Æхсæнадон экологион организацитæ «Зеленая Алания» æмæ «Чистый мир»-ы хъæппæрисæй хуыцаубоны уагъд æрцыд зиу.

Мадзал организацигæнджытæ зиу ауагътой квесты хуызы. Горæты хицæн районты сывæллæтты скондæй сырæзт хицæн командæтæ. Цыппар командæ сæхицæн æрымысыдысты нæмттæ – «Чистый Ирыстон», «Кибер альянс», «Чистая Осетия» æмæ «Мушкетеры». Командæтæй алчи дæр архайдта хицæн районты. Экологион организаци «Зеленая Алания»-йы сæргълæууæг Габайты Зæлинæ куыд зæгъы, афтæмæй сабиты командæтæн иу бонмæ бантыст нæ горæты уынгты æрдæг тоннæйы бæрц брæттæ æрæмбырд кæнын. «Пластикон, авджы мигæнæнтæ æмæ целлофаны  пакеттæ калд сты нæ горæты фæсвæд уынгты. Иу стыр уæзласæн машинæ та брон æрæмбырд кодтам горæты сæрмæ. Сывæллæттæ иу-уылдæр архайдтой зæрдиагæй. Командæтæй алкæцы дæр архайдта, цæмæй фылдæр æрæмбырд кæна брæттæ. Компани «Чистый мир»-ы минæвар Тедеты Вадим, цæмæй ерысты хайадисджыты зæрдæтæ барухс кодтаид, уый тыххæй сын иу килограмм пластик æрæмбырд кæныны ныхмæ лæвæрдта дæс сомы. Авг æмæ алюминæй æвгты тыххæй та – дыууын сомы. Фыццаг бынат бацахста «Чис-тый Ирыстон»-ы командæ. Уыдон æфснайдтой Дзабиты Геннадийы æмæ Советон уын-джы уынгты. 300 килограмм броны  дзæкъулы сæмбырд кодтой Советон уынджы раздæ-ры кинотеатр «Ирыстон»-ы бынаты. Дыккаг бынат та бацахста «Кибер альянс». Зиуы цы сывæллæттæ архайдтой, уыдон иууылдæр райстой лæвæрттæ æхсæнадон змæлд «Чис-тый мир»-æй», – радзырдта нын Габайты Зæлинæ.

Уый ма бузныджы ныхæстæ загъта амалиуæггæнæг Уалыты Робертæн дæр, кæцы сабитæн бæласта сæлдæгтæ. Организатортæ куыд зæгъынц, афтæмæй сабитæ архайдтой æрмæстдæр райсомæй сихормæ, цалынмæ тынг не стæвд, уæдмæ. Фæлæ сæ хæдзæрттæм цæуын нæ фæндыд. Акцийы рæстæджы сабитæ кæрæдзиимæ схæлар сты æмæ организатортæн фехъусын кодтой, ахæм экологион зиуты хайад райсынмæ ногæй цæттæ кæй сты. Габайты Зæлинæ æмæ Тедеты Вадим куыд зæгъынц, афтæмæй сентябры мæйы уыдон ногæй æрсиддзысты сабитæм æмæ та ауадздзысты акци. «Кæй зæгъын æй хъæуы, зиуы рæстæджы мах архайдтам, цæмæй сывæллæттæ ма ба-фæллайой. Сабитæ ма хъуамæ æфснайой хистæрты фæстæ! Уæзласæн машинæ байдзаг алыгъуызон брæттæй, фæлæ нырма æфснаинаг бирæ ис. Нæ акци хуымæтæг нæ уыд, мах уагътам экологион беседæтæ сабитимæ. Уыдон фарстатæ лæвæрдтой æмæ сын мах та дзуаппытæ кодтам, мæсты кодтой хистæртæм, нæ иумæйаг бæстæ – Ирыстоны экологион уавæрыл чи нæ ауды, уыдонмæ. Сæхицæй та дзырдтой, аудгæ ахаст кæй дардзысты нæ горæты сыгъдæгдзинадмæ», – радзырдта нын Тедеты Вадим.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.