Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы къухдариуæгадæй  2-æм ноябры коронавирусон инфекци COVID-19 ма апарахат кæныны фæдыл оперативон штабы рабадты суагъæйы 10 пунктмæ гæсгæ Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрад сорганизаци кодта тæвд хахх Республикон бирæпрофилон медицинон центры бындурыл Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæн консультацион æххуыс бакæныны тыххæй.

СOVID-19 пандемийы рæстæджы цæрджытæн информацион æххуыс бакæныны нысанæн кусын райдыдта Фæлхасгæнджыты бартæ æмæ адæймаджы фæрныгад хъахъхъæныны фадыджы цæстдарды фæдыл комитеты тæвд хахх дæр.

Абоны бон Республикæ Хуссар Ирыстоны COVID-19  фæдыл кусынц дыууæ тæвд хаххы.

Республикон бирæпрофилон медицинон центр:

+7 (929) 810 30 97

Фæлхасгæнджыты бартæ æмæ фæрныгад хъахъ-хъæныны фадыджы цæстдарды фæдыл комитет:

+7 (929) 805 88 96

+7 (929) 810 60 96

Специалисттæ дзуапп кæнынц æмбæстæгты цы-мыдисгæнæг фарстытæн коронавирусы проблемæйы фæдыл

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.