Нæ рагфыдæлтæм – скифтæм цуан кæныны куыст уыдис тынг бæрзонд æвæрд, уымæн æмæ уый уыд сæ царды фæрæз. Уыдонæй, цæугæ цард чи кодта, уыдон цардысты æрмæстдæр сырды фыдæй. Рагзаманты нæ хæхбæсты тынг бирæ уыдис хъæддаг сырдтæ.

Зоолог Габайты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй Ирыстоны тобæгонд у æрсытыл цуан кæнын, уыдон Хуссар Ирыстоны хаст сты Сырх чиныгмæ.

Апрелы мæйы, “Зеленая Алания”-йы разамонæг Габайты Зæлинæ, æрæмбырд кодта арсы лæппынты, æмæ сæ æрласта Знауыры районы егерь Плиты Лаврикмæ. Дыууæмæйдзыд лæппынтæн хъуыд баххуыс кæнын адаптаци ацæуын æмæ хъæды цæрынхъом суæвын. Сæ мады сын æвæццæгæн амардтой браконьертæ – æцæг цуанон æм йæ къух нæ систаид. Лæппынтæ та уæрст æрцыдысты Цхинвалы цæрджытыл.

Бæстæзонæг æмæ зоолог Габайты Владимир куыд банысан кодта, афтæмæй ахæм кары арсы лæппынтæ тынг зынтæй аивæрзынц æнæ мадæй. Тынг ахсджиаг у, цæмæй арсы лæппынтæ ма сахуыр уой адæймагыл, уымæн æмæ ахæм хæларад æркæны трагикон фæстиуджытæм. Арсы лæппын фыццаг кæй фены, уый банымайы кæй фæдыл хъуамæ цæуа, ахæмыл, уымæ гæсгæ йæ фарсмæ хъуамæ уа арс, иунæгæй уæвгæйæ та йын аивæрзæн нæй.

“Арсы лæппынтæ сты рискы группæйы. Ис ахæм низтæ æмæ адæймагыл нæ хæцынц, фæлæ арсы лæппынæн зиан хæссынц. Æрсытыл вæййы тынг тæссаг низ “трихнеллез” æмæ сын сæ фыдæй куы бахæрай, уæд адæймагыл дæр бахæцы”, – банысан кодта “Зеленая Алания”-йы разамонæг Габайты Зæлинæ.

Волонтертæ сарæзтой арсы лæппынтæн вольер æрдзы цæрынмæ адаптацийæн. “Зеленая Алания”-йы разамонæг куыд банысан кодта, афтæмæй ацы бонты арсы лæппынты рауагътой æрдзмæ. Уыдонæн хæрын кодтой кастæ сæрмагонд формæ æмæ æрмкъухты бакæнгæйæ. Уый хъæуы, цæмæй арсы лæппынтæ ма бахъуыды кæной адæймаджы силуэт æмæ тæф.

Хъӕддаг цӕрӕгойтӕн  биотехникон мадзӕлттӕ ӕгъгъӕд не сты. Цæмæй фылдӕр кӕной, уый тыххæй та сӕйрагдӕр у сӕ хъахъхъӕныны хъуыддаг.

Раздӕр азтӕм куы раздӕхӕм, уӕд цуанонтӕ уыййас нæ уыдысты. Ныр та сын нымӕц дӕр нӕй. Сӕ фылдӕрмӕ ис хӕдӕхсгӕ хӕцӕнгӕрзтӕ, оптикон кӕнӕ ӕхсӕвыгон уынӕн кӕмӕй ис, ахӕм прибортимӕ. Ӕнӕзакъон цуан та кӕнынц афӕдзы кӕцыфӕнды афон дӕр.

Хъæуы нæ ӕмхуызонӕй архайын ӕрдзы фарн тыхджын кӕныныл. Хӕдзар ӕдзӕрӕгӕй куыд нӕ фидауы, афтӕ нӕ алыварс хъӕдтӕн дӕр ӕнӕ сырдтӕй къаддӕр ахадындзинад нӕ уыдзӕн, ӕмӕ хъуамӕ алы цуанон дӕр уый йӕ зӕрдыл дара.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.