Къорд азты, куыд Советон Цæдисы æндæр рæтты, афтæ  рæзт æмæ йæ цардуагон уавæртæ хуыздæр кодтой  Цхинвалы районы Дменисы хъæуæн дæр. Уый, цалынмæ не стыр æмæ хъомысджын паддзахадыл йæ разамонджытæ гадзрахатæй нæ рацыдысты, хайгай йæ нæ ныккодтой, уæдмæ. Уæд ма нæ хъомысджын паддзахад цасдæрбæрцæй тыхджын уыд йæ адæмты иудзинад æмæ хæларадон ахастытæй.

Кæд не стыр æмæ хъомысджын паддзахад хæлд æрцыдис нæуæдзæм азты райдианы, уæддæр фæстæдæр фæбæрæг, ныгуылæйнаг бæстæтæ ууыл рагæй кæй хъуыды кодтой, уый. Советон Цæдисы республикæтæй хъуысын райдыдтой, уæдмæ ахуыр кæуыл нæ уыдыстæм, ахæм хабæрттæ. Адæм куы бамбæрстой, паддзахадæн æнæфехæлгæ нал ис, уæд ныллæууыдысты сæ бартæ бахъахъхъæныны фæндагыл. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ сыхаг бæстæйы разамынд æмæ адæмы зæрдæмæ нæ цыд æмæ аразын райдыдтой алыгъуызон фыдракæндон архайдтытæ.

1989 азы цалдæр мин хотыхджын гуырдзиаджы Хуссар Ирыстонмæ кæй  æрбафсæрстой, уый дæр æнæнхъæлæджы нæ уыд. Уæдмæ дæр сæ тæрсынгæнæн æртхъирæнтæ хъуыстысты алыгъуызон информацион фæрæзтæй. Сæ фæнд æххæст не ‘рцыд æмæ дзы иутæ æгадæй аздæхтысты фæстæмæ. Иннæтæ та баззадысты Хуссар Ирыстоны хъæутæй гуырдзиæгтæ кæм цард, уымыты æмæ райдыдтой алыгъуызон фыдракæндон архайдтытæ. Уæд Дменисы хъæуы цæрджытæ дæр агуырдтой æмæ истой мадзæлттæ сæ хъæу, сæхи бахъахъхъæныны сæраппонд. Уыцы бонты хъæумæ æрбацæуæнты постытæ сæвæрын æмæ уыдон хæцæнгарзæй ифтонг кæныныл чи бакуыста, уыдоны ‘хсæн уыдысты Лолоты Павел, Къусраты Анатоли, дзæнæттаг Бибылты Омар æмæ æндæртæ. Фыццаг фæмардуæвæг уыд æвзонг лæппу – дыууæ кæстæры фыд Дудайты Витали. Уавæр куы нæ сабыр кодта, уæд Дменисы хъæуы алы-варс постытæ кодтой фылдæр. Гуырдзиаг фыдгæнджытæ уымæ не ‘нхъæлмæ кастысты, æнхъæлдтой, хъæуы фæсивæд, йæ цæрджытæ æрлæудзысты сæ зонгуытыл, фæлæ афтæ куы нæ рауад, уæд сæ агрессивон архайд кодта карзæй-карздæр. Иу ахæм æхстыты рæстæджы уæззау цæф фæцис, царды ад рæстмæ æнкъаргæ дæр чи нæма бакодта, ахæм 18 аздзыд Къæбулты Ирбег. Базыдта йæ хъысмæт, нал урæдта йæ рыст, æмæ ма йе ‘мбæлттæн лæгъстæ дæр кодта, зæгъгæ, уæддæр нал фервæздзынæн æмæ мæ фехсут.

Йæ хъысмæт афтæ рауадис Лолоты Отарæн дæр. Уый дæр æндæр лæппутимæ Дменис хъахъхъæдта Уанатæй Дменисы ‘хсæн. Иу рæстæджы æхстытæ куы сытынг сты, уæд Отар фæцæф. Йе ‘мбæлттæ ма бæргæ  архайдтой йæ фервæзын кæныныл, фæ-лæ… Рæстæгмæ ныгæд æрцыдис йæ цæхæрадоны.

Фæстæдæр йæ хъысмæт хуыздæр нæ рауад Отары æфсымæрæн дæр. Уый посты нæ лæууыд, фæлæ гуырдзиæгтæ хъæумæ Ксуисы ‘рдыгæй куы æрбафсæрстой, уæд амбæхст нартхоры хуымы. Æнхъæлдта, нæ йæ федтой æмæ æнхъæлмæ каст уавæр кæд фæхуыздæр уыдзæнис, уымæ. О, фæлæ йæ федтой, бацыдысты йæ цурмæ æмæ йæ уым амардтой.

Джиголаты Отар йæ къухтæм кусæнгарзæй дарддæр никуы ницы райста. Йæ фос уыдысты Зонкъары комы. Бæхыл сæм фæцæйцыд дæрдтыл, зæгъгæ, уым гуырдзиæг-тæ нæ уыдзæнис, фæлæ дзы разынд, æмæ уый дæр йæ адзал ссардта.

