РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид бабæрæг кодта 2016 азæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион прграммæмæ хаст æрцæуæг объектты арæзтадон куыстыты цыд.

Инспекцион азылды рæстæджы ма паддзахады сæргълæууæгимæ уыдысты РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Пухаты Димитр, фæндæгты арæзтад æмæ автомобилон фæндæгты эксплуатацийы фæдыл комитеты сæргълæууæг Гуыззыдтаты Эдуард, афтæ ма профилон ведомствоты минæвæрттæ.

Азылды рæстæджы уал республикæйы къухдариуæгад федта горæты уынгтæ, кæцыты хæрзарæзтадон куыстытæ цæуынц æмбæлонæй. Кобылы фырты уынджы хæрзарæзтадыл архайæг подрядонтæ куыд радзырдтой, уымæ гæсгæ асфальты фыццаг цъар æвæрд æрцыд, дыккаг цъар дæр райдыдтой æвæрын æмæ дыууæ бонмæ фæуыдзысты æппæт куыстытæ дæр, афтæ ма ныридæгæн хæрзарæзт æрцыдысты уынджы цъæхдарæн зонæтæ дæр.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, цъæхдарæн зонæты цы сæндæттæ хъыгдарынц, кæцытæ тыллæг дæр нал дæттынц, уыдоны хъуамæ сисой хæдзæртты хицæуттæ, цæмæй хæлд ма цæуа уынджы æддаг хуыз.

Ныридæгæн хæрзарæзт цы уынгтæ æрцыдысты, уыдонимæ цы цалцæгкæнинаг уынгтæ иу кæнынц, уыдоны дæр 2017 азы æххæст æрцæудзысты æмбæлон куыстытæ.  2017 азы горæт Цхинвалы ноджыдæр хæрзарæзт æрцæудзысты 13 уынджы, ацы хъуыддаг бæрæгæй фенцондæр кæндзæн горæты цæрджыты цард.

Дарддæр Тыбылты Леонид æмæ Хицауады уæнгтæ бацыдысты Цхинвалы уынгмæ. Уый дæр хæрзарæзт æрцыд ацы аз. Ам ма æнæмæнгхъæуæг у фæндагон нысæнттæ сæвæрын æмæ дзы рухсытæ саразын. Ацы уынджы цæрæг Цхуырбаты Вахо банысан кодта, зæгъгæ, райгонд сты сæ кæртыты хуызæй. «Ам алцы дæр арæзт æрцыд хорз, мах райгонд стæм æппæтæй дæр, газонтæ схæрзарæзт кæныныл бакусдзыстæм нæхæдæг», – загъта уый.

Дарддæр паддзахады сæргълæууæг федта, Хъайтарты уынджы кæрон цы цæрæн массив арæзт цæуы, уый, кæцыйы арæзтад фæуынмæ æнхъæлмæ кæсы æппæт республикæ, уымæн æмæ уым фатертæ райсынмæ, афтæ ма сæ цардуагон уавæртæ фæуæрæхдæр кæнынмæ æнхъæлмæ кæсы бирæ адæм.

Уыцы цæрджыты иу хайæн сæ домæн æххæст æрцæудзæн ацы хæдзæртты руаджы.

Подрядон организаци ООО «Союз-СтройПроект»-ы минæвæрттæ радзырдтой, зæгъгæ, объекты архайынц 99 кусæджы, уыдонæй 80 бæрц сты бынæттон цæрджытæ. «Куыстытæ активонæй æххæст цæуынц фондз секцийы. Æрмæджытæй ифтонг цæуæм æрвылбон дæр, кусджытæн куыст-мызд бафидынимæ дæр нын проблемæтæ нæй», – банысан кодта подрядон организацийы минæвар.

Октябры уынджы реконструкцигонд цы дыууæ аварион 9-уæладзыгон цæрæн хæдзары цæуынц, уыдоны дæр активонæй æххæст цæуынц мидæггагон куыстытæ, уагъд сæм æрцыд электрон хахх. Бабæрæг кодтой, горæты сывæллæтты 20-æм цæхæрадоны цалцæггæнæн куыстытæ куыд цæ-уынц, уый дæр.

