Нæ республикæйы фермерон хæдзарадтæ æмæ хицæн зæххкусджытæ фесты æфсирон культурæтæ тыд. Уыцы куыстытæм  бавналынц фæззæджы мæйты æмæ фæвæййынц уалдзæджы фæстаг мæйы æмбисты. Знауыры районы уалдзыгæнд культурæ – хъæбæрхор хæдзарадтæ æрцæттæ кодтой рагацау, мæр афæлдæхтой æмæ йæ уый фæстæ та культиваци скодтой. Районы тракторон бригадæйы бригадир Наниты Талик куыд загъта, афтæмæй хæдзарадтæ æдæппæт хъæбæрхор байтыдтой 400 гектары фæзуатыл. Куыстытæ æвæстиатæй ахицæн кæныныл хъазуатонæй бакуыстой механизатортæ Гæззаты Андрей, Табуты Разик, Пухаты Дзантемыр, Кокойты Валери, Эдик æмæ Пухаты Вася. Механизатортæ иу бон мæр культиваци кодтой, дыккаг бон та – таугæ. Иууыл фылдæр –  фæйнæ 50 гектары тыд æрцыд Кокойты Димитр æмæ Пухаты Эдуардæн, афтæ ма уалдзыгон культурæтæ байтыдтой Джиоты Лавер, Гогинашвили Мераб æмæ æндæртæ.

Хъæууонхæдзарадон куыстытæ æххæст кæныны хорз фæлтæрддзинад ис Ленингоры районы хæдзарадтæм. Уыдон æрвылаз дæр æфсирон культурæтæ байтауынц дзæвгар, рæстæгыл сæххæст кæнынц агротехникæйы домæнтæ æмæ сæ æрзайын кæнынц хъæздыг  тыллæг. Тракторон бригадæйы бригадир Габеты Хвича йæ комкоммæ хæсæй дарддæр кусы тракторыл дæр æмæ æппæт куыстытæ сæххæст кæны йе ‘мбал механизатортимæ цæсгомджынæй. Районæн фæззыгæнд мæнæу æмæ хъæбæрхоры культурæтæ тыд æрцыд 1300 гектары æмæ  æппæт куыстыты дæр активон хайад райстой Гусойты Валери, Хуриты Зураб, Дриаты Звиад, Габеты Радик æмæ бригадир Хвича йæхæдæг. Æфсирон культурæты дыууæ хуызы дæр тыд æрцыдысты Цъинагар, Орчъосан æмæ Абреуы æхсæнадон зæххытыл. Цæмæй байтыдты фæзуæттæй фæззæджы хъæздыг тыллæг райсой, уый тыххæй сæ хъæуы знаггадæй бахизын, стæй ма сæм хъацæнтæ бахæссын. Уыцы ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг куыст дæр рох нæу хæдзарадты разамонджытæй æмæ сæм механизатортæ ацы бонты хæссынц минералон хъацæнтæ.

                                                     ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.