Къуырисæры, 13-æм декабры нæ горæты Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры уагъд æрцæудзæн музыкалон преми «Æрфæны фæд». Ацы музыкалон преми ныр организаци цæуы æртыккаг хатт.  Уый размæ азты-иу ногазон æхсæвы «ИР»-ы телеканалыл æвдыст цыд музыкалон хиирхæфсæн программæ «Фарны изæр». Фæлæ 2019 азы аскъуыддзаг кодтой проект фæивын æмæ  сценæмæ Ирыстоны хуыздæр зарæггæнджыты æмæ музыкантты æрбамбырд кæнын. Мадзалы организатор у паддзахадон телерадиокомпани «ИР». Йæ ауадзынæн æххуыс кæны РХИ-йы  Президент Бибылты Анатоли. Мадзаламонджытæ сты РХИ-йы сгуыхт артисткæ Хуыгаты Альбинæ, паддзахадон драмон театры артист, ПТРК «ИР»-ы автор-амонæг Мамиты Григори, ПТРК «ИР»-ы ног хабæртты амонæг Хуриты Батрадз æмæ ПТРК «ИР»-ы уацхæссæг Коцты Зæринæ. Ацы æнæаивгæ амонджытæ та ныр дæр сæ арæхстдзинадæй ба-хъæлдзæг кæндзысты аивадуарзджыты зæрдæтæ, уый размæ дыууæ азы куыд уыд, афтæ. Музыкалон премийы хайад райсдзысты Ирыстоны дыууæ хайы зынгæ зарæггæнджытæ Бекъойты Вано, Къудухты Васили, Тасойты Игорь, Хаситы Сослан, Гатыгкоты Нинæ, Пæррæстаты Аннæ-Мария, Саппиаты Зæлинæ, Харебаты Вадим, Джиоты Любæ, Хъодалаты Мария, Харебаты Марта, Пæррæстаты Арианнæ, Лалыты Альберт, Гуццаты Нодар, Хадыхъаты Аллæ, Фæрдзинты Батрадз, Хъесаты Илонæ, Зæнджиаты Мадинæ, Бестауты Дианæ, Собиты Русланæ, Бутаты Зæринæ, Томайты Миланæ, Багаты Шота, Сечъынаты Элитæ æмæ æндæртæ. Дызæрдыггæнæн нæй, музыкалон премимæ чи æрбацæуа, уый хъæлдзæг рæстæг кæй арвитдзæн, ууыл.

Проекты къухдариуæггæнæг у национ телеуынынады редактор Козаты Дзерассæ. Премийы инициатортæй ралæууыдысты теле-уынынады кусджытæ Бестауты Юлия æмæ Мамиты Григори.

Преми лæвæрд цæудзæн ахæм номинацитæй, куыд, зæгъæм,  «Ирыстоны музыкалон аивадмæ  стыр хайбавæрд бахæссыны тыххæй», «Аивадмæ æнтыстджын къахдзæф»-ы  тыххæй æмæ афтæ дарддæр.

Козаты Дзерассæйы ныхæстæм гæсгæ преми уагъд цæудзæн дарддæр дæр, йæ организатортæ план кæнынц проект ноджы рауæрæхдæр кæнын, уæлдай масштабондæр характер ын ратгæйæ. Преми «Æрфæны фæд»-æн ис цалдæр номинацийы.

Нæ республикæйы цæрджытæн сæ бон суыдзæн музыкалон мадзалмæ Ног азы æхсæвы 31 декабры «ИР»-ы телеканалыл  бакæсын. Уырны нæ, сæ зæрдæмæ кæй фæцæудзæн æмæ дзы æхцондзинад кæй райсдзысты, уый.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.