РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли бацыд Паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-мæ æмæ федта студи, кæцы цæттæгонд у æмæ техникон æгъдауæй дæр ифтонг у Республикæ Хуссар Ирыстоны VII сæвзæрст Парламенты депутаттæм кандидатты дебаттæ уадзынмæ.

Амæйразмæ паддзахады сæргълæууæг бахæс кодта ПТРК «Ир»-ы директор Чилæхсаты Георгийæн, цæмæй æртæ студи сцалцæг кæныны тыххæй сараза сметæ.

Абон аппаратурæ кæм ис, уый æмæ студитæй сæ иу капиталон цалцæджы фæстæ лæвæрд æрцыдысты эксплуатацимæ. Уыдон æппæтæй дæр дзуапп дæттынц нырыккон домæнтæн. Ноджыдæр ма дыууæ студийы капиталонæй цалцæг æрцыдысты æмæ ифтонггæрзтæй дæр ифтонг æрцæудзысты ацы азы 7-æм июнмæ. Студитæ цалцæг æрцыдысты республикæйы бюджеты финансон фæрæзты хыгъдæй.

Аппаратурæ кæм ис, уый æмæ студи дебаттæм куыд цæттæ сты, уый бæрæг кæнгæйæ, Бибылты Анатолийы бацымыдис кодта сæ техникон ифтонгад нырыккон стандарттæн куыд дзуапп дæттынц, уымæ.

Президентæн лæмбынæг радзырдтой ног аппаратурæйы куысты, рухсон æмæ мырон ногдзинæдты тыххæй, кæцыты фæрцы алæвæрдтæ эфиры цæуынц гъæдджынæй. Уыдон ма Президентæн радзырдтой, æвзæрстыты фæстæ куыд рацараздзысты студитæ ин-ервьюты æмæ авторон алæвæрдтæн. 

«Мæнæн æхсызгон у, залæн сцалцæг кæнын кæй бантыст, уый. Кæдæй-уæдæй нын ис нырыккон студи. Нырыккон техникон фæрæзты фæрцы телеуынынадæн йæ бон бауыдзæн куысты ног форматмæ рахизын.   Махæн фæзынд стыр фадæттæ размæ цæуынæн,  паддзахадон телерадиокомпанийы стыр сфæлдыстадон потенциал рæзын кæнынæн. Æнтыстытæ уын уæд!», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Куыд зонæм, афтæмæй РХИ-йы Парламентмæ депутатты æвзæрстытæ уыдзысты 9 июны. 20-æм майæ фæстæмæ 20 боны дæргъы ПТРК «Ир»-ы  уагъд цæудзæн комкоммæ эфиртæ 1-1,5 сахаты дæргъы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.