Æвæдза, царды адæймаг цæй диссаджы удыхъæды хицау адæймæгтимæ сæмбæлы… Иуæй-иу адæймæгтæй ахæм хорз энерги фæцæуы, ахæм æвæрццаг аурæ сын вæййы æмæ адæймаг семæ ныхас кæнынæй нæ фефсæды, фæфæнды йæ, йæ цуры фылдæр рæстæг куы алæууид, уый. Ахæмимæ базонгæйы фæстæ адæймагмæ сæвзæры фæсмондзинады æнкъарæнтæ, зæгъгæ, цæй æрæгмæ базонгæ дæн йемæ, раздæр æй цæмæннæ зыдтон. Ахæм диссаджы хæларзæрдæ адæймæгтæм хауы, кæй кой ракæнынмæ хъавын, уый дæр.

Алыхуызон аив дзаумæттæ чи кæны, æмæ адæмы дисы чи æфтауы, ахæм адæмимæ фембæлын æдзухдæр æхсызгон вæййы. Сæ иу у Пухаты Нега.

Уый куклæтæн лæвар кæны ног цард æмæ рæсугъддзинад. Йæ куыстытæ сты диссаг. Иу сæ иннæйы хуызæн нæу.

Йæ арæзт куклæтæ ахæм аив сты, æмæ сæ фендæй адæймаг йæ сабибонтæм раздæхы, кæддæр митын дадатæй, мифологон гномтæй æмæ фейæтæй куыд хъазыдтæ… Йæ арæзт куклæтæ  æрбынат кодтой æрмæст  Негайы хæдзары тæрхджытыл нæ, фæлæ ма куысты дæр. Уыдонмæ бакæсгæйæ, адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма дæм сдзурынмæ хъавынц.

ЙÆ РÆСУГЪД, ЙÆ ДИССАДЖЫ ÆРМДЗÆФ

Пухаты Негайы схонæн ис диссæгтæ аразæгæй. Уымæн æмæ йæхи къухтæй сфæлдисы аргъау. Пайда кæны хуымæтæг æрмæгæй. Алы хъайтарæн дæр ис йæхи истори æмæ зæрдæйы ахаст. Хъазæнты æддаг бакаст цæмæй иттæг хорз уа, уый тыххæй автор бæстон ахъуыды кæны алы лыстæг хъуыддагыл дæр. Райдай уæлæдарæсæй æмæ аивгæнæнтæй фæу.

«Ис куклæ, кæцыйы цалдæр сахаты мидæг бахуыйын. Иуæй-иу хатт мæ æртæ-цыппар боны дæр бахъæуы.  Æппындæр ницы æп-парын, алцыдæр æфснайын, уый тыххæй æмæ йæ нæ зонын цы мæ бахъæудзæнис хуыйыны процессы, фæлæ мæ хъуымац æлхæнын уæддæр бахъæуы».

Абон арæх фехъусæн ис дизайнерты кой. Дизайнеры дæсныйад ссис кадджын. Уæлæдарæсы тыххæй дзургæйæ зæгъын хъæуы, – дизайнер æрмæст хуыйгæ нæ кæны, фæлæ йæ сæйраг хæс у, дарæсæн йæ фæлгонц, йæ дизайн æрымысын. Уыцы куыст та йæхæдæг у æнæхъæн аивад. Дизайнер суæвын хуымæтæг хъуыддаг нæу. Уымæн хъæуы æрдзон курдиат.

Нега йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй тынг уарзы хъуымацимæ кусын. «Кæд ди-зайнеры куыст зын у, уæддæр мæнæн хæссы æнæкæрон æхцондзинад». Сӕрмагонд ахуырад нӕ райста, фӕлӕ йӕ куыстытӕ тынг цымыдисон рауайынц.

ЙÆ РÆСУГЪД, ЙÆ ДИССАДЖЫ ÆРМДЗÆФ

Йæ дæсныйадыл фæдзуры  уыцы бæстон æмæ арæхстджынæй, æмæ йæм чи байхъусы, уыдонæй алчидæр сцымыдис вæййы дизайнеры дæсныйадмæ. Уæвгæ, йæ куклæтæн цы дарæс бахуыйы, уыдонæн вæййы уникалон авторон характер. «Тынг æхсызгон мын вæййы, уазæгуаты  мæм куы æрбацæуынц æмæ мæ куклæтыл куы бацин кæнынц, уæд. Уæд фæзæгъын мæхицæн, мæ куыст дзæгъæлы кæй нæу», – дзуры Нега.

Йæ сæйраг куыст у сæр æлвынын. Ацы куыст фæкодта цæрæнбонты. Кæд йæ куыст æнцон нæу, уæддæр æй афтæ уарзы æмæ дзы фæллайын нæ зоны. Æгæрыстæмæй йын улæфт бон дæр нæй, уыййас адæм æм цæуы æмæ тырны, цæмæй дзы макæй хъыг райса. «Адæймаг цы дæсныйадыл ныллæууы, уый хъуамæ æхцондзинад æмæ пайда хæсса æрмæст йæхицæн нæ, фæлæ ма йæ алфæмблай  цы адæм ис, уыдонæн дæр.

Райсом цы уыдзæн, уый ничи зоны. Мæ бон афтæ зæгъын у, æмæ мæ къухы цы бафтыдис, уыдонæй мæ зæрдæ райы, хайджын дæн адæмы хорзæхæй æмæ уый у сæйрагдæр. Мæнмæ гæсгæ, адæймаг  рай-гуыры, цæмæй йæ фæстæ исты фæд ныууа-дза», – зæгъы Нега.

Æгъдауджын, цæстуарзон куы уай, адæмимæ хæларæй куы цæрай, царды исты хорздзинад ныууадзынмæ куы тырнай, уæд, зæгъæн ис, дзæгъæлы нæ райгуырдтæ. Хорзы ном хæссыныл бирæ фыдæбон ис.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.