Æвзонг сылгоймагæн магазинмæ бацæугæйæ, йæ цæстытæ фыццаджыдæр аныдзæвдысты, йæ аив хуыд æмæ хъуымацы гъæдæй иууыл бæрæгдæр чи дардта, уыцы къабайыл. Йæ фарсмæ ма арæгъ сты æндæртæ дæр, уыдон дæр къаддæр нæ уыдысты сæ аивдзинадæй. Сылгоймаг æрзылдтытæ кодта сæ алыварс цалдæр хатты, фæлæ уæддæр йæ цæстытæ атонын нæ куымдтой, раздæр кæй федта, уымæй. Уæйгæнæг ын йæ хъуыды бамбæрста æмæ уый дæр йе ‘вварс рахæцыд, фæлæ æлхæнæг иу цæуылдæр гуызавæ кодта æмæ  уыцы ран дæр уæйгæнæджы амынд йæ бынатыл сæмбæлд. Цæвиттон, къаба кæд йе ‘уæнгтыл аив фидыдта, уæддæр æгæр даргъ уыд, хъуыд æй фæцыбыр кæнын. Йæ амындмæ гæсгæ йæ бахаста Модæты ательейы дыккаг уæладзыгмæ, хуыйæгæн бамбарын кодта йæ хъуыды æмæ цыбыр рæстæгмæ, цины æнкъарæнтимæ, раздæхт фæстæмæ. Æндæр фæлхасгæнæг та йæ къахыдарæс цалцæг кæнынмæ æрбацыд, Цардуагон лæггæдты хæдзары Тедеты Альберт (Вова) цы цехы кусы, уырдæм. Кæддæриддæр ацы дзабырхуыйæг у йæ фæдисон, уымæн æмæ йын рагæй зоны йæ къухты æрмдзæф, цы бакусы, уый та вæй-йы гъæдджын. Тедейы фырт сæм лæмбынæг æркаст, арабар-бабар кодта, куыд хуыздæр рафидаудзысты æмæ стæй æрæвнæлдта фæлхасгæнæджы закъаз æххæст кæнынмæ. Сахаты фæстæ дзы сæ  хицау баззад райгондæй æмæ йын фæарфæтæ кодта.

Æмæ æрвылбон дæр цал хатты вæййы, цардуагон лæггæдты кусджытæм чи æрбацæуы, цæрджытæ кæй арæхстджын къухты айстæй баззайынц райгондæй, уыдон нымæц. «Цæрджыты цардуагон лæггæдты» Паддзахадон унитарон куыстуаты директор Тасойты Ан-желæ ацы бынатмæ кусынмæ æрбацыд 2011 азы. Раст зæгъгæйæ, ном цы хастой йæ дæлбаруæвæг куыстуæттæ, уымæй дарддæр дзы кусджытæн нæ уыд æмбæлон уавæртæ. 2008-æм азы августы хæст сыл йæ дæрзæг арм æруагъта, æрмæст Модæты ательейы бæстыхайы иу фарс цалдæр азы гомæй лæууыд. Тасойты чызг ахъуыды кодта уавæрыл æмæ хи фæрæзты фæрцы бавнæлдта арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ æххæст кæнынмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, цалцæггæнæн куыстытæ нæ цыдысты иугæндзон, фæлæ хайгай, уымæн æмæ нæ уыд æхцайы фаг фæрæзтæ. Ацы хъуыддаджы йе ‘нцой балæууыдысты кусджытæ сæхæдæг дæр æмæ сæ абоны бон дæр у бузныг. Зæгъæм уал  Лужковы уынгыл Цардуагон лæггæдты хæдзары тыххæй. Ам æртыккаг уæладзыг иууылдæр уыд афтид, уымæн æмæ хатæнтæ уыдысты пырх, нæ сæ уыд кусынæн уавæртæ. Абоны бон дзы фæллой кæнынц æмæ фæлхасгæнджыты домæнтæ æххæст кæныныл æнувыдæй архайынц ювелир, хуыйджытæ, ам йæ диссаджы дæсныйад парахат кæныныл зæрдиагæй архайы дизайнер Бекъойты Хох. Дыккаг уæладзыджы кусынц хуыйджытæ Коцты Славик æмæ Сиукъаты Павел, цæрджыты домæнтæ æххæст кæнынц Зассеты Аллæ, Годжыцаты Сабинæ, Тохъмайты Зæринæ, Букуылты Кристинæ, Бестауты Тамаз, телевизортæ цалцæггæнæг Быценты Славик, дзабырхуыйджытæ Уалыты Фатимæ, Бигъуылаты Валик, Тедеты Вова æмæ æндæртæ. Къаддæр нæу сæ хайбавæрд цæрджытæн лæггад кæныны, Харебаты Исахъы уынгыл цы Модæты ателье ис, уый кусджытæн дæр. Уæлдæр ранымадгонд дæсныйады кусджытæй дарддæр ма ам фæллой кæнынц къамисæг, гæрзтæхсæн машинæтæ, уазалгæнæнтæ цалцæггæнджытæ. Æдæппæт цæрджытæн сæ лæггады хай Цардуагон лæггæдты хæдзары кæнынц 29 æмæ Модæты ательейы та – 22 специалисты, рагондæр кусджытыл та нымад сты Беппиты Алыксандр, Хъуылымбегты Заретæ, Бестауты Альберт æмæ Тедеты Вова.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.