Амæйразмæ нæм редакцимæ телефоны æрбадзырдта нæ горæты цæрæг, Ирыстоны фæмардуæвæг хъайтар Михайленко Сашайы мад Лалыты Хадизæт. Уый мын катайгæнгæ рахабар кодта, зæгъгæ, ныртæккæ æнахъомтыл нымад чи сты,  ахæмтæ суанг æрдæгæхсæвтæм уынджы кæй вæййынц æмæ сæ хъæр уырдыгæй кæй фехъуысы, уый тыххæй. Хадизæт зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, дам-иу Советон Цæдисы рæстæджы уæрæсейаг телеуынынады каналыл изæры 8 сахатыл уыд алæвæрд «Спокойной ночи, малыши» æмæ, зæгъ-иу сывæллæттæ уымæ куы бакастысты, уæд-иу ацыдысты фынæй кæнынмæ. Фæлæ, дам, абон афтæ кæй нал у, уымæн хорз фæстиуджытæ ныртæккæ дæр нæй æмæ афтæ куы уа, уæд ын дарддæр дæр нæ уыдзæн. Цы хъуамæ араза 12-13-аздзыд сывæллон уынджы æнафоны? Цæуыл хъуыды кæнынц, сæ ныййарджытæ, цæмæннæ йæ æмбарынц, уынг сывæллонæн æвзæрæй дарддæр хорзæй кæй ницы ратдзæн, уый. Хорз, зæгъ, уаид æмæ ныййарджытæ се ‘нахъом сывæллæтты æнафæттæм уынджы куынæ уадзиккой.

 