Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдиан, куыд æппæт Советон адæмты, афтæ нынкъуысын кодта алы дменисаджы зæрдæ дæр. Уымæн  æмæ æмбæрстой, разæй сæм цы стыр фыдæвзарæнтæ æнхъæлмæ кæсы, уый. Хæстхъом нæлгоймæгтæ æмбæрстой, знаджы ныхмæ тох кæнынмæ сæ кæй хъæудзæн цæуын, ацæргæтæ зыдтой сæ сагсур хæдзардарæг нæлгоймæгты цы фыдбылызы фæндæгтыл æрвитдзысты, уый. Сылгоймæгтæ дæр хорз æмбæрстой сæ æдых уæхсджытыл цы уæззау уаргъ æвæрд æрцæудзæнис, уый.

Иудзырдæй, хæст бавнæлдта йæ  дæрзæг тугмондаг армæй алы адæймаджы зæрдæмæ дæр стырæй, чысылæй æмæ сæ тасдзинад уагъта. Дменисы хъæуы цæрджытæ дæр сагъæссаг фесты, катайы ныххаудтой. Сæ  ныййарджытæн, сæ цардæмбæлттæн æмæ хъæбултæн хæрзбон кæнгæйæ, уыдон кæрæдзийы фæдыл ивылдысты цыфыддæр знаджы ныхмæ тохы быдырмæ. Дменисаг фæсивæд тох кодтой æндæр æмæ æндæр рæтты, æндæр æмæ æндæр фронтты æмæ сæ тугæй æлхæдтой се стыр райгуырæн бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад, æввахсæй æввахсдæр кодтой, ахæм зынаргъ сын чи уыд æмæ æнæрхъæцæй æгас дуне кæмæ æнхъæлмæ каст, уыцы Уæлахизы бон.

Дменисæгтæ сæ хъæуæй фронтмæ афæндараст кодтой 150 адæймаджы бæрц. Уæд Дменисы хъæуы стыр колхоз йæхимид фæдих дыууæ чысыл колхозыл æмæ 150 хæдзардарæгæй, колхозонæй фæцух сты. Æппæт куыстыты уæз дæр сæхимæ райстой ацæргæ адæймæгтæ, сылгоймæгтæ, æнахъом лæппутæ æмæ чызджытæ. Цахæм тохвæндагыл фæцыдысты сæ хæстон бæлццæттæ, уый та фæбæрæг фæстæдæр. Уыдон ирон лæджы кад дæлæмæ нæ уагътой, афтæмæй хъæбатырæй тох кодтой немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ. Фæлæ хæст хæст у, цард æмæ дзы мæлæт фæрсæй фæрстæм фæцæ-уынц. Уыцы æгъатыр хæстæй сæ уæзгуытæм нал æрыздæхтысты 72 адæймагæй. Уыдон нал æрæййæфтой Уæлахиз, нал сæмбæлдысты сæ хиуæттæ, сæ хъæубæстыл.

Ацы хъæуæй иууыл стырдæр цæф кæуыл æрцыд хæсты азарæй, уыдон уыдысты Æлборты æфсымæртæ Сандро æмæ Дауыт. Сандро  тохы быдырмæ арвыста йе ‘ртæ фырты – Иван, Валодя æмæ Евгены, Дауыт та – йæ дыууæ фырты – Илья æмæ Георгийы. Сæрæнгуырдтæ уыдысты иууылдæр, знаджы ныхмæ тох кодтой хъæбатырæй æмæ сæ хабæрттæ хъуыстысты сæ хъæумæ дæр, фæлæ сыл сæ хъысмæт разылд хинæй, иу дæр дзы сæрæгасæй нал сæмбæлд йæ уæзæгыл – иууылдæр баззадысты тохы быдыры. «Ацу æмæ ма ‘рцу»-йы фæндагыл ма фæцыдысты æфсымæртæ Къуезерты Георги æмæ Алекси, Къуезерты Валодя æмæ Шаликъо.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты æрмæст Сырх Æфсад не ‘вдыста хъайтардзинад немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ тохы, фæлæ æгас советон адæм дæр. Фæсчъылдым чи баззад, уыдон æппæт сæ хъазуатон куысты руаджы архайдтой, цæмæй уæлахизы  бон тагъддæр æрæввахс уыдаид. Уыцы хæстон азты сты стыр фæллойадон архайдтытæ кæмæн баззадысты историйы, уыдонæй сæ иу уыдис Дменисы хъæуы цæрæг Дудайты Баграт дæр. 1906 азы Дме-нисы хъæуы  райгуырд Баграт æмæ хъомыл дæр уым кодта. Куы ралæг, уæд райдыдта колхозон арæзтад дæр. Дменисы хъæуы уæд арæзт æрцыд дыууæ колхозы, Дæллаг æмæ Уæллаг хъæуы колхозтæ. 1938 азы уыдон баиу сты æмæ колхозонтæ сæхицæн сæрдарæй равзæрстой Дудайты Баграты æмæ дзы фæкуыста 1950 азмæ. Йæ разамындæй колхозон кусджыты къухы æфтыд стырæй стырдæр æнтыстытæ æмæ фидарæй фидардæр кодта, ссис раззагондæр колхозтæй сæ иу. Баграт цы азты куыста, раст уыцы азты Дменисы хъæуы сырæзт фосдарды фермæ, колхозы правленийы бæстыхай, бындур æвæрд æрцыд фæткъуыбæлæсты дыргъдонæн 42 гектары фæзуатыл, сæнæфсиртæ та ныккалдта 9 гектары фæзуатыл.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæззау азты Дменисы хъæуы цæрджытæ Дудайты Баграты разамындæй стыр бавæрд бахастой фронтæн æххуыс кæныны хъуыддагмæ. Хæстон хæдтæхджытæ аразыны тыххæй дменисаг фæллойгæнджытæ паддзахадон бангмæ ахыгътой 30 мин сомы. Дудайты Баграт уæд йæ фæллойадон сгуыхтдзинæдты тыххæй хорзæхджын цыдис паддзахадон хорзæхтæй, цалдæр хатты йæ сæвзæрстой адæмон депутатты Цхинвалы район советмæ депутатæй, афтæ ма Цхин-валы райкомы уæнгæй дæр.

Ахæм уыд сæ хайбавæрд дменисæгтæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизмæ.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.