Дзулфыцæн комбинаты арæзтцæуæг бæстыхайы паддзахады сæргълæууæг лæмбынæг базонгæ, арæзтадон куыстытæ куыд æххæст цæуынц, уыимæ. Ам иуæй-иу кусджыты æбæрнон куысты аххосæй бахъуыд сæххæстгонд куыстыты демонтажмæ æрæвналын. Президент бынаты бахæс кодта Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæгæн сæвзæргæ уавæрыл сконтроль кæныны тыххæй. «Хъæуы арæзтадон объекттæм квалификациджын специалисттæ æрбакæнын, цæмæй æруадзгæ цухдзинæдты ногæй аразын ма хъæуа», – банысан кодта Тыбылты Леонид.

Афтæ ма бабæрæг кодтой æвзонг техникты республикон станцы дæр, цыран ныртæккæ æххæст цæуынц капиталон цалцæггæнæн куыстытæ.

Парк схæрзарæзт кæныны тыххæй генералон подрядонæй нысан æрцыд хуссарирыстойнаг фирмæ ООО «Золотое сечение», æмæ комкоммæ ацы объекты куыстытæ сæххæст кæндзæн бынæттон субподрядон арæзтадон фирмæ ООО «Аузби».

Арæзтадон фирмæйы къухдариуæггæнæг Сиукъаты Ауызби куыд радзырдта, уымæ гæсгæ ныртæккæ æвзонг техникты станцы бæстыхайы æххæст цæуынц мидæггагон куыстытæ. «Финанскæнынимæ дæр нын проблемæтæ нæй, куыстытæ æххæст цæуынц графикмæ гæсгæ», – бамбарын кодта уый.

Паддзахады сæргълæууæг хæслæвæрд радта, цæмæй хъахъхъæд цæуа дисциплинæ æмæ иу объекты арæзтады рæстæджы хæлд ма цæуой иннæтæ. Ам стыр уæзласæн машинæтæ рацæуынц парчы территорийыл æмæ уымæй халынц уынджы плиткæ. Аразджытæ, плиткæ ногæй сæвæрын план кæнынц куыстытæ кæронмæ куы фæуой, уæд.

«Парчы ахæм уавæры тыххæй, фыццаг рады зындзинæдтæ æвзарынц нæ сывæллæттæ. Уыдонæн фадат нал ис сæ сæрибар рæстæг ацы ран æрвитынæн, кæнæ та сын ам ахуыртæ ауадзынæн. Æнæмæнгхъæуæг у цыбырдæр æмгъуыдты æвзонг техникты станцы территори схæрзарæзт кæнын æмæ парчы уагъдцæуæг куыстытæ кæронмæ фæуын.  Прокуратурæ æркæсæт подрядон организациты куыстмæ, кæцытæ æбæрнон ахаст дарынц сæ хæстæм», – загъта Тыбылты Леонид.

Уый фæстæ федтой, горæты цалцæг кæцы уынгтæ цæуынц, уыдоны. Уыдонæй иуæй-иутыл баззадысты уæлдæфон газы хæххытæ, кæцытæ халынц уынгты хуыз, афтæ ма газы хæххытæ хъыг дарынц уынгты хæрзарæзтгæнæн куыстытæ сæххæст кæнынæн дæр. Паддзахады сæргълæууæг бахæс кодта горæты уынгтæй электродæттæн зæронд хæххыты цæджындзтæ айсын.

«Реконструкцигонд цы фарастуæладзыгон хæдзæрттæ æрцыдысты, уыдон хъуамæ лæвæрд æрцæуой ацы аз. Куыстыты темптæ цы объектты хъæуы фæтагъддæр кæнын, уыдоны подрядонтæн дæр лæвæрд æрцыдысты хæслæвæрдтæ, цæмæй снысангонд æмгъуыдты объекттæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæуой. Горæты парчы куыстытæ хъуамæ æххæст цæуой цырд темптæй. Сæхи цæсгомджын арæзтадон организацитæй кæцы подрядон организацитæ равдыстой, уыдон кусдзысты 2017 азы дæр», – банысан кодта Президент.

Паддзахады сæргълæууæг æрсидт горæты цæрджытæм, цæмæй аразджыты ма хъыгдарой уыцы бынæтты, цыран æнæзакъонон арæзтадтæ хъыг дарынц социалон æгъдауæй нысаниуæгджын объектты арæзтад, æмæ халынц горæты архитектурон хуыз, кæцыйы хъæуы æмбæлон хуызмæ æркæнын. Уый хауы базарадон агъуыстытæм, кæцыты хицæуттимæ горæты администраци хъуамæ кæна æмбарынгæнæн куыст.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.