Президент Бибылты Анатоли хайад райста хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг демаркацион къамисы дыккаг рабадты.

Хуссарирыстойнаг фарсæрдыгæй рабадты хайад райстой постконфликтон бæстонкæнынады фарстаты фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат (хусссарирыстойнаг делегацийы сæрдар), Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ Паддзахадон æдасдзинады комитеты Арæнхъахъхъæнæг службæйы минæвæрттæ, Уæрæсейы фарсæрдыгæй та – къамисы уæрæсейаг делегацийы къухдариуæггæнæг Вадим Постнов, Æдасдзинады федералон службæйы,  Фæсарæйнаг хъуыддæгты, Росреестры геодези æмæ картографийы минæвæрттæ æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

Бибылты Анатоли стыр аргъ скодта паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркацийы фæдыл къамисы куыстæн. Уый банысан кодта, зæгъгæ, уыцы куыст бахæццæ йæ логикон кæронмæ.

«Мæн фæнды бузныг уын зæгъон ахæм, æцæгæйдæр бæстон куысты тыххæй, зæгъæн ис, фæлмæцæн куысты тыххæй, уымæн æмæ уый баст у гæххæттытимæ, картæтимæ æмæ а.д. Фæлæ сымах уыцы куыст тынг хорз сæххæст кодтат», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Уый ма ныфсимæ банысан кодта, зæгъгæ, искуы хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг арæн куыдфæндыйæ дæр суыдзæн административон.

«Дунейы нырма алкæцы паддзахадæн бæстонгонд не сты ад-министративон арæнты фарстатæ. Бирæ цæвиттонтæ ис æрхæссæн, цыран демаркаци нырма нæ ауагъдæуыд. Æгæрыстæмæй, уымæ гæсгæ дæр уæ куыстæн сæрмагондæй кад кæнын хъæуы», – загъта Президент Бибылты Анатоли.

Йæ рады Вадим Постнов банысан кодта, зæгъгæ, къамисы куыст арæзт цæуы æрмæстдæр хæларсыхагон бындурыл æмæ йын ис конструктивон характер.  

«Мах тынг тагъд ссарæм иумиаг æвзаг æмæ æрцæуæм иу хъуыдымæ. Нырма кæд дыккаг рабадт уадзæм, уæддæр мах ныридæгæн бакуыстам æмæ абон фæнд кæнæм иу къорд инструкци æмæ уагæвæрдтыл нæ къухтæ æрфыссын, кæцытæ нын фадат ратдзысты практикон архайдмæ рахизынæн, демаркацион картæ саразын, арæнгæрон нысæнттæ кæм сæвæрын хъæуы, уыцы бынæттæ сбæрæг кæнынæн», – банысан кодта уый.

РХИ-йы Президент  æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.