Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутаттæ Цоциты Игорь æмæ Гæбæраты Таймураз бабæрæг кодтой Ленингоры районы Захъор, Монастъер æмæ Цъинагары хъæутæ, базонгæ сты хъæуты цæрджыты проблемæтимæ.

Захъоры хъæуы цæрджытимæ фембæлды рæстæджы Цоциты Игорь цыбыртæй æрдзырдта Парламенты куысты тыххæй, Республикæйы закъондæттынады органы реформæимæ, афтæ ма парти «Иугонд Ирыстон»-ы архайды тыххæй.

Захъоры администрацийы сæргълæууæг Чертхъоты Витали куыд загъта, афтæмæй хъæуы цæрджыты проблемæтæй сæ иу у электроифтонгады къуылымпытæ. Уыдонæн сæ аххосаг у, электрохæххытæ кæй базæронд сты, уый.

Хъæууон администрацийы сæргълæууæг ма æрдзырдта, хъæуы донæй ифтонг кæныны æмæ хъæуы фæндæгты уавæры тыххæй.

«Доны фарст у рагон проблемæ. Рагон проблемæ у фæндæгты уавæр дæр. Къæвдайы рæстæджы дон фæндаджы бахæры, æмæ уæд Дудайты хъæу, Плиты хъæу æмæ æндæр хъæутæм бацæуæн нæ вæййы. Хорз уаид, ацы хъæутæм хорз, фидар хидтæ арæзт куы æрцæуиккой», – загъта администрацийы сæргълæууæг.

Чертхъойы фырт ма банысан кодта, паддзахадон телеуынынад «ИР»-ы трансляцийы фарст. Загъта, хъæуты æрмæст бынæттон телеканал кæй не ‘вдисы, фæлæ ма уæрæсейаг каналтæ дæр.

Депутаттæ хъæууон администрацийы сæргълæууæгмæ байхъусгæйæ, ныфс бавæрдтой, кæй баххуыс кæндзысты Захъоры цæджыты фарстытæ скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы.

Электороифтонгады фарстатæм æр-кæсгæйæ, депутат Цоциты Игорь банысан кодта, 2018 азы Республикæйы кæй хъуамæ раивой зæронд электроцæджындзтæ, æмæ йæ хъус кæй æрдардзæн, цæмæй уыдон ивд æрцæуой ацы хъæутæм дæр.

«Мах уын уæ проблемæ зонæм æмæ ацы фарст æрæвæрдзынæн Республикон паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс»-ы раз, цæмæй уæ хъæуы бакæной хъæуæг куыстытæ. Фæндæгты фарстыл дзургæйæ та, мах ацы фарст къухдариуæгады онг фæхæццæ кæндзыстæм, æмæ мæ ныфс ис, скъуыддзаг кæй æрцæудзæн», – загъта Цоцийы фырт.

Бынæттон телеуынынады фарсты тыххæй та депутаттæ банысан кодтой, Республикæ абон нымæцон телеуынынадмæ кæй хизы, æмæ ацы процессмæ кæй бахаудзысты Хуссар Ирыстоны хъæутæ дæр. Фæлæ уæддæр аналогон телеуынынад дæр кусдзæн.

Депутат Гæбæраты Таймураз йæ рады загъта, зæгъгæ, хъæууон клубы гæнæн ис æмæ сæвæрой телевизор спутникон телеуынынад «Триколор-ТВ»-имæ, цæмæй хъæуы цæрджытæ зонгæ кæной бынæттон хабæрттимæ, кæсой фильмтæм æмæ сæ сæрибар рæстæг æрвитой.

«Мах бацархайдзыстæм, цæмæй уын партийы æхцайы фæрæзтæй балхæнæм телевизор триколоримæ», – загъта Гæбæрайы фырт.

Захъоры скъолайы директор Хуыгаты Ритæ радзырдта, скъолайы уынджы кæй нæй нуазыны дон æмæ сывæллæттæ бар-æнæбары хъуамæ фæндагæн иннæ фарсмæ хизой. Уымæй уæлдай ма уый банысан кодта, скъолайы кæй хъæуы ног ахуыргæнæн дзаумæттæ.

