Адæмы ‘хсæн æрфидар ис ахæм хъуыды, зæгъгæ, тæхудиаг у ахæм адæймаг, йæ цард йæ тыхы æмæ йæ рухс зонды руаджы чи саразы. Ахæм адæймаг йæ рацæргæ азтæм фæстæмæ куы акæсы, уæд дзы фæсмон цæуыл æркæна, ахæмæй ницы разыны. Æнæзæрдæхудт цард фæкæны. Искæмæн æвзæрдзинад нæ сараздзæн, æгæрыстæмæй, цъар ныхасæй дæр зындзинад никæмæн æрхæсдзæн. Йæ архайд йæхи æмæ йæ раттæг адæмы пайдайæн фæкæны.

Ахæм у Дудайты Сослан дæр. Цы бирæ хорз миниуджытæ йæм ис, уыдон фидардæр кодтой йæ райгуырæн хъæу Дменисы.

Дудайы фыртыл ныр 75 азы сæххæст. Æмæ æппæт уыцы азты дæргъы уый баст уыд йæ райгуырæн зæхмæ, никуы дзы фæиртæст, афтæмæй йыл намысджынæй фæллой кодта, йæ къухтæй нæ хицæн кодтой хъæууонхæдзарадон кусæнгæрзтæ. Йæ сæйраг «кусæнгарз» та уыд трактор æмæ дзы никуы фæхицæн, цалынмæ йыл азтæ сæ уæз æруагътой, уæдмæ.

Скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд ссардта тракторимæ иумæйаг «æвзаг». Уалдзæг-иу быдырæй тракторы уынæр куы райхъуыст, уæд-иу йæ зæрдæ йæ риуы цины змæлд бакодта. Балыгъд-иу, хуым кæм кодтой, уырдæм æмæ-иу æдзынæг каст йæ фæдыл. «Тæхуды ныр уыцы трактористæй фест. Цымæ йæ коммæ куыд кæсы æфсæйнаг куы у, стæй йæм уыйбæрц тых куыд ис æмæ æнæхъæн быдыртæ фæлдахы» –  арæх иу фарста йæхи. Фæлæ куыд рæзтис, афтæ æмбарын райдыдта уыцы æфсæн уæйыджы «уды сконд» æмæ ныр та йæ бæллиц ссис, цæмæй  æрбада йе скъæрæджы бынаты æмæ йæ йæхæдæг аскъæра. Фæлæ нырма уыцы кары нæ уыд æмæ йæ  ской кæнын дæр нæ уæндыд.

Уæд дуг уæззау уыдис. Адæм æййæфтой хъуагдзинад. Сослан дæр архайдта йæ ныййарджыты къух фæрог кæныныл æмæ йыл 15 азы куы сæххæст, уæд кусынмæ бацыд «Доны хæдзарадмæ» æмæ Дисеуы хъæуы арх хъахъхъæдта. Райдианы йæм кæд дызæрдыггæнгæ кастысты, сывæллон у, цы хъуамæ бахъахъхъæна, уæддæр, уыцы дызæрдыгдзинад цыбыр рæстæгмæ айсæфт. Æрæууæндыдысты йыл, йемæ чи куыстой, уыдон. Бамбæрстой цардбæллон лæппуйы куыстуарзондзинад æмæ йæм дардтой аудгæ ахаст. Фæлæ йæ зæрдæ уæддæр æхсайдта уырдæм, трактормæ æмæ нæ ныууагъта йæ цæуын быдырмæ, трактормæ кæсынмæ. Æвæццæгæн, алы сывæллон дæр цавæрдæр æвзыгъддзинад рахæссы æрдзæй. Сослан ахæм æвзыгъддзинад рахаста техникæмæ. Æмæ-иу тракторист тракторыл кусгæйæ, йе та йæ цалцæгкæнгæйæ куы федта, уæд иу уымæн балæууыд йæ уæлхъус. Афтæмæй йын ахуыр кодта йæ сусæгдзинæдтæ. Зæрдæргъæвд уыд Сослан æмæ уайтагъд фæцайдагъ тракторыл. Йæ тырнындзинад æмæ йын йе ‘взыгъддзинадмæ кæсгæйæ, кæд нырма æна-хъом уыдис, уæддæр æй Дменисы колхозмæ снысан кодтой комбайнерæн æххуысгæнæгæй. Æмæ скъола каст куы фæцис, уæд та йын йæ бæрны бакодтой комбаин æмæ йыл йæхæдæг райдыдта кусын. Æрынцой нал зыдта Дудайы фырт. Æдзух йе ‘фсæн уæйыджы иугæндзон уынæр суанг æмбисæхсæвтæм хъуыстис Дменисы колхозы быдыртæй. Афтæмæй йæ уæзгæ бавæрд хаста æхсæнады хæдзарады рæзтмæ.