Иу æмбисæхсæв Еред, Ксуис æмæ Уанатæй æхстытæ куы нал цыд, уæд дыууæ цардæмбалы Лолоты Герги æмæ Бибылты Маруса дæр сулæфыдысты сæ зæрдæты фаг. Загътой, зæгъгæ, ныр кæд нал æхсиккой, рухс ахуыссын кодтой æмæ æрхуыссыдысты. Чизоны фынæй дæр нæма аисты, афтæ хæдзарыл сæмбæлд стыр калиброн рæмудзæн æрмæг, бахауд, æмкъæйттæ кæм фынæй кодтой, уырдæм æмæ фехæлд…

Дудайты Хъазбег æмæ Тенгиз горæты сæ хъуыддæгтæ куы бакодтой, æмæ фистæгæй Ереды хъæуыл ацæуыны фæнд куы скодтой, уæд сæм тасы æнкъарæнтæ дæр куыд нæ уыдаид, фæлæ сæ дыууæйы дæр стыр ныфс уыдис Ереды хъæуы сæ бирæнымæц зонгæтæй, æмæ фæцæуæг сты. Рог хæссинæгтæй дарддæр сæм ницы уыд, фæлæ гуырдзиæгтæ Присы хъæуы цы пост сæвæрдтой, уырдæм куы бахæццæ сты, уæд сæ тасы æнкъарæнтæ бынтондæр атадысты. Кæй дзы баййæфтой, уыдон иууылдæр разындысты сæ хорз зонгæтæ. Дзуарыбонты, куывдты, чындзæхсæвты, стæй æндæр хъуыддæгты кæрæдзийæн уыдысты æххуыс. О, фæлæ… Хъазбег æмæ ма Тенгиз бæргæ архайдтой, æппæт дæр сын æрымысын, æрхъуыды кæныныл, фæлæ сын загътой, зæгъгæ, ныр æндæр рæстæг у, æмæ сæ бамидæг кодтой дæлейæ æрвыст гуырдзиæгтæм. Цы сыл æрцыд æмæ сæ дыууæ дæр кæм сты, уый абон дæр бæрæг нæу.

Æлборты Онегин, Джиголаты Амиран æмæ Бестауты Георги дæр Дменисæй Цхинвалмæ рараст сты стыр ныфсытимæ, фæлæ куыддæр Ереды хъæумæ æрбаввахс сты, афтæ фæивтой сæ хъуыды. Æвæццæгæн фæхатыдысты, разæй сæм цы стыр æнамонддзинад æнхъæлмæ кæсы, уый æмæ фæивтой сæ фæндаг. Хъæуыл нæ, фæлæ сæ ных скодтой хъæуы сæрты, хъæдыл. Гуырдзиæгтæй сæ чидæртæ федта æмæ фæцæуæг сты сæ фæдыл. Хъæуы сæрмæ рагъмæ куы бахæццæ сты, уæд сæ фæстейæ басырдтой. Уыдон дæр кæрæдзийæн разындысты зонгæтæ. Райдианы бæргæ ссардтой иумæйаг æвзаг, бæргæ бирæ хорз цыдæртæ æрымысыдысты,фæлæ…

Фæлæ сæ акодтой Хеиты хъæумæ, бакодтой сæ иу хъæдын агъуысты, дуар сыл фидар сæхгæдтой æмæ сыл арт бандзæрстой. Чидæртæ сæ федта æмæ дзырдтой, зæгъгæ, сæ тæригъæдмæ кæсын, сæхи бон дæр нæ баци, сæ иу, бавзæр, нал æмæ нал чъицыдта æмæ йæ Гуры рынчындонмæ аластой.

1992 азы уавæр чысыл куы фæхуыздæр, уæд Хуссар Ирыстонæй дæр æмæ Гуырдзыстонæй дæр, кæд тæрсгæ-ризгæ, уæддæр адæм цæуын райдыдтой кæрæдзимæ. Дменисаг ацæргæ лæг Къусраты Падо гуырдзиаг хъæу Меретæй скодта цалдæр гуырдзиаджы æмæ сын загъта, цæмæй йын, цы чысыл трактортæ сæм фæзынд, уыдонæй бахуым кæной йæ хæдзаргæрон зæххытæ. Уыдон сразы сты æмæ дыккаг бон сæумæйæ ссыдысты Падойы цæхæрадон бахуым кæнынмæ. Уый фæстæ дæр ма сæм иу хатт фæдзырдта. Арæх-иу Падойы фæрсгæ дæр акодтой, зæгъгæ, гуырдзиæгтæ уæ куы асурой, уæд дæ хæдзар æмæ зæххытæ кæмæн баззайдзысты… Загътой зæгъгæ, Дменисы хъæу, Еред æмæ Ксуисы хъæуты гуырдзиаг цæрджытæн дихгонд у. Афтæ кæй уыд, уый бæрæг у уымæй дæр, æмæ ередæгтæ Дменисы хъæумæ кæд фылдæр хатт æхстой Цхинвал-Уанаты фæндагæй, уæддæр сæ нæмгуытæ тахтысты хъæуы сæрты æмæ æмбæлдысты хъæуы сæрмæ рагъыл.

Хъæуы цæрджытæ, сæ хъæу æмæ сæхи бахъахъхъæнынæй дарддæр, фæстæдæр уавæр ноджы куы фæкарздæр, рынчындоны цæфтæ фылдæрæй-фылдæр куы кодтой, уæд æмбырд кодтой, кæрчытæ, цыхтытæ, халсæрттæ, дыргътæ æмæ æндæр продукттæ æмæ-иу сæ арвыстой рынчындонмæ, цæфтæн. Ацы хæс йæхимæ райста æмæ йæ æххæст кодта, абон дзæнæттаг, Габойты Иван.

                                                                            ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.