Рагæй фæстæмæ дæр куыстуарзаг, фæллойгæнæг адæм цæры Дменисы хъæуы. Сæ цард арæзтой сæхи тыхтæй, ницы хъуаг уыдысты, зæгъæн ис, ацы хъæуы цард цæджджинагау фыхтис. Уыдон канд колхозы нæ куыстой, фæлæ куыстой сæ хæдзаргæрон зæххытæ дæр æмæ сæ исмæ ис æфтыд, рæзт сæ хæдзæртты бæркад.

Бæргæ райгонд уыдысты сæ цардæй Дменисы хъæуы цæрджытæ æмæ фидарæй æууæндыдысты, сæ фидæн ноджы рæсугъддæр, бæллиццагдæр кæй уыдзæн, ууыл. Фæлæ цæмæй зыдтой, сæ зæхмæ, сæ хъæумæ дæр хæст кæй æрцæудзæнис, уый.

Цард схæццæ æмæ адæм сæргой фесты. Дменисы алыварс ирон хъæуты цæрджытæ лидзинаг фесты – сæ хъæуты сын басыгътой. Бирæ цæрджытæ мард фесты знаджы  къухтæй.

Дменисы хъæуы цæрджытæ фæлæууыдысты знаджы ныхмæ, нæ сæ бауагътой мидæмæ, кæд сæ алырдыгæй алыгъуызон æхсæнгæрзтæй æхстой, уæддæр. Уырыссаг æфсæдты руаджы рарвыстой зæрæдты, сылгоймæгты, сывæллæтты. Нæлгоймæгтæ, уæлдайдæр та фæсивæд, хъахъхъæдтой сæ хъæуы. Дменисмæ бацæуæн æмæ рацæуæн нал уыд. Фæлæ-иу сæр куы бахъуыд, уæд-иу хæхтыл ахызтысты æмæ-иу æрхызтысты Дзаумæ, Чъехыл дæр фæндаг æхгæд кæй уыдис, уымæ гæсгæ цæуын хъуыд Зары фæндагыл. Ахæм фыдæ-бæттæ, хъизæмæрттæ æвзæрстой куыд фæндагыл, афтæ хъæуæн йæхимидæг дæр.

Хæст кæм вæййы, уым та, хъыгагæн, мæлæт дæр вæййы. Дменисæгтæй дæр бирæты цард ахаста йемæ ацы хæст. Уыдоны ‘хсæн уыд 23-аздзыд Къæбулты Ирбег дæр.

Ирбегы ныййарджытæ Хъазбег æмæ Мисурæт куыстуарзаг, хъæубæстæн уарзон уыдысты. Мадымайрæм сын цы дыууæ фырыхъулы хуызæн фырттæ æмæ чызг балæвар кодта, уыдоны цинæй сæхи арвы милтыл сæрфтой. Цард сæм йæ мидбылты худтис. Сæ зæрдæ радис сæ хъæбултæй æмæ куыстуарзаг æмкъæйттæ сæ бæркадыл ноджыдæр æфтыдтой бæркад  æмæ  амондджынæй хъомыл кодтой сæ кæстæрты.

Ирбег сæ хъæуы астæуккаг скъола каст куы фæцис, уæд бирæ рæсугъд фæндтæ уыд Ирбегмæ. Царды хъуамæ равзæрстаид йæ фæндаг. Фæлæ йын нæ бантыст. Уæдмæ йæ уарзон хъæуыл дæр тугуарæн райдыдта, хъæуы милмæ систой. Æрхъула сыл кодтой алырдыгæй. Хъæу та дæлвæз ран кæй лæууы, уымæ гæсгæ йæ æхстой бынмæ. Уæд фæсивæд сæ-хицæн сарæзтой хæдхъахъхъæнæг къордтæ æмæ афтæмæй хъахъхъæдтой сæ хъæу. Ирбег кæд хæрзæвзонг уыд æмæ йæ нæ уагътой сæ къордмæ, уæддæр-иу сын лæгъстæгæнгæ дзырдта: «Бауадзут мæ, цума-иу мын уæддæр кæндзыстут. Æз та-иу уын дон æрбахæсдзынæн», – йæхи ныхас кодта Ирбег. Къорды командир Кокойты Валери йын, æгæрыстæмæй, йæ ныййарджытæн дæр карзæй загъта, цæмæй йæ ма уадзой нæмгуыты бынмæ, йæхи бахиза фыдбылызæй. Фæлæ никæмæ байхъуыста.

