Горæты администрацийы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй кæронмæ бахæццæ, Цхинвалы районы Ирыхъæуы бронкалæн полигоны арæзтад. Ацы полигон арæзт цыд дыууæ этапæй, Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Проектæн хицæн æрцыд 165 милуан сомы.

Цалдæр азы брондоны проблемæ ахсджиаг фарст уыд нæ республикæйы. Горæты алыварс фæзындысты цалдæр æнæзакъонон брондоны. Горæтмæ хæстæг, Къуернеты цы брондон уыд, уый та зиан хаста экологийæн. Ныр уыцы брондон æхгæд æрцæудзæн æмæ ног полигон та скусдзæн æппæт хъомысадæй.

Полигонæн йæ фыццаг этап арæзт æрцыд 2019 азы. Скъахтой егъау котлован, цыран брикетгондæй æвæрд цæудзысты брæтты хъæбæр згъæлæнтæ.

Дыккаг этапы арæзтадмæ хаудта, хицæнæй хъæбæр цардуагон брæттæ прессгонд кæм хъуамæ цæуой, ахæм фæзуат саразын. Уыцы фæзуат дæр арæзт æрцыд броны полигоны фарсмæ. Ныр ацы фæзуаты цы уæрæх ангар ис, уырдæм ласдзысты зæронд телевизортæ, уазалгæнæнтæ, фæйнæджы лыггæгтæ, æфсæйнаджы гæбæзтæ æмæ æндæр ахæм згъæлæнтæ. Уыдон сæрмагонд техникæйы руаджы прессгонд цæудзысты æмæ сæ афтæмæй ныгæндзысты полигоны уæрмы.

Горæты администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй полигон эксплуатацимæ радтынмæ цæттæ у. Йæ территорийыл æвæрд æрцыд вагæттæ персоналæн. Уагъд сæм æрцыд электрохахх æмæ æхсæвыгон дæр рухс уыдзæн полигоны алфæмблай. Бацæуæнтæ æрцыдысты асфальт. Полигоны эксплуатацийы æмгъуыд у 25 азы, фæлæ специалисттæ куыд амонынц, афтæмæй згъæлæнтæ пресс кæныны фæзуат кæй сырæзт, уый руаджы зынгæ фылдæр азтæ фæлæггад кæндзæн полигон. Уымæн æмæ бритекеткæныны руаджы канд бынат нæ экономи кæндзæн, фæлæ ма алфæмблай уæлдæф дæр нæ чъизи кæндзæн. Полигоны уæлцъар йæхæдæг æмбæрзт у сæрмагонд мембранæйæ, цæмæй чъизи дæттæ хæццæ кæной зæххыбын дæттæм.

Брондон Ирыхъæуы арæзт кæй цыд, уый бирæтæм æвзæрын кодта æнæразыдзинад, æрдзæн, зæгъгæ, зианхæссæг уыдзæн, стæй йæм, зæгъгæ, цæрæн пункттæ дæр хæстæг сты. Фæлæ броны утилизацийы проектимæ куы базонгæ сты, уæд бамбæрстой Европæ æмæ Уæрæсейы дæр ныртæккæ цы броны полигонтæ арæзт цæуы, уыдо-нæн дæр сæ 80 проценты ахæм проектмæ гæсгæ арæзт, кæй сты.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.