«Сывæллæттæ бадынц тынг зæронд партæтыл. Ифтонггæрзтæ иу 10 азы бæрц ивд не ‘рцыдысты. Æнæмæнгхъæуæг у бахизæн дуæрттæ раивын дæр. Уыдон нал бæззынц æмæ сæ мах æдзух зæгæлтæй фидар кæнæм», – загъта Хуыгаты чызг.

Депутат Цоциты Игорь ныфс бавæрдта, партийы æхцайы фæрæзтæй æлхæд кæй æрцæудзысты ног партæтæ æввахс рæстæджы.

Хъæуы цæрджыты ма цымыдис кодта ахæм фарст, цæмæй Ленингоры районы, Къуайсайы цæвиттонмæ гæсгæ, æвзарой районон администрацийы сæргълæууæджы.

Цоциты Игорь загъта, зæгъгæ, фыццаг уал ахæм механизм, куыд праймериз, ауагътой Къуайсайы, фæлæ фæстæдæр Республикæйы алы районты дæр цæрджытæн фадат уыдзæн, цæмæй сæхæдæг равзарой районы сæргълæууæджы. Афтæмæй цы сæргълæууæджы равзардзысты, уымæн йæ разы стырдæр бæрндзинад уыдзæн. Фелдшерон-акушерон пункты сæргълæууæг Плиты Ларисæ бахатыд депутаттæм, медицинон уагдоны кæй ис æвзæр уавæртæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, агъуысты нæй дон, нæй дзы уавæртæ, цæмæй исой пациентты.

Депутаттæ бабæрæг кодтой фельдшерон-акушерон пункты, сæ цæст ахастой бæстыхайыл, зæронд ифтонггæрзтыл, æмæ ныфс бавæрдтой ацы фарст кæй фæхæццæ кæндзысты районы администрацийы онг.

Захъоры районы цæрджытæ ма æрдзырдтой цæрæнуат æндидзын кæныны, уæлхæдзæрттæ раивын æмæ æндæр фарстытыл. Депутаттæ загътой, зæгъгæ, сæ проблемæтæ æнæскъуыддзаг нæ баззайдзысты.

Монастеры хъæуы цæрджытæ, сæйраджыдæр, дзырдтой социалон фарстатыл.

Фылдæр ныхас цыд, хъæуы кæй ис бирæ зæронд адæм, кæцытæ цæрынц иунæгæй æмæ сын бирæ хæттыты хъæуы æххуыс суг æрласыны æмæ хостæ балхæныны хъуыддаджы, уымæн æмæ сын пенси нæ фаг кæны.

Хъодалаты Раисæ куыд загъта, афтæмæй уый йæ чызг-инвалидимæ цæры иунæгæй пенсийы фæрцы, æмæ сын уыцы æхцайы фæрæзтæ нæ фаг кæнынц, цæмæй суг дæр æлхæной.

Хъæуы цæрæг Уалыты Мераб зæгъта, зæгъгæ, йæ рынчын уатон мадмæ кæсы йæхæдæг.

«Мæ мад фæрынчын, уатон у æмæ йæм æз кæсын. Уымæ гæсгæ мæ куыст ныууагътон æмæ мах ныр 4 мин пенсийæ бæрцыл цæрæм. Ахæм рынчынтæ, куыд мæ  мад, хостæ исынц лæварæй, фæлæ мах ницы исæм. Хорз уаид, ахæм рынчынтæм фылдæр хъусдард куы здахиккой, уый», –  загъта Уалыйы фырт.

Цæрджытæ ма хъаст кодтой, куысты бынæттæ сын кæй нæй. Уыдоны ныхæстæм гæсгæ сæ иутæ кусынц цалдæргай бынæтты, иннæтæ та æгуыст сты.