Чизоны, не ‘хсæн чи нæ цард, уыдонæн уыцы хæст цыбыр уыд, уымæн æмæ нæ бав-зæрстой хъизæмар, фæлæ дменисæгтæ æмæ йæ алыварс ирон хъæутæн  уыцы хæст ахаста дыууын азы бæрц. Уал азы дæргъы уыдон цардысты сæ хæдзæртты, тæрсгæ-ризгæйæ, афтæмæй йæ кæрон нæ зынд. Тæссаг кæй уыд æрвылуысм дæр сæ цардæн, уымæ гæсгæ сарæзтой хъахъхъæнæг къордтæ Дменисы фæсивæд дæр. Скъахтой хъæуы сæр, колхозы фермæтæ кæм арæзт уыдысты, уым, акъоппытæ, фермæйы, æдасдæр бынаты та сын уыд се ‘ штаб. Хæстон уавæрты, бонты æрвитгæйæ, фæрынчын Ирбег. Бахауд рынчындонмæ. Иуахæмы та уавæр скарз. Ирбегæн рынчындоны дæр æнцой нал уыд, йæ зæрдæ æхсайдта хъæумæ – йе ‘мбæлттæм æмæ рахъуыззыд сусæгæй. Куыддæрты бафтыд Дзаумæ, стæй рæгътыл ныххызтис йæ хъæумæ. Бацыд хæдзармæ нæ, фæлæ комкоммæ се ‘штаб кæм уыд, уырдæм. Йе ‘мбæлттæ йæ куы ауыдтой, уæд ыл сбуцтæ  кодтой, кæронмæ кæй не схос кодта, уый тыххæй.

Уыцы бон уæлдай фылдæр техникæимæ æрбафсæрстой не знæгтæ. Рæгъ-рæгъы ралæууыдысты бынæй Уанаты фæндагыл. Худæвæрдау уыд хъæу æмæ сæ æхстой æнæа-уæрдонæй. Ирбег мæлæтдзаг цæф фæцис – знаджы нæмыг йæ ныхыл сæмбæлд æмæ фæскъæбутæй ахызт. Æрхауд Ирбег. Фелвæстой ма йæ йе ‘мбæлттæ, æдасдæр бынатмæ йæ баскъæфтой. Семæ уыд дохтыр Гæджиты Лева дæр. Фæлæ йæ нал бахъуыд дохтыры сæр дæр… Арв йæ цæхæртæ æркалдта, кæддæр амондджын сæхи чи хуыдтой, уыцы хъарм бинонты хæдзарыл.

Дменисæгтæ кад кæнын зонынц сæ зынгхуыстытæн. Кæд сæхи удтæн дæр тынг тæссаг уыд, уæддæр ын йæ мард буар куыддæртæй бахæц-цæ кодтой хъæумæ. Хъазбег æмæ Мисурæты тæригъæдæй бæстæ скъуыдтæ кодта, сæ хъарæгмæ хъусынæй къæдзæх дæр рызтис. Æнамонд ныййарджытæ сæ сæрæн нал систы уыцы бонæй фæстæмæ. Зæр-дæниз райста Хъазбег æмæ йæ хъæбулы фарсмæ йе ‘нусон бынат ссардта уый дæр.

Афтæ ахицæн ис æвзонг цардбæллон лæппу Къæбулты Ирбег а-дунейæ. Амард бинонты, хъæубæсты ныфс.

Ирбегæн кæд бирæ рацæрын нæ бантыст, æгасæй дæр – 23 азы, уæддæр æй дменисæгтæ сæ зæрдыл бадардтой, ирон лæджы миниуджытæй æххæст чи уыд, ахæмæй: æгъдауджын, уæздан, æмгаруарзаг, æфсæрмдзæстыгæй. Уыцы хорз миниуджытæ Ирбег рахаста æрдзæй, мады гуыбынæй.

Ацы бонты Къæбулты Ирбегыл сæххæст уыдаид 50 азы. Чизоны йын цас хорз хъуыддæгтæ саразын бантыстаид. Сæйраджы та сарæзтаид хъарм бинонтæ, бауыдаид кæстæрты æмæ уыдоны кæстæрты хицау. Фæлæ цы загъдæуа хæстæндзарджытæн, æлгъыст фæуæт, адæмы æнцой цард чи фехæлдта, уыдон иууылдæр. Къæбулты Ирбег та йæ фæстæ кæугæйæ цы бинонты ныууагъта, уыдоныл æмæ йæ уарзон хъæубæстыл дæр хæрзаудæн кæнæт.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.