(Æртхутæджы æмбæхст истори)

Рæстæг цыма дугъон бæхыл сбадт, уыйау æнæрынцойæ размæ тæхы.  Афтæмæй бирæ ахсджиаг цаутæ зайынц фæстейæ æмæ рох кæнын райдыдтой. Фæлæ, нæ нырыккон историйы, кæцы йемыдзаг уыд  тракигон цаутæй,  нæ хъæуы рох кæнын. Цалфæнды азы ма рацæуа, уæддæр мах хъуамæ нæ зæрдыл дарæм хæдбардзинадмæ фæндагыл йе ‘взонг цард сæ Райгуырæн бæстæйы, сæ радтæг адæмы сæрвæлтау чи снывонд кодта, уыдоны.

Хуссарирыстойнаг адæмæн хæдбардзинады тынг зынаргъ слæууыд.  Сæрибардзинады сæраппонд фæмард сты Ирыстоны хуыздæр фырттæ. Уыдон сæ цардыл нæ хъуыды кæнгæйæ, 20 азы дæргъы аккаг ныхкъуырд лæвæрдтой æгъатыр знагæн.

1991 азы январы райдианы гуырдзиаг æнæформалон бандитон къордтæ æрбабырстой фынæй горæтмæ райсомы фондз сахатыл æмæ ирон адæмæн сарæзтой тугæйдзаг цыппурс, æнæад сын фæкодтой сæ Ногазон бæрæгбонтæ. Уыдонæн аккаг ныхкъуырд радтой ирон лæппутæ æмæ цасдæр рæстæджы фæстæ тард æрцыдысты Цхинвалæй. Фæлæ фæлитой æмæ карз знæгтæ ныппырх сты хъæутыл, æмæ знагиуæг кæнын райдыдтой Ирыстоны хъæутæн, кæцыйы фæстиуæгæн басыгътой 117 ирон хъæуы. Ирон адæмы ахстой æмæ сын фыдмитæ кодтой, фыдмардæй сæ мардтой. Никуы мæ ферох уыдзысты, уыцы рæстджытæ, куы-иу кæцы хъæуæй æрыхъуыст фыдохы хабæрттæ æмæ куы та кæцы. Иу ахæм  уæззау хабар æрæхъуыст Цхинвалы районы Монастъеры хъæуæй дæр. Хъæу басыгътой гуырдзиаг фыдгæнджытæ. Хъуыддаг уыд афтæ: 1991 азы 2-æм марты «Вибромашина»-йы территорийыл штабы лæппуты къорд 25 адæймаджы скондæй, кæцымæ хæцæнгарзæй уыд æрмæстдæр чысылкалиброн винтовкæтæ ацыдысты Монастъеры хъæумæ. Бынатмæ æрбацæугæйæ, уыдон æрбынат кодтой ацы хъæуы цы 14 хæдзары уыд, уыдонмæ, цыран цардысты сæйраджыдæр сылгоймæгтæ æмæ зæрæдтæ. Хъæуы 5-6 боны ницы æнамонд цау æрцыд  æмæ къорды лæппутæй бирæтæ фæстæмæ горæтмæ æрæздæхтысты.

7-æм марты ма Монастъеры хъæуы баззадысты Джиоты Мурат (Хымхи), Мæргъиты Алан, Дзæгъиаты Алан, Гаглойты Георги, Хуыгаты Отар, Гаглойты Эдуард, Джыккайты Алан. Райсомæй уыдон æрбамбырд сты Гаглойты Георгийы хæдзары æмæ уырдыгæй федтой хъæумæ ЗИЛ-131 куыд æрбацыд, уый. Уым бадтысты æртæ гæрзифтонг боцъоджын гуырдзиаджы. Лæппутæ рахызтысты сæ размæ æмæ сæ уæлдæфмæ фехсгæйæ æрурæдтой. Дыууæ гуырдзиаджы сæм машинæйæ рахызтысты. Лæппутæ сын загътой, зæгъгæ, уæ хæцæнгæрзтæ æрæвæрут æмæ, дзæбæхæй аздæхут фæстæмæ. Дзуаппæн гуырдзиæгтæй иу автоматæй æхсын райдыдта, кæцыйы фæстиуæгæн фæцæф Джиоты Мурат. Нæ лæппуты дæр бахъуыд дзуаппон æхст фæкæнын. Фæмард, фыццаг æхсын кæцы гуырдзиаг райдыдта, уый, иннæтæ цæфтæй  алыгъдысты. Сæ фæстæ алыгъд Гаглойты Эдик, фæлæ йæм фæдзырдтой æмæ фæстæмæ раздæхт. Джиоты Мураты цæф бабастой, фæлæ йæ хъуыд æвæстиатæй рынчындонмæ фæхæццæ кæнын. Фæйнæджытыл æй сæвæрдтой æмæ йæ райдыдтой хæссын Дампъалеты хъæуы ‘рдæм.

