Фæстаг азты фылдæр хъусдард здæхт цæуы аргъуанты, кувæндæтты æмæ æндæр историон цыртдзæвæнты уавæр фæхуыздæр кæнынмæ. Уыимæ арæзт цæуынц ног кувæндæттæ дæр.

Æрмæст ацы аз нæ республикæйы арæзт æрцыд дыууæ кувæндоны, Знауыры районы Цъорбисы хъæуы сæрмæ – Тедеты мыггаджы кувæндон æмæ Цхинвалы районы та Ортъеуы кувæндон.

Цъорбисы хъæуы сæрмæ цы кувæндон арæзт цæуы Тедеты мыггагæн, уый у Чырыстийы номыл. Арæзт цæуы Уæрæсейы уæгъдибар хъæбысхæстæй сæйраг тренер Тедеты Дзамболаты хъæппæрисæй æмæ фæрæзтæй. Кувæндон уыдзæн æхгæд, йæ территорийыл ма арæзт цæуы рæстдинон аргъуан дæр.

Гомарты бæрæгбонæй анымайгæйæ иу   къуырийы фæстæ нысан фæцæуы Билуртайы бæрæгбон, уый фæстæ та Тедеты дзуары бон. Ацы бон-иу дзуармæ, сæхи фæдзæхсынмæ цыдысты канд Тедеты мыггаг нæ, фæлæ ма хæрæфырттæ æмæ Цъорбисы цæрæг æндæр мыггæгтæ дæр. Хъæуы цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй историон зонæнтæм гæсгæ дзуар арæзт æрцыд 120 азы размæ. Рæстæг бандæвта дзуарыл дæр, цадæггай пырх кодта æмæ уый тыхсын кодта Тедеты Дзамбулаты. Ныр цалдæр мæйы размæ æрæвнæлдæуыд дзуар реставраци кæнынмæ. Уымæй дарддæр ма дзуармæ хæстæг арæзт æрцыд аргъуан дæр æмæ уырдæм кувынмæ цæудзысты хъæуы цæрджытæ. Кувæндон æмæ аргъуаны алфæмблай дурæй æмбонд. Сисы мидæгæй фæцис дзуармæ хæстæг хъæуы уæлмæрд дæр, цыран ныгæд сты Тедеты Дзамбулаты фыд, æмæ æвзонгæй, трагиконæй йын цы ‘фсымæр фæзиан, уый дæр.

Цхинвалы районы Ортъеуы хъæумæ хæстæг къуылдымыл дæр арæзт æрцыд кувæндон. Уый саразыны хæс та йæхимæ райста РХИ-йы Хъахъхъæнынады ныры министр, ацы хъæуæй ацæугæ Гассеты Ибрагим.

Кæддæр Ортъеуы хъæу нымад уыд, Ирыстоны цы стырдæр хъæутæ ис, уыдонæй сæ иуыл. Цард дзы 22 мыггаджы. Ирыстоны бирæ хъæутау, уый дæр ныр федзæрæг. Сæ райгуырæн уæзæг цы бинонтæ ныууагътой, уыдонæн сæ хæдзæрттæ ныкæлæддзаг сты. Фæлæ хъæуы фæзынд ногарæзт хæдзæрттæ дæр, æцæг сæ æдзух нæ цæрынц сæ хицæуттæ, æрбацæуынц æрмæстдæр, сæрды бонты æмæ ма ортъеуæгтæ Бæлдæрæны бæрæбон куы фæнысан кæнынц, уæд. Ацы хъæуы цæрæг Плиты Арон куыд радзырдта, афтæмæй кувæндонмæ хæстæг уыд скъола дæр, фæлæ 25 азы размæ басыгъд.

Арон ма куыд загъта, афтæмæй ам дзуар арæзт æрцыд XII æнусы. Уый-иу бæрæг цауты аххосæй ныппырх, фæлæ та-иу æй хъæу-бæстæ сæндидзын кодтой. 1964 азы онг дзуары агъуыст æмбæрзт уыд хъуарийæ, стæй бирæ рæтты ныккалд. Ацы хъæуы цæрджытæ Цхуырбаты Петро æмæ Цоциты Арæхмæт æй бацалцæг кодтой, раивтой йын йе ‘мбæрзт дæр. Сарæзтой дзуары стыр куывд æмæ фæндон бахастой, цæмæй ацы хъæуæй ацæугæ адæм тырной комы фарн ма фесафыныл.

Ивгъуыд æнусы 90-æм азты зæххæнкъуыст куы уыд, уæд та кувæндон зæххимæ сраст.  Куыддæрты та йæ хъæуы цæрджытæ сæндидзын кодтой. Фæлæ та фæстаг цалдæр аз мæгуырау уавæрмæ æрхауд. Йæ саразыны бæрн ныр та йæхимæ райста Гассеты Ибрагим.    Дзуар самайын кодта æддейæ æрхонгæ сомихаг специалисттæн, кæцытæ сæрмагондæй кæнынц ацы куыст.

Дзуармæ арæзт æрцыд асинтæ, бауагътой йæм рухс, йе схизæны та æвæрд æрцыдысты æфсæн къулдуæрттæ. Дзуары къултыл ис бирæ уаз нывтæ. Дзуар снывонд кодтой Сыгъдæг Фомайæн. Йæ бон та йын нысан кæндзысты Бæлдæрæнты, кæцы вæййы куадзæны фæстæ хуыцаубоны, уыцы бон чырыстон диныл хæст адæм нысан кæнынц Фомайы бон.

Аргъуаны цы рæсугъд хъæдын дуæрттæ бакодтой, уыдон сарæзта бынæттон æрмдæсны Къалаты Нариман. Ног кувæндоны ма уæлæмхас арæзт æрцыд алтарон хай дæр, кæцымæ бахизыны бар уыдзæнис æрмæстдæр аргъуаны кусджытæн.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.