Зæгъын æй: адæмтæ размæдзыд æмæ нымады вæййынц æндæр нациты хсæн сæ культурæ æмæ аивады тыхджын рæзты фæрцы. Æнæмæнг, уыдон бæрзонд æмвæзадыл цы нацийæн лæууынц, уыдон сæхи амондджыныл хъуамæ нымайой, райгæйæ кæсой ацы дунемæ. Уый уымæн, æмæ ацы диссаджы æвæрæнтæй буц æмæ сæрыстыр сты канд сæхæдæг нæ, фæлæ сын уыцы æгъуыстаджы бынты фæрцы аргъ фæкæнынц æндæр адæмтæ дæр. Æппæлыны тыххæй йæ нæ зæгъын, фæлæ бæркадджын сты ирон адæм дæр ацы хæз-натæй æмæ уый тыххæй хъысмæтæй хъуамæ бузныг уæм, фыццаджыдæр хъуамæ сæрыстыр уæм, рагзамантæй фæстæмæ се сфæлдисыныл чи фæфыдæбон кодта, йæ фидар зонд æмæ удыхъæдæй сæ чи сфæлдыста, нæ уыцы куырыхон фыдæлтæй. Бузныг хъуамæ уæм, уыцы бынтæ рохуаты чи нæ ныууагъта, фæлæ сæ фуфугæнгæ абоны бонмæ чи æрхæццæ кодта, абон та сæ райрæзын кæныныл уæхскуæзæй чи кусы æмæ фыдæбон кæны, культурæ æмæ аивады уыцы дæснытæй.

Аивады размæдзыдæн æппæт йæ тых æмæ курдиат чи нæ хæлæг кæны, йæ дарддæры дидинрафтыды сæраппонд уæхскуæзæй чи фыдæбон кæны, уыдон фыццæгтæй Саулхты Мухтъары фырт Мэльс у. Кафты аивадæн хистæр фæлтæры табугæнджытæ хорз хъуыды кæнынц нæ паддзахадон ансамбль «Симд»-ы йæ диссаджы арæхстдзинад æмæ фердæхтдзинад. Фæстæдæр та, æвзонг фæлтæрæн йæ бирæ зонындзинæдтæ æнæвгъауæй къорд азты дæргъы кæй амоны, кæй сæ хъомыл кæны, уыцы арфæйаг куыст у. Саулохы фырт фæстаг къорд азы йæ цæхæркалгæ зонындзинæдтæ лæвар кæны, кафты аивад уарзон кæмæн у, йæ зæрдæмæ йæ арф чи исы, уыцы суинаг фæсивæдæн. Уыцы азты дæргъы скъола-студи дзæвгар лæппуты æмæ чызджыты схъомыл кодта, уыдонæй сæ иутæ æрлæууыдысты ацы арфæйаг фæндагыл, иннæтæ кæд кафты аивад нæ равзæрстой сæ дарддæры куыстæн, уæддæр фæхайджын сты аивады цæхæрæй æмæ уый дæр кæуылты хъуыддаг у. Скъола-студи байгом 1990 азы 1 сентябры æмæ коллектив сфæлдыстадон æгъдауæй архайын райдыдта æвзонг фæлтæры хсæн ирон националон культурæ парахат кæныныл. Ацы скъолайы байгомыл 25 азы сæххæсты цытæн ивгъуыд аз Саулохты Мэльс бацæттæ кодта æмæ рауагъта чиныг «Государственной хореографической школе-студии при министерстве культуры Республики Южная Осетия». Автор куыд фыссы, афтæмæй скъолайы байгом уыд ахсджиаг цау Хуссар Ирыстоны культурон царды.

Кусынмæ йæм æрбахуыдтой Ирыстоны культурæйы зынгæ архайджытæ Гаглойты Хазби, Лалыты Азæ, Æрсойты Владимир, Цыбырты Владимир æмæ Четион Майайы, фæндырдзæгъдæг Созранты Валери, аккордеонисткæ Плиты Ульянæ, гуымсæгылцæгъдæг Хъуылымбегты Роберт æмæ æндæрты. Райдианы сæ куыст райдыдтой горæты культурæ æмæ улæфæн парчы бæстыхайы концертон залы. Уым фæкуыстой 1991 азы январы мæйы райдианмæ, стæй сæ куыст æрурæдтой, уыцы аз горæт Гуырдзыстоны милици кæй бацахста, уый аххосæй. Скъола-студи йæ куыст сног кодта 1992 азы 1 сентябры Хуссар Ирыстоны обкомы раздæры бæстыхайы конференц-залы. Кæд уыцы рæстæджы ам дæр кусынæн бынтон хорз уавæртæ нæ уыд, уæддæр коллектив йæ хай бахаста ирон аивады рæзтмæ. Автор дарддæр нымайы, чи дзы куыста, уыдоны нæмттæ дæр – 42 адæймагæй фылдæр. Зæгъын хъæуы, 5 азы дæргъы, ома, 1992 азæй 2005 азмæ кæй рауагъта ахуыргæнинæгты 5  рауагъды. Уыдонæй бирæтæ кусын райдыдтой ансамбль «Симд»-ы, уыцы нымæцы Санахъоты Жаннæ, Бестауты Ирмæ, Плиты Мака, Лолаты Альбинæ, Гатыгкоты Ляля, Лолоты Андрей, Болататы Маирбег, Джиджджойты Алан, Руслан, Санахъоты Георги, Гояты Димитр, Пухаты Сослан æмæ æндæртæ. Скъола-студийы хæрзиуæгон куыст æмæ йæ къуылымпыты тыххæй уацтæ мыхуыр цыдысты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны мыхуыры фæрæзты æмæ уыдон дæр бахаста йæ чиныгмæ. Бакæсæн дзы ис Гæззаты Иваны «Скъола-студи – æрыгон кафджыты куырдадз», Хъороты Сосланы «Аивады фæндагыл», Æлборты Мадинæйы «Выступление юных дарований», Джиоты Ульянæйы «В вихре танца», Гæбæраты Юрийы «Ирон кафты авдæн», Хуыбиаты Никъалайы «Хореографион студи ис, фæлæ нæй» æмæ æндæртæ – æдæппæт сты 23 уацы. Ам ма сты коллективы, ахуыргæнинæгты сæххæстгонд кафты къамтæ æмæ æндæртæ. Студийы чызджыты ансамбль «Арвырон» сси Хуссар Ирыстоны адæмон сфæлдыстады фыццаг æмæ дыккаг фестивальты лауреаты номы аккаг æмæ 1999 азы та – Ростовы уагъдцæуæг фестиваль «Молодежь за мирный Кавказ»-ы лауреат.

Кæй зæгъын æй хъæуы, скъола-студийы æнтыстытæ уыдаиккой ноджы фылдæр, фæлæ хæстон уавæртæ уый фадат æххæстæй нæ лæвæрдтой, ныр цалдæр азы та скъола йæ куыстæй æрлæууыд, кæм ахуыр кæной, ахæм бынат сын кæй нал ис, уый аххосæй. Фæлæ уæддæр коллективы ныфс ис, рæхджы студи йæ дуæрттæ кæй байгом кæндзæн æндæр бæстыхайы, кæй та хъомыл кæндзæн курдиæтты. Уыцы хъуыддаг зындгонд у нæ Хицауад æмæ Культурæйы министрадæн æмæ архайынц сæ куырдиат сын сæххæст кæныныл. Уый уы-дзæн цины бæрæгбон ахуыргæнджыты коллектив, æвзонг курдиæттæ æмæ сæ ныййарджытæн дæр. Рæхджы сыл æрцæуæд уыцы хорздзинад!

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.