Бынæттон экологион организаци «Зеленая Алания» талатæ садзы горæтмæ æрбахизæны, Чъехы хъæуы 70 гектар территорийыл. Ацы зæххы фадыг уыдонæн рахицæн кодта Хицауад, цæмæй уым сырæза экологион парк. Йæ саразыны инициатор – «Зеленая Алания»-йы сæргълæууæг Габайты Залинæ куыд зæгъы, афтæмæй ам сагъд æрцæудзæнис бæлæстæ æмæ хосгæнæн зайæгойтæ. Бæлæсты мыггæгтæ сын рахицæн кодтой сæ уæрæсейаг коллегæтæ. Экопарк аразынæн уыдон бах-хуыс кодтой Абхазы республикæйæн дæр. Габайты Залинæ æрæджы «Зеленая Алания»-йы уæнгтæй цалдæримæ уыд Абхазы ботаникон дыргъдоны. Уыдон фæлтæрддзинад райстой, бæлæстæм куыд зилын хъæуы æмæ ботаникон дыргъдоны цы уавæртæ хъуамæ арæзтæуа, уый фæдыл.

«Куыд зонæм, афтæмæй фæстаг азты стыр хъусдард здæхт цæуы æгас дунейы, экологион акцитæм. Уæрæсейы цы егъау æхсæнад ис «Кедры России», уый цы проектыл кусы, уымæ гæсгæ Уæрæсейы æппæт регионтæн лæварæй уары сыбыраг кедртæ. Ацы бæлæстæ нымад цæуынц пайдайагыл. Уымæн æмæ тынг сыгъдæг кæнынц уæлдæф. Æрæджы уыдон æрæрвыстой 300 талайы бæрц, кæцыты иу хай сагъд æрцыдысты «Зеленая Алания»-йы активистты хайадистæй, экопарчы. Æдæппæт 20 адæймаджы баххуыс кодтой талатæ садзынæн. Уыдонæй мах ныссагътам 70 талайы. Иннæтæ фæнд кæнæм ныссадзын Стыр паркы. Скъолатæ æмæ сабиты рæвдауæндæтты къухдариуæггæнджытæн дæр фехъусын кодтам, цæмæй ахæссой сыбыраг кедрты талатæ æмæ сæ ныссадзой сæ кæртыты. Нæ уæрæсейаг коллегæтæ нын ныфс бавæрдтой, уалдзæджы та нын ног парти кæй æрæрвитдзысты. Кæд, цы талатæ ныссагътам, уыдонæй искæцытæ не схæцой, уæд та сын сæ бынаты ныссадздзыстæм ногтæ», – радзырдта нын Габайты Залинæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.