Алы горæты цæрджытæн дæр сæ уарзондæр бынæттæ вæййынц сæ парктæ. Нæ горæты цæрджытæ дæр раздæр сæрыстыр уыдысты Леуахийы былыл стадионы фарсмæ цы улæфæн парк уыд, уымæй. Ам алыгъуызон аттракционтæй дарддæр уыд чысыл цад, киноконцертон зал, кафебар æмæ диссаджы улæфæн бынæттæ. Адæм, сæ кармæ  нæкæсгæйæ, цыдысты ардæм, сæхи ирхæфсынмæ, сæ рæстæг хъæлдзæгæй æрвитынмæ. Æппæт уы-дæттæ æхцон мысинагæй баззадысты нæ цæрджыты хистæр æмæ астæуккаг фæлтæрты зæрдæты. Зындгонд трагикон цауты фæстиуæгæн парк раууатмæ æрцыд. Фæлæ, нæ амондæн,  горæты бæстыастæу ис ногдзауты парк кæй хонæм, уый. Уымæн кæд йæ территори егъау нæу, уæддæр хæрзвадат ран кæй ис, уымæ гæсгæ, куыд нæ горæты цæрджытæ, афтæ йæ уазджытæн дæр у йæхимæ сæ чи здахы, ахæм бынат.

Хæстон уæззау уавæрты фæстиуæгæн уымæ дæр райдианы хъусдард нæ уыд. Бынтон раууатмæ æрцыд 2008 азы августы хæсты рæстæджы. Ам ахизæнтæ нал уыд, алыгъуызон снарядтæ кæй рафæлдæхтой, кæй цæнгтæ ныскъуыдтæ кодтой æмæ хъæдхъиутæй чи лæууыдысты, уыцы бæлæстæй. Фæлæ Уæрæсейы æххуысæй нæ цард тагъд æндидзын райдыдта æмæ уый æнæбандавгæ нæ фæци Ногдзауты паркыл дæр, хæрзарæзт æрцыд йæ территори. Сæвæрдтой дзы фæхсбынæттæ, зындгонд аргъæутты персонажты æмæ та ногæй нæ цæрджытæн ссис сæ уарзон бынат. Фæлæ уый уæддæр фагыл нымад не ‘рцыд æмæ ныртæккæ уый ногæй ивы йæ хуыз. Æмæ афтæ дæр хъуамæ уа, уымæн æмæ парк ис республикæйы сæйрагдæр культурон уагдон – арæзт чи цæуы Паддзахадон драмон театры хæдфæстæ æмæ театрдзаутæн дæр хæсдзæн æхцондзинад. Ныр парчы территори бæрæг фæуæрæхдæр уыдзæн Парчы фарсмæ Æрыгон техниктæн цы бæстыхай ис, уый дæр ныр нал кæсы мæгуыргъуызæй æмæ хæстæфхæрдæй – æрцыдис капиталон цалцæг æмæ йæ хуыз скалдта. Йæ алыварс территори парчы территоримæ кæй иу кæны, уымæ гæсгæ уый дæр цæуы хæрзарæзт.

Парчы территори йæхæдæг цахæм хуыз райсдзæн, уый тыххæй республикæйы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергей загъта, зæгъгæ, ам фæуæрæхдæр уыдзæн цъæхдарæнты зонæ, ивд æрцæудзысты зæронд фæхсбадæнтæ, афтæ ма зæххы бынты цæуæг кабелтæ, (цæмæй æх-сæвыгон парчы территори хуыздæр рухс цæуа), фонартæ æмæ сæ цæджындзтæ сæхæдæг дæр æмæ уыдзысты бирæ рæсугъддæр, нырыккон дизаинимæ.

Министры хæдивæджы ныхæстæм гæсгæ зæронд хъеллаугæнæнты бæсты сæвæрдзысты ногтæ, афтæ ма сывæллæтты хъазæн фæзуæттæн – алыгъуызон конструкцитæ. Уыдон уыдзысты 12 комплекты бæрц. Сабыр æмæ æдыхстæй йæ рæстæг арвитын кæй фæнда, уыдонæн Джиоты Аланы проспекты ‘рдыгæй сæвæрдзысты аив арæзт фæхсбынæттæ газет кæсынæн, абадынæн æмæ аулæфынæн.

Гаглойты Сергей куыд зæгъы, афтæмæй ацы хорз лæвар горæты цæрджы-тæ райсдзысты фæззæджы кæронмæ. Ныр та уал ам кусджытæ кусынц рæвдз, æнæкъуы-лымпыйæ. Сæ нымæц у 25 адæймаджы бæрц. Ифтонг сты æппæт хъæуæг техникæйæ.

 

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.