Минералон дæттыл дзырд куы цæуа, уæд, фыццаджыдæр, нæ цæстытыл ауайы Бæгъиаты дон. Ацы аз 45 азы æххæст кæны Бæгъиаты суаруадзæн заводыл. Уый уадзы Хуссар Ирыстоны иууыл популярондæр нозт – минералон дон «Бæгъиатæ».  Ацы минералон доны хиæдтæ ахуыр æрцыдысты æмæ дзы æххæстбæрцæй ныр пайда цæуы. Ахæм минералон дæттæ ма ис Челиаты, Брытъаты, Едысы, Къуайсайы æмæ æндæр хæххон хъæуты дæр.

 

Бирæ сты Ирыстонæн йæ æрдзон хъæздыгдзинæдтæ. Алæмæттаг рæсугъд æмæ хъæздыг æрдз, цæстысыгау сыгъдæг дæттæ – æвдадзы хос сты адæймагæн. Иу дзы иннæмæй уазалдæр, иу дзы иннæмæй сыгъдæгдæр æмæ сæ адæймаг æвдадзы хосау фæнуазы, басæтты сæ йæ дойны.

Бæгъиаты суаруадзæн заводмæ минералон дон цæуы километр дæрддзæфæй, сæрмагонд  резервуартæм, уырдыгæй та комкоммæ заводы донуадзæн хаххмæ. Ам йедзаг цæуынц доны мигæнæнтæ, ныхæст сыл цæуынц этикеткæтæ, стæй сæ сæрмагонд автомат æхсæзгæйттæй батухы целлофаны æмæ афтæмæй араст вæййынц фæлхасгæнæгимæ фембæлынмæ.

Ацы минералон донæн йæ хосгæнæн миниуджытæм гæсгæ стыр кад ис фæлхасгæнджыты ‘хсæн. Æхсызгонæй йæ агурынц куыд нæхимæ, республикæйы, афтæ уымæн æддейæ дæр. Минералон доны фæсауæрцтæ фадат дæттынц кондад рауæрæх кæнынæн. Ныртæккæ цы донгуырæнæй исынц хомыс, ома, суары дон, уымæн йе ‘мбисæй дæр нæ цæуы пайда. Афтæмæй ма ацы бынæтты ноджыдæр ис, минералон дæттæ кæцæй цæуынц, ахæм донгуырæнтæ æмæ зæгъгæ, уыдонæй æххæстæй пайда цæуы, уæд суткæйы дæргъы райсæн ис 400 кубикон литры минералон дон. Уый та нысан кæны рауадзгæ продукцийы гуырахст 10 хатты фæфылдæр кæнын.

2015 азы куыстуат райдыдта минералон дон Уӕрӕсемæ экспортмæ æрвитын. Ныртæккæ уый уæрæсейаг базарадмæ æрвиты йæ продукцийы азон гуырахсты 32%.  2012 азы Инвестпрограммæйы фæлгæтты заводæн цы ног ифтонггæрзтæ бал-хæдта паддзахад, уыдоны руаджы суар уадзы, 1,5 литр æмæ 0,5 литры кæм цæуы, ахæм мигæнæнты.

Раздæр азты куыстуат уагъта минералон дон «Дзау» дæр. Фæлæ 2017 азæй Дзауы администрацийы уынаффæмæ гæсгæ, уый лæвæрд æрцыд иу амалиуæггæнæгмæ æмæ ныртæккæ официалонæй æрмæстдæр уыдонæн ис ацы суар уадзыны бар.

2017 азы завод цы продукци рауагъта, уый уыд 42 милуан сомы аргъ, 2018 азы ацы нымæц схызт 45 милуан соммæ. 2018 аз минералон дон «Бæгъиатæ» 0,5 литруат мигæнæны рауагътой 2,5 милуаны. Уый нымад у рекордыл.

Нæ республикæйы фæзынд цалдæр минералон донуадзæн куыстуаты, уыдонæй алкæцы дæр архайы «Бæгъиатæ»-йæн конкуренци аразыныл. Фæлæ уæддæр «Бæгъиатæ»-йы дон баззад алкæмæн дæр уарзондæр суарыл.

Заводы къухдариуæгад ма куыд зæгъы, афтæмæй нæ республикæйы куыстуæтты кулертæй чи пайда кæны, уыдон арæх фæагурынц 19 æмæ 5 литруат пластикон дон-гæрзты суары дон. Фæлæ заводæн ахæм сæрмагонд хахх кæй нæй, уый тыххæй сæ бон нæу ахæм куырдиæттæ æххæст кæнын.

Завод, йæ фæлтæрдджын кусджыты руаджы размæ рацыд. Ныр раппæлинаг хъуыддæгтыл дзурæм. Уымæй хуыздæр цы ис, дæ куыст размæ куы цæуа, уæд.

Мах хорз хъуыды кæнæм, сыхаг Гуырдзыстоны аххосæй, горæты цæрджытæ-иу доны блокадæйы куыд бахаудтой. Чъехы хъæуыл цæуæг доны хæтæлтæ-иу нын куыд ныххуынчъытæ кодтой, цæмæй горæтмæ дон мауал хæццæ кæна. Нæ иунæг ирвæзынгæнæг-иу ссис «Бæгъиатæ»-йы суар. Бирæ зын фæндæгтыл рацыд уæдæй нырмæ завод. Уыд ахæм чиновниктæ дæр, æмæ сæ иу фæндыд завод банкротыл банымайын, ома, дам, йæ хæрдзтæ не ‘мбæрзы, цæмæй уый фæстæ балхæдтаиккой завод æмæ дзы сæхи сæрмагонд куыстуат сарæзтаиккой. Фæлæ табу Хуыцауæн, завод абон дæр у паддзахады.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.