Ивгъуыд къуыри улæфт бонты æхсæнадон организаци «Зеленая Алания» сорганизаци кодта зиу. Зиуы архайдтой нæ горæты велоскъæрджытæй цы къорд сырæзт цалдæр азы размæ, уыдон, сæ сывæллæттимæ.

Сыгъдæгдзинады акцийы хайад райсын кæй фæндыд, уыдон райсомæй æрæмбырд сты Тулдзы къохы. Сæ хæс базонгæйæ адих сты дыууæ къордыл. Иутæ фæндаджы былтæ сыгъдæг кæнынмæ бавнæлдтой, иннæтæ та бæлæсты бынтæ хафынмæ. Цы брæтты згъæлæнтæ æрæмбырд кодтой, уыдон уыдысты 20 голлагæй фылдæр. Уый фæстæ фæдзырдтой Хæрзæфснайды комбинаты сæрмагонд машинæмæ æмæ сæ уыдон брондонмæ аластой. Брæттæн сæ фылдæр хай уыд пластикон мигæнæнтæ. Дихгонд бæргæ æрцыдысты, фæлæ хъыгагæн, уыдон фæстæмæ баззайдзысты нæ æрдзы. Уымæн æмæ 100 азмæ не ‘мбийынц. Раздæр иу куыстуат «Чистый мир»-ы фæрцы ахæм брæттæ ласт æрцыдысты Цæгат Иры дыккаг хоймаджы заводмæ. Фæлæ, хъыгагæн, ацы куыстуат Хуссар Ирыстоны территорийыл йæ куыст æрурæдта бæрæг аххосæгтæм гæсгæ.

«Ахæм сыгъдæгдзинады расидыны бонтæ нырæй фæстæмæ арæх уадздзыстæм. Хорз уаид, фылдæр адæм-иу куы змæлид ахæм зиуты. Бæрндзинад та тынгдæр хъуамæ æнкъарой куыстуаты разамонджытæ, бирæуæладзыгон æмæ хисæрмагонд хæдзæртты цæрджытæ. Мах организаци фæнд кæны ацы фæтк царды ныффидар кæнын, цæмæй алы адæймаг дæр йæ хæсыл нымайа йæ разы цы брон уына, уый æфснайын. Фæнды мæ, цæмæй  уæм æмзонд, нæ хъуыды, нæ хъуыддаг та-иу», – зæгъы «Зеленая Алания»-йы къухдариуæггæнæг Габайты Залинæ.

Тулдзы къохмæ тезгъокæнынмæ чи фæцæуы, ахæм нæлгоймаг зæгъы «Ам уæлдæф адæймагæн æвдадзы хосæй хъауджыдæр нæу. Ам цы бæлæстæ ис – мохъо æмæ тулдз, уыдон тынг æххуыс сты улæфæнтæ, зæрдæ æмæ тугдадзинтæ кæмæн риссынц, ахæм рынчынтæн. 2020 азы ковидæй фæрынчын дæн, ме ‘нæниздзинад афтæ фæцудыдта æмæ мæ бон къахыл лæууын нал уыд. Тулдзы къохы тезгъо кæнын райдыдтон, цалдæр мæйы фæстæ мæ къахыл слæууыдтæн. Мах иууылдæр хæсджын стæм, цæмæй æрдзы сыгъдæгдзинадмæ нæ хъус дарæм, фæлæ иу райсомæй иннæмæ хатт уыйбæрц брон сæййафын, æмæ сæ мæхæдæг дæр бамбырд кæнын. Ивгъуыд аз та ам сыгъдæгдзинады зиу сарæзтой Тыбылты Алыксандры номыл университеты студенттæ, Тедеты Вадимы сæргълæудæй».

Тулдзы къохы ис спортæй дæхи кæм аирхæфсай, ахæм  турниктæ дæр. Иннæ тезгъогæнæг мын куыд загъта, афтæмæй уыдон ам сæвæрдта Цхинвалы дзулфыцæн комбинаты директор Цхуырбаты Вадим. Уый дæр ам фæтезгъо кæны. Чидæртæ бæлæстыл лæдзгуытæ бахуыдтой, турниктæ саразыны нысанæн. Цæмæй ахæм цаутæ мауал уа, уый тыххæй ардæм сласта æфсæн цæджындзтæ æмæ дзы йе ‘мбæлттимæ иумæ сарæзта мини спортивон фæзуат. Уымæй дарддæр ма Цхуырбайы фырт сцалцæг кодта суадоны алфæмблай.

Кæй зæгъын æй хъæуы, хистæрты æмрæнхъ сывæллæттæ дæр кæй райстой хайад зиуы, уый иттæг хорз хъæппæрис у. Ныр сабитæ зондзысты æрдз чъизи кæнын кæй нæ хъæуы.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.