Китайы хицауад фехъусын кодта, зæгъгæ, коронавирус 2019-nCoV тыхджындæр кæны æмæ бахæцы иу адæймагæй иннæуыл, уымæ гæсгæ ацы вирусæй рынчынтæ фылдæр кæнынц.Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, рынчын адæймæгты нымæц ахызт 2794 мин адæймагæй, ацы низæй амардысты 80 адæймаджы. Фæмардуæвджыты ‘хсæн ис дохтыр, кæцы хос кодта пациенттæн Уханы. Иу суткæмæ фæрынчын сты 700 адæймаджы. Пекин транспортон бастдзинад сæхгæдта къорд мегаполистимæ, афтæ ма сæхгæдта дыууæ «Диснейленды».

Китайы æнæниздзинад хъахъхъæныны национ къамисы сæргълæууæг Ма Цзяовей Пекины пресс-конференцийы загъта, зæгъгæ, коронавирусы тыххæй нырма цъус зонынц æмæ развæлгъау зын  зæгъæн у цахæм тæссагдзинæдтæ баст сты йæ мутациимæ, уый. Цалдæр китайаг регионы бакодтой бæрæг арæнтæ адæмы змæлды тыххæй. Куыд æнхъæлынц, уымæ гæсгæ низ фæзынд  хъæддаг цæрæгойты базары горæт Хуаны, цыран цæры 11 милуан адæйма-джы бæрц. Уый у  Централон Китайы Хубэйы провинцийы административон центр. Ныр цалдæр боны дæргъы горæты ис карантин æмæ хуыцаубонæй та Уханы централон хайы бар нал ис хуымæтæджы автотранспортон фæрæзты змæлдæн. Афтæ ма Китай нал уадзы æппæт бæстæйы территорийыл магазинты, базарты æмæ ресторанты, афтæ ма хызæгон магазинты дæр хъæддаг цæрæгойтæй базар кæнын. Бæрæг куыд у, афтæмæй традицион китайаг къæбицы ис бирæ рецепттæ, кæцытæ арæзт цæ-уынц хъæддаг æмæ экзотикон цæрæгойты, мæргъ-ты æмæ рептилийы фы-дызгъæлæй.

Мæскуыйы уазæгдон «АРТ-Москва»-йæ цы æхсæз китайаг æмбæстаджы сэвакуаци кодтой, уыдон коронавирусæй рынчын нæ разындысты. Стационармæ сæ бакæнгæйæ, туристты уавæр уыд рæстæмбис, ОРВИ-йы миниуджытимæ, – фехъусын кодта «Роспотребнадзор»-ы пресс-службæ хуыцаубоны. «Кæй басгæрстой, уыдон не сты ацы вирусæй рынчын, рынчынты къордæн сбæрæг грипп А. Уа-вæр ис контролы бын», – дзырдæуы  «Роспотребнадзор»-ы хъусынгæнинаджы.

Америкæйы паддзахадон департамент фехъусын кодта, зæгъгæ, АИШ-ы консулад эвакуаци æрцæу-дзæн Уханæй дыццæджы. Консулады кусджыты раласдзысты специалон     авиарейсыл. Паддзахадон депратаменты хъусынгæнинагмæ гæсгæ, Сан-Францискомæ ацы авиарейсæй, гæнæн ис спайда кæной америкæйаг æмбæстæгтæ дæр, кæцытæ сты Китайы æмæ сын тæссаг у ацы вирусæй фæрынчын уæвынæн. Уыимæ, бритайнаг вирусологтæ бафæдзæхстой, зæгъгæ, китайаг хицауадæн сæ бон не суыдзæн вирус апарахт кæнын ныхмæ стох кæныны. Британийы бæрæг кæнынц 34 адæймаджы ацы вирусон инфекцийæ фæрынчын сты æви нæ, кæцытæ фæстаг бонты авиарейсæй æрцыдысты Китайæ.

Уыимæ, Китайы УФ-йы минæварад кусы Хубэй æмæ йæ административон центр Уханæй уæрæсейаг æмбæстæгты ракæныныл, – уый тыххæй фехъусын кодта Китайы УФ-йы минæварады пресс-атташе Георгий Егоров.

Куыд хъусынчындæуы, уымæ гæсгæ ныридæгæн Китайы 25 регионы расидтысты уæлвæткон уавæры бæрзонддæр æмвæзад. Ацы территориты цæры 1,2 миллиард адæймаджы. Рекордон цыбыр рæстæгмæ, 10 бонмæ Китай фæнд кæны ног госпиталь саразын ацы вирусæй рынчынтæн. Бæстæйы æппæт территорийыл ивд æрцыдысты бæрæгбонон мадзæлттæ национ Ног азы сæраппонд. Вирус сбæрæг Гонконгы, Макао, Тайваны, Австрали, Канадæ, Малайзи, Франц, Хуссар Корея, Япон, АИШ, Вьетнам æмæ Тайланды. Сингапур æмæ Филиппинты дæр сбæрæг сты пневмонийæ рынчынтæ.

Уыимæ Æнæниздзинад хъахъхъæныны дунеон организацийы генералон директор Тедрос Адханом ацыд Китаймæ. Уый фæнд кæны хицауад æмæ медицинон фадыджы эксперттимæ консультацитæ ауадзын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.