Фæстаг азты дунейы сарæх сты мадзæлттæ, цыран фæсивæды активисттæ сидынц æрдзы сыгъдæгдзинадмæ. Пластикон мигæнæнтæ æмæ целофанæй пакеттæ адæймагадæн цы фыдбылызтæ хæссынц, ууыл арæхдæр дзурынц медиктæ æмæ экологтæ дæр. Хуссар Ирыстоны дæр актуалон у ацы фарст. Æхсæнады минæвæрттæ се ‘нæразыдзинад равдисынц æнæмбæлон бынæтты цардуагон брон чи калы, уыдон ныхмæ. Сæрды мæйты æрдзы хъæбысы æмæ донбылгæрæтты улæфджытæ цы брæттæ ныууадзынц, уыдоны арæх ныссыгъдæг кæнынц фæсивæды организацийы минæвæрттæ.

Нæ республикæйы æрæджы фæзынд экологион организаци «Зеленая Алания». Уый нырма кæд æрыгон организаци у, уæддæр, ын ныридæгæн ис æнтыстытæ. Иуæй-иу скъолаты кæртыты, афтæ нæ горæты Хуыбылты Валерийы номыл улæфæн парчы дæр, ацы организацийы уæнгтæ ныссагътой талатæ. Æрæджы та «Зеленая Алания» бамбал ис æппæтдунеон акцимæ, кæцыйы æрсидтысты, цæмæй адæм ма пайда кæной пластикон мигæнæнтæй. Ныртæккæ Цæгат Кавказы æппæт регионтæ дæр æрбаиу сты ацы акцимæ. Аразынц алыгъуызон мадзæлттæ, цыран активисттæ пропагандæ кæнынц эко-хъуымацæй хызынтæй пайда кæнын. Активисттæ куыд нымайынц, афтæмæй целофанæй  пакеттæ хъуамæ ивд æрцæуой хъуымац æмæ гæххæттæй хызынтæй. Уый зиан нæ хæсдзæнис адæймаджы æнæниздзинадæн, аннæмæй хъахъхъæд цæудзæн æрдзы экосистемæ. Ныртæккæ та нæ алфæмблай йедзаг у пластикон мигæнæнтæ æмæ целофаны пакет-тæй. Уыдон иуæй ныгæд нæ цæуынц, стæй зæххыбын дæр æмбигæ нæ кæнынц.

«Зеленая Алания»-йы сæргълæууæг Габайты Залинæ куыд зæгъы, афтæмæй: «Иу экохъуымацæй хуыд хызын æрдз фервæзын кæндзæнис сæдæ пакеттæй. Ома, хызынæй пайдагæнгæ æрдзмæ калд нал цæудзысты целофаны пакетæ, æмæ Ирыстоны уыдзæн чысыл сыгъдæгдæр экологи. Мах сфæнд кодтам хъуымацæй хызынтæ бахуыйын, уыдон бахæсдзыстæм цалдæр магазинмæ, уадз, целофаны пакеты бæсты фæлхасгæнæг йæ продукттæ нывæрæт, экологион æгъдауæй æдас чи у, ахæм хызыны. Ахæм хызын дæ куынæуал хъæуа, уæддæр зæххы бын æнцонтæй бамбидзæнис. Мах афтæ нæ зæгъæм, цæмæй нын æнæмæнг нæ хызынтæ æлхæной. Æндæртæ дæр бахуыйæт ахæм хызынтæ, нæ организацийы сæйраг хæс у, цæмæй адæм цадæггай хизой, æрдзæн æмæ сæхицæн дæр чи нæ зиан кæны, уыцы æрмæджытæм».

Габайты Залинæ ма куыд зæгъы, афтæмæй Ставрополы магазинты, целофаны пакеттæн расидтысты тобæ. Махмæ уыдон магазинты æнæаргъæй куыд дæттынц, уым афтæ нæу. Уыдон бæсты хуыд цæуынц хъуымацæй хызынтæ æмæ сыл адæм дæр цадæггай ахуыр кæнынц. Уымæй хъахъхъæнынц сæ æрдз. Мах дæр ныртæккæ архайæм, цæмæй нæ республикæ суа туристон регион, уымæ гæсгæ бахъахъхъæнын хъæуы æрдз алыгъуызон зиан-хæссæг брæттæй.

«Зеленая Алания»-йы сæргълæууæг ма загъта сæ организацийы уæнгтæ цы хызынтæ бахуыдтой, уыдоныл кæй ис сæхи логотип. Уыдон кæд нырма чысыл партийæ хуыд æрцыдысты, уæддæр лæвæрд æрцыдысты, халсæрттæ æмæ дыргътæ кæм уæй цæуынц, ахæм магазинтæм.

Фæсивæды минæвæрттæ дæр хорзыл нымайынц ацы хъуыддаг. Фæнд кæнынц иумæйаг бадзырдтæ саразынмæ, цæмæй ахæм хызынтæ уой аслам, йæ аргъ фæлхасгæнæгæн зын бамбæрзæн ма уа, æмæ сæ æхсызгонæй агурой», – загътой фæсивæды минæвæрттæ.

Уазæгты Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.