Депутаттæ ныфс бавæрдтой, сæ фарстатæ æнæ хъусдардæй кæй нæ баззайдзысты.

Депутаттæ Цъинагары хъæуы бабæрæг кодтой сабидон æмæ райгондæй баззадысты.

Дарддæр депутаттæ цæрджытимæ фембæлдысты хъæууон администрацийы бæстыхайы. Парти «Иугонд Ирыстон»-ы регионалон хайы сæрдар Дриаты Спартак радзырдта, зæгъгæ, ноябры мæйы Орчъосаны цæрджытæ кæй æртымбыл кодтой къухфыстытæ, цæмæй уæлмæрды алыварс сæхгæной.

Районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады сæргълæууæг Бестауты Иван банысан кодта, ацы фарстимæ кæй сты зонгæ.

«Мах бынат бабæрæг кодтам æмæ нæм куыддæр æхцайы фæрæзтæ æрбацæуа, афтæ уæлмæрдæн йæ алыварс сæхгæндзыстæм», –  загъта Быценты фырт.

Хъæууон администрацийы сæргълæууæг Быценты Вадим ма æрныхас кодта ахæм фарстатыл куыд хъæууон  хæдзарадон техникæйы цухдзинады æмæ фæндæгты уавæры тыххæй.

Районы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады сæрдар йæ рады банысан кодта, ацы аз кæй райдайдзысты хъæуы мидæггагон фæндæгтæ цалцæг кæнын, централон фæндаг та хаст æрцыд Инвестпрограммæмæ.

Цъинагары хъæуы цæрæг Хъæцмæзты Ольгъæ загъта, йæ хъæбулы хъæбулы кæй хъæуы зынаргълæууæг операци саразын. Йæ ныхæстæм гæсгæ,  сын фыццаг операци аразыны рæстæджы  баххуыс кодта парти «Иугонд Ирыстон», фæлæ йын хъæуы ногæй операци саразын.

Гæбæраты Таймураз ныфс бавæрдта кæй сын баххуыс кæндзысты операци саразыны хъуыддаджы.

Хъæуы цæрæг Уалыты Зоя банысан кодта, хъæуæн бонæй-бонмæ йæ уавæр кæй хуыздæр кæны. Йæ ныхæстæм гæсгæ, цалцæг кæнын райдыдтой, рагæй фæстæмæ пырхæй цы клуб лæууыд, уый æмæ тагъд рæстæджы бæстыхайы эксплуатацимæ ратдзысты.

Цъинагары хъæуы цæрæг ма куыд загъта, афтæмæй хъæуы уынгтæ рагæй фæстæмæ рухс нæ цæуынц. Ацы фарстыл йæ рæстæджы дзырдтой районон администрациимæ, фæлæ хъуыддаг скъуыддзаг не ‘рцыд.

Депутаттæ ныфс бавæрдтой, хъæуы цæрджыты царды цы проблемæтæ ис, уыдон скъуыддзаг кæй æрцæудзысты.

Дарддæр депутаттæ бабæрæг кодтой Цъинагары хъæуы астæуккаг скъола. Хъæуы цæрджытæ æмæ скъолайы ахуыргæнджытæ дзырдтой нуазыны доны гъæд нæ бæззы,  скъола кæй ис аварион уавæры, афтæ ма æгуыстдзинады фарсты тыххæй.

Депутат Цоциты Игорь куыд банысан кодта, афтæмæй куыддæр горæтмæ æрцæуой, афтæ бахатдзысты санэпидстанцимæ, цæмæй эксперттæ басгарой дон, æмæ кæд нормæтæн дзуапп нæ дæтта, уæд хъæуы агурын æндæр фæндæгтæ ацы фарст аскъуыддзаг кæнынмæ.

Æгуыстдзинады темæйыл дзургæйæ, уый банысан кодта, Республикæйы ныртæккæ скъуыддзаг кæй цæуы дыгай бынæтты кусыны фарст, æмæ уый фæстæ фæзындзысты куысты бынæттæ дæр.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.