪОЛЫ ТЕННИС

Хуссарирыстойнаг теннисисттæ систы Цæгат Кавказы Федералон зылды чепионаты командон ерысты бронзæйон призертæ. Ерыстæ уагъд цыдысты Кæсæг-Балхъары. Сæ тыхтæ фæлвæрдтой Дагъыстан, РЦИ-Алани, Стъараполы край, Кæсæг-Балхъар æмæ Хъæрæсе-Черкесийы тыхджындæр теннисисттæ. Хуссарирыстойнаг спортсментæ Бекъойты Эдвард, Кокойты Амандæ æмæ Джиголаты Дианæ архайдтой РЦИ-Аланийы æмбырдгонд командæйы сконды. Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Джиоты Мириан куыд банысан кодта, афтæмæй нæ спортсментæ командон хыгъды бронзæ майдантæ кæй райстой, уый у хорз æнтыст.

«Афтæ никуы ма уыдис æмæ Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионаты чызджыты æмæ лæппуты командæтæ дæр уыцы иурæстæджы бацахсой призон бынæттæ», – банысан кодта Джиоты Мириан.

Хуссарирыстойнаг спортсмен-ты ерыстæм бацæттæ кодтой Джиоты Мириан æмæ Уалыты Иринæ.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Красноярскы уагъд æрцыд Дмитрий Миндиашвилийы хъæбысхæсты академийы призтæ рамбулыны сæраппонд турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Уый у UWW рейтингон турнир «Гран-при Иван Ярыгин-2019»-æм æвзарæн турнир.

Ирон хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинæгтæй турниры уæлахиздзаутæ систы Зассеты Алан (79 кг) æмæ Кцойты Сослан (86 кг). Бронзæ майдантæ та рамбылдтой Уалыты Чермен (70 кг), Гæззаты Батраз (92 кг) æмæ Хуыбылты Хъазбег (125 кг).

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Уалыты Черменæн лæвæрд кæй æрцыдис «Гран-при Иван Ярыгин-2019»-ы хайад райсыны бар. Афтæмæй 8 ирон богалы хайад райсдзысты ацы рейтингон турниры. Уыдон та сты  Байты Давид (70 кг), Уалыты Чермен (70 кг), Си-дахъты Зауырбег (74 кг), Зассеты Алан (79 кг), Уалыты Владислав (86 кг), Кцойты Сослан (86 кг), Цæкуылты Батырбег (92 кг) æмæ Байцаты Владислав (97 кг).

 

БÆХЫЛХЪАЗТЫ СПОРТ

Барæг Тугъанты Владимир æмæ йæ бæх Квалидам 4-æм бынат бацахстой Абу-Дабийы конкурсы цыппарстъалыйон турниры. Уыдон равдыстой 39,8 секунды бæрæггæнæн.

Æдæппæтæй маршруты хайад райстой 47 къайы æмæ сæ æрмæстдæр 7 рацыдысты æнæ рæдыдтытæй.

Хуриты Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.