Фæмардуæвæг гуырдзиаджы автомат семæ рахастой, кæцыйæн йæ уæлæ уыд æхсæз угарды – уæд гуырдзиаг æнæадæймæгтæ, кæцыты ‘хсæн уыдысты ахæстонæй кæй рауагътой, ахæм лæгмартæ, сæ автоматтыл нысан кодтой сæ хæцæнгæрзтæй цал ироны амардтой, уыдоны нымæц. Лæппутæ нырма гом быдыры уыдысты, афтæмæй сæ уæлæрдыгæй райдыдтой æхсын. Куыд рабæрæг, афтæмæй хъæумæ цы машинæ бацыд, уый барвыстой развæдсгарыны тыххæй, йæ фæстæ та цыд егъау бандитон къорд 300 адæймаджы скондæй. Нæмгуытæ сыл ихуарæгау кодтой, уыдон ма зæххыл схуыссыдысты, сæ сæртæ сæ къухтæй бамбæрзтой афтæмæй бырыдысты æмæ сæ фæстæ ластой уæззау цæф чи фæцис, уыцы Мураты дæр.

Уыцы рæстæджы 50 гуырдзиаджы бæрц дыууæ ГАЗ-66 æмæ дыууæ БРДМ-ыл бацыдысты хъæумæ æмæ фыццаг цы хæдзармæ бацыдысты, уым йæ хуыссæны амардтой уатон рынчын Хуыгаты Захары. Хъæугæрон амардтой Захары æфсымæр, 60-аздзыд Сергейы дæр йæ цардæмбал Женяйы цæстыты раз. Уый фæстæ æрзылдысты æнæхъæн хъæуыл æмæ судзын райдыдтой хæдзæртты. Хъæуы цæрджытæ лыгъдысты алырдæмыты. Дæс минутмæ ссыгъд æнæхъæн хъæу. Æппæт ацы фыдракæндтæ уыдтой нæ хæстон лæппутæ, фæлæ цы сæ бон уыд гæрзифтонг знæгты ныхмæ. Сæ къухы хæцæнгарз кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ фырмæстæй сæхицæн цы ракодтаиккой, уый нал зыдтой. Уыдон куыддæрты раирвæзтысты æмæ йæ туджы мæцгæ Джиоты Мураты баластой рынчындонмæ, фæлæ йын дохтырты бон дæр ницыуал бацис. Бирæ туг кæй фесæфта, уый аххосæй йе ‘взонг цард аскъуыд 22-аздзыдæй. Муратыл æхсæз азы куы цыд, уæд фыды ‘рдыгæй сидзæрæй баззад. Уый йæ мад æмæ йæ дыууæ хойæн уыд се стыр ныфс æмæ удлæууæн, фæлæ…

Монастъеры хъæу кæй судзы, уыцы хабар куыддæр базыдтой иннæ хæстон лæппутæ, афтæ Зары хъæуы ‘рдыгæй æххуысмæ фæзындысты Монастъермæ. Уыдоны фенгæйæ, гуырдзиаг бандиттæ алыгъдысты хъæуæй. Стыр хъыгагæн, хуссарирыстойнаг цæрджытæй бирæтæ бавзæрстой сæхиуыл Монастъеры хъæуы цы трагикон цау æрцыд, ахæмтæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.