25 июны Театралон фæзуаты уагъд æрцыд рауагъдонты традицион бал, кæцымæ рауагъдонтæ  сæхи бæстон фæцæттæ кæнынц  æмæ адæймаджы хъуыдыйы ацы цины хабар баззайы цæрæнбонтæм. Цалынмæ рæстæг рацæуы, уæдмæ сæм нæ бахъары, цахæм хæрзиуæгæй фæцух сты, куыд хорз уыдис скъолайы рæстæджы цард æмæ йын рæстмæ кæй нæ аргъ кодтой.

Ацы аз нæ республикæйы рауагъдонты нымæц ахызт фондзсæдæйæ æмæ ныридæгæн скъолаты фесты фæлварæнтæ. Бирæтæ  дзы бахаудтой уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæндæттæм дæр, ома, лимиттæй кæй фервитынц, уыдонæн рагацау ауагътой фæлварæнтæ æмæ рабæрæг сты хуыздæртæ.

Ацы бæрæгбонмæ организатортæ сæхи бæстонæй бацæттæ кодтой, сарæзтой диссаджы программæ æмæ барухс кодтой рауагъдонты, ныййарджыты æмæ ма уазджыты зæрдæтæ дæр. Театралон фæзуаты æвæрд æрцыд сценæ, рахицæн кодтой сæрмагонд бадæн бынæттæ рауагъдонтæ æмæ цытджын уазджытæн. Театралон фæзуаты территори та развæлгъау æрæхгæдтой, цæмæй дзы машинæтæ мауал цæуой. Цыдæриддæр дуканитæ ис фæзуатмæ æввахс, уыдон развæлгъау фæдзæхст æрцыдысты, цæмæй карз нозт ма уæй кæной уыцы бон. Фæзуатмæ бахизæнты та милицийы кусджытæ сгæрстой мидæмæ хизджыты, цæмæй семæ ма бахæссой карз нозт, кæнæ æндæр зæрдæхсайгæ дзаумæттæ.

Мадзал йæ зарæг «Иудзинад»-æй байгом кодта зынгæ ирон зарæггæнæг Бекъойты Вано æмæ стæй райдыдта рауагъдонты цытджын рацыд. Сценæйы акомкоммæ айтыгътой сырх гауыз æмæ ацы гауызыл сæрбæрзондæй ацæуын, æвæццæгæн, уыдис алкæцы рауагъдоны бæл-лиц дæр. Фæндаг сын байгом кодта æмæ сæ разæй сырх гауызыл рацыд Президент Бибылты Анатоли. Уый йæ арфæйы ныхæсты æрсидт рауагъдонтæм, цæмæй макуы рох кæной сæ райгуырæн бæстæ, æмæ йын йæ ном исой бæрзонддæр.

«Сымах абон слæууыдыстут уæ царды иууыл стырдæр фæндагыл æмæ мын арфæгонд ут. Æнæмæнг æмбæлдзыстут зындзинæдтыл, уæ къухты алцы не ‘фтдзæнис, алы хатт æнтыстджын нæ уыдзыстут, фæлæ уæхи макуы ауадзут, кæддæриддæр фидар лæуут æмæ сæрбæрзондæй цæут уæ бæллицтæ æххæст кæнынмæ. Фыццаджыдæр зонындзинæдтæм тырнут, фæлтæрддзинад исут, цæмæй уын царды цæлхдурты сæрты хизын æнцондæр уа. Фæлæ кæмфæнды дæр ма уат, цыфæнды хъуыддагыл лæуд ма уат, уæддæр ма рох кæнут уæ райгуырæн бæстæ, – ут ыл æнувыд æмæ æдзухдæр архайут, цæмæй размæ цæуа. Сымах стут нæ сомбон æмæ сымахыл баст у нæ размæцыд дæр», – загъта йæ арфæйы ныхæсты Бибылты Анатоли.

Президент ма зæрдиаг арфæтæ ракодта рауагъдонты ныййарджытæн æмæ ахуыргæнджытæн, ахæм рæсугъд фæсивæд кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй.

ФЫЦЦАГ КЪАХДЗÆФТÆ – ЦАРДЫ УÆРÆХ ФÆНДАГМÆ

Рауагъдонтæн ма арфæйы ныхæстæ загъта УФ-йы сенатор Сергей Цеков, кæцы Хуссар Ирыстонмæ æрцыд кусæгон балцы.

«Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй цæрат сабыр дуджы, уарзат уæ райгуырæн бæстæ æмæ уат æнтыстджын æмæ амондджын. Рæстæг рацæудзæнис æмæ йæ бамбардзыстут, уæ ныййарджытæ уын цахæм лæггад бакодтой, бузныг уыдзыстут уæ ахуыргæнджытæй æмæ мысдзыстут уе скъолайы бонтæ. Ацы рæсугъд бон та уæ хъуыдыйы баззайдзæнис цæрæнбонтæм, уымæн æмæ йæ мæхицæй зонын. Ӕз скъола фæдæн 1970 азы æмæ абоны бон дæр лыстæггай хъуыды кæнын мæ рауагъдон бал», – банысан кодта йæ раныхасы уæрæсейаг сенатор.

Уазджытимæ ма уыдысты Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æх-хæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, РХИ-йы Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан æмæ æндæр бæрнон кусджытæ. Иууылдæр зæрдиаг арфæтæ ракодтой рауагъдонтæн æмæ стæй райдыдта концертон программæ. Ӕрæмбырдуæвджытæн националон кæфтытæй сæ зæрдæтæ барухс кодта ансамбль «Ирон» æмæ ма дзы æххæстгонд æрцыдысты нырыккон кафтытæ дæр. Азарыдысты дзы нæхи зарæггæнджытæ Гатыгкоты Нинæ, Харебаты Мартæ, Плиты Григори æмæ æндæртæ. Ацы боны цытæн ма концертмæ хуынд æрцыдысты  сочиаг музыкалон коллектив “ICBAND” æмæ мæскуыйаг диджей Паша Кириллов.

Концертон программæ адаргъ ис æхсæвы 10 сахатмæ, стæй рауагъдонтæ атындзыдтой сæ банкетты бынæттæм. Алкæцы къласæн дæр развæлгъау заказ уыдысты фынгтæ æмæ æнæхъæн æхсæв сæ рæстæг хъæлдзæгæй арвыстой.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.