Æвæдза, хъысмæт иуæй-иу бинонтæм куыд æгъатыр разыны. Иутæ хайджын фæвæййынц царды æппæт хæрзиуджытæй, иннæты та фыдæбоны хай фæкæны.

«Арвæй дур æрхаудта æмæ мæ цæгаты кæрты сæмбæлд», – зæгъы æнкъардæй Мæлдзыгаты Наирæ. Радзырдта йæ бинонты истори. 28 февралы 2008 азы æрцыд радон фыдракæнд. Уæд хъуамæ уыдаид Уæрæсейы президентон æвзæрстытæ. Куыд бирæ рæтты, афтæ Цхинвалы районы Дменисы хъæуы дæр уыдис æвзарæн фадыг. Уым бæрнон радгæсæй уыд милицийы капитан Мæлдзыгаты Севасти. Бон раздæр милицийы кусджытæ баурæдтой гуырдзиæгты машинæ æмæ сын байстой контрабандон телевизор. Æрбаластой йæ æвзарæн фадыгмæ. Телевизор, зæгъгæ, скусын кæнæм куыд загътой, афтæ айзæлд тыхджын срæмыгъд æмæ бабын Мæлдзыгаты Севасти.  Арвы цæфау фесты йæ мæгуыр мад æмæ фыд, Маруса æмæ Степан. Æдæппæт 43 азы рацард Севасти, уыцы аз хъуамæ скодтаид чындзæхсæв, фæлæ йын знаг йæ фæндтæ æрдæгыл аскъуыдта.

«Æфсымæр адджын у, фæлæ нæ уыцы иу фыдбылызы æвджид нæ ныууагъта Хуыцау. Ме ‘фсымæр Савелийы æвзонг, иунæг фырт Сослан хæрзæвзонгæй уыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытимæ», – цæссыгкалгæ дарддæр кæны йæ ныхас Наирæ.

Мæлдзыгаты Сослан райгуырд 2 июлы 1989 азы. Йæ сабидугæй фæстæмæ хæст йедтæмæ ницы федта. Каст фæцис астæуккаг скъола æмæ бацыдис службæ кæнынмæ Хуссар Ирыстоны милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къордмæ. Тæлтæг æмæ зæрдæхæлар лæппу уыд иууыл кæстæр æмæ йæ бынат зыдта, алкæмæн дæр кæстæриуæг кодта. Иууыл диссаг та йæ куыстуарзондзинад уыд, сæ цæст ыл æрæвæрдтой ОМОН-ы разамынад. Дзырдтой-иу, хорз фидæн, дам, æм æнхъæлмæ кæсы, йæ цæстытæ, дам, ныфсджын каст кæнынц.

Уæззау дуг скодта Ирыстоныл 2008 азы августы. Гуырдзыстон аскъуыддзаг кодта, цæмæй змæлæг мауал баззадаид ирон адæмæй. Ирыстоны сæрвæлтау тохы бацыдысты не ‘фсæддон дæлхæйттæ, милицийы кусджытæ æмæ ма суанг ацæргæ нæлгоймæгтæ дæр. 8-æм августы Тъбеты хъæуы гуырдзиаг фашистты ныхмæ карз тох бацайдагъ ОМОН-ы лæппутæн, кæцыты ‘хсæн уыд Сослан дæр. Уым уыдонæй фæмард сты цыппарæй – Мæлдзыгаты Сослан, Быценты Гайоз, Санахъоты Алан, Къæбысты Алан.

Мæлдзыгаты Сосланыл цыд 19 азы. Афтæ бирæ цы райгуырæн зæхх уарзта, уым æй бавæрдтаиккой, уый фадат дæр нæ уыдис. Абон дæр Мæлдзыгаты Сосланæн йæ ингæн ис Цæгат Ирыстоны Михайловскы хъæуы уæлмæрды.

Кæд цыбыр у Сосланæн йæ цардвæндаг, уæддæр ныууагъта бирæ хорз мысинæгтæ, чи йæ зыдта, уыдоны зæрдæты. Уый Ирыстоны сæрвæлтау æрхаста йæ сæр. Йæ Ирыстонæн иууыл зындæр куы уыд, уæд  слæууыд иууыл тæссагдæр æрбацæуæны æмæ йæ риуæй бахъахъхъæдта йе ‘мтуг адæмы. Сабыр дуг кæм æрлæууыд, æдасæй кæм цæрæм, уыцы Ирыстон кæддæриддæр кад кæндзæнис Севасти æмæ Сосланы хуызæн хъахъхъæнджытæн.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.