Нæ царды æдзух кæмæй пайда кæнæм, нæ сæрибар рæстæджы нын удæнцой чи фæ-дæтты, алыгъуызон информаци цæй фæрцы базонæм, уыдонæй сæ иу у телевизор. Æнæ уымæй адæймаг йæхи фæхаты афтæ, цыма йын цыдæр нæ фæфаг кæны. Фæлæ алцы дæр ихсийы, уый хауы телевизормæ дæр æмæ йæ уæд бахъæуы цалцæг кæнын. Куыд æхсызгон вæй-йы йæ хицауæн, цыбыр рæстæджы фæстæ та йын ногæй куы феххæст кæны йæ домæнтæ.

Раздæр азты нæ областы дæр те-левизор цалцæггæнджытæ дзæвгар уыд æмæ æнæкъуылымпыйæ æххæст кодтой фæлхасгæнджыты домæнтæ. Абоны бон та республикæйы цæрджыты иунæг ныфс у нæ горæты цæрджыты цардуагон лæггæдты хæдзары теле-мастер Быценты Славик.

Славик раджы бауарзта ацы дæсныйад æмæ астæуккаг ахуырад райсыны фæстæ ахуыр кæнын райдыдта Дзæу-джыхъæуы колледжы. Уым æртæ азы дæргъы фæлтæрд ахуыргæнджытæ цæстуарзонæй сæ зонындзинæдтæ амыдтой фидæны специалисттæн. Быценты Славик ахуыр каст фæуыны фæстæ æрыздæхт йæ уарзон Хуссар Ирыстонмæ æмæ 2009 азæй фæстæмæ намысджын куыст кæны нæ горæты. Цæмæй телевизор цалцæггонд æрцæуа, уый тыххæй фæсауæрц хæйт-тæ самал кæны куыд Дзæуджыхъæуы, афтæ æндæр рæтты дæр æмæ йæ куыст никуы фæкъуылымпы вæййы.

                Хуыбиаты Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.