Сослан  æнæрынцой зæрдæйы хицау кæй уыд, йæхиуыл кæй нæ ауæрста, куыст йæ царды сæйраг нысаныл кæй нымадта, хистæрты фæлтæрддзинадæй кæй пайда кодта, уый æнæфæхатгæ нæ фесты, канд Дменисы куыстуарзаг адæм нæ, фæлæ уæды разамынад дæр. Уыцы рæстæджы йæм фæсидт обкомы фæскомцæдисы секретарь Гæбæраты Инал æмæ йын афтæ зæгъы: – «Сослан, мах дын æууæндæм дæ куыстуарзондзинадыл æмæ нæ ныфс ис Целинамæ цы фæсивæд цæуынц, уыдонимæ кæй ацæудзынæ æмæ уым дæр дæхи цæсгомджынæй кæй равдисдзынæ, уымæй».

Æмæ сразы Сослан. Араст йе ‘мбæлттимæ йæ дард балцы. Куы йын бакастысты йæ куыстхъомдзинадмæ, техникæмæ йæ цымыдисмæ, уæд æй сразæнгард кодтой Цæгат Казахстаны Петропавловскы дыууæазон хъæууонхæдзарадон механизацийы ахуыргæнæндонмæ. Фыццаг бонтæй фæстæмæ дæр йæхи бауарзын кодта ацы факультеты ахуыргæнджытæн. Уырныдта сæ, дæсны механизатор дзы кæй рауайдзæн, уый æмæ йын зæрдиагæй амыдтой техникæйы сусæгдзинæдтæ. Æмæ уый дæр сæ зæрдæхудты никуы бацыд, хорз ахуыр кодта. Райста техник-механикы диплом. Йæ ахуыр фæуыны фæстæ кусын райдыдта, фæлæ йæ афæдз æмæ æрдæджы фæстæ æрфарстой æфсады рæнхъыты баслужбæ кæнынмæ. Службæ та кодта Украинæйы. Уым дæр та йæ барвыстой ахуырмæ. Ахуыр кодта телеграфисты дæсныйадыл æмæ йæ уый фæстæ барвыстой йæ службæ адарддæр кæныны тыххæй Полтавæйы зенитон-ракетон полкмæ.

1964-æм азы сæххæст кодта йе службæйон хæс æмæ æрыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ.

Бирæ нæ хъуыды кодта Сослан, уайтагъд та йæ уарзон хъæубæстимæ æрлæууыд колхозы куысты уæлхъус. Йæ фæллойуарзондзинадæй фæзминаг уыд йе ‘мбæлттæн. Зыдтой йын йæ зæрдæйы хатт, йæ уарзондзинад трактормæ æмæ та сбадтис йæ тракторыл. Уæлдай йын нæ уыд комбаин уыдаид, хуымгæнæн æви белорусь. Йæ сæр-иу кæм хъуыд, уыцы тракторыл-иу сбадт æмæ-иу бакодта алы куыст дæр. Тыдта, карста, тыллæг æфснайдта.

Уыцы рæстæджы районы, Дменисы хæдзарад нымад уыд хуыздæртæй сæ иуыл. Йæ фарныл ын кад æфтауыныл архайдта Дудайты Сослан дæр. Цыбыр рæстæгмæ йæхи равдыста дæсны æмæ арæхстджын специалистæй. Бакуыста дзы 1972 азмæ, стæй йæ 1976 азы, куыд иууыл хуыздæр тракторист, афтæ фæхуыдтой Зонкъары донæмбырдгæнæн аразынмæ экскаваторыл кусынмæ. Абон дæр ма Сослан уыцы рæстæг æхсызгонæй æрымысы. Кусын æнцон нæу, уæлдайдæр та куыстæн дæ уд куы хъарай. Фæлæ уæддæр, нæ Райгуырæн бæстæйы фидæныл хъуыдыгæнгæйæ нæ хъарутыл нæ ауæрстам. Фæллой кодтам зиуцæдисæй. Нæ  зæрдæтæ йемыдзаг уыдысты цавæрдæр æхсызгон æнкъарæнтæй, ныфсытæй.

Цыдысты бонтæ æмæ Сослан уæхскуæзæй куыста Зонкъары донæмбырдгæнæны. Уыцы рæстæджы МТС-æн радтой К-700 трактор. Кусынмæ йыл ничима рæхстис, уымæн æмæ сæм ахæм  трактор уæды областы фыццаг хатт уыд æмæ Сосланы ракодтой уырдæм, цæмæй йыл уый куыстаид. Ам дæр йæхи бауарзын кодта йе ‘мкусджытæн, йæхи равдыста фæллойуарзаг æмæ дæсны специалистæй. Кад æмæ радæй дзы бафæллой кодта дыууæ азы, стæй йæ ахизын кодтой бригадирæй. Ныр техникæ иууылдæр уыдысты йæ бæрны. Уым кусгæйæ дæр цал æмæ цал хæдзары сæргълæууæгæн баххуыс кодта, ифтонг сæ кодта техникæйæ. Стыр кад ын уыд кусджыты æхсæн, уымæн æмæ сæ зæрдæхудты никуы бацыд.

МТС-ы кусгæйæ, ацы организацийæн йæхицæн дæр уыдис зæхх æмæ-иу дзы байтыдтой мæнæу. Тугыл-иу  аскъуыдис. Иухатт гектарæй 70 центнермæ схызтис сæ мæнæуæрконд. Сæ цинæн кæрон нæ уыд. Фæлæ уыцы амондджын рæстæг æрбайхæлд æнæнхъæлæджы Сослан æмæ æгас Хуссар Ирыстоны адæмæн дæр. Лæбурын нæм райдыдтой алырдыгæй гуырдзиаг æнæформалтæ. Æгуыстæй аззадис Сослан. Æмæ ууыл куы аирвæзтаид, фæлæ йын йæ хистæр æфсымæр Хъазбеджы Дменисмæ цæугæйæ йе ‘мхъæуккаг Дудайты Тенгизимæ æрцахстой æмæ абон дæр нымад у æбæрæгæй сæфтыл. Æгъатыр дуджы амæттаг бацис йе ‘фсымæры хистæр лæппу Реуаз дæр. Уæлдай уарзт æй кодта Сослан, сæ  фыды ном Реуаз ыл кæй сæвæрдтой, уый тыххæй.

Афтæ фæхъæдгом йæ зæрдæ йе ‘ввахс адæмы мастæй. Фæлæ цы гæнæн ис. Знаг фыддæрæй фыддæр кодта. Ирыстоны адæм бахаудтой æрхъулайы, нал сын иуæрдæм ацæуæн уыд, нал иннæрдæм. Хъуыд царды фæндаг – Зары фæндаг алыг кæнын æмæ та басидтысты Сосланмæ, цæмæй йæ тракторæй айгæрда фæндаг. Уый фæстæ дæр куыста фæндæгты арæзтадыл.

Цард æрсабыр, æмæ ныр сæрибарæй сулæфыд Сослан. Кæд пенсийы ис, уæддæр йæ хъус дары, йæ алыварс цы цæуы, уымæ. Йæ бæллиццаг миниуджытæй ма иу уый у æмæ бирæ кæй уарзы ирон чиныг, ирон газет кæсын. Ныр дæр сæ нæ хицæн кæны. Иу-уыл уарзондæр та йын у газет «Хурзæрин». «Ирон адæймаг йæхи æвзагыл куынæ кæса газет, йе ‘гъдæуттæм йæ хъус куынæ дара, уæд уый ирон нæу» – зæгъы Сослан.

Абон Сосланæн, йæ 75 азы йæхирдыгæй фесты. Фæлæ æнцад бада, уый йæ сæрмæ нæ хæссы. Мыггагæн, хиуæттæн æмæ сыхбæстæн у зынаргъ æмæ уарзон. Кæстæртæн та  фæлмæн æмæ цæстуарзон, нæртон хистæр. Йæ алы хъуыддаджы дæр зыны рæсугъд æгъдау. Йе ‘ххуыс кæй бахъæуы, уыдоны фарсмæ куы балæууы æмæ сын сæ къух куы саразы, уæд ын уымæй æнцондæр ницы вæййы. Сосланæн йæ удыхъæды цы рæсугъд фарн æмæ æгъдау æрбынат кодтой, уыдоныл къæм абадын никуы бауагъта. Уыцы табуйаг миниуджытыл схъомыл кодтой йæ бинойнаг Маниимæ се ‘ртæ кæстæры. Се ‘ппæты дæр баифтонг кодтой сæ цардыл.

Абон, зæрдæхæлар, фæрнджын, цæстуарзон хистæр Дудайты Сослан буц æмæ сæрыстыр у йæ цардæй. Уымæн æмæ йæ бинонты æмæ йæ фæллойадон фæндаджы ис стыр хорзæх.

Дудайты Сослан у нæ газеты иузæрдион  хæлар æмæ йын мах цæст дæр уарзы фидар  æнæниздзинад , йæ кæстæрты æмæ йе ‘ввахс адæмты зæрдæтæ ма бирæ азты йæ зондæй æмæ йæ рæсугъд æгъдауæй куыд рухс кæна, уыцы амонд æй уæд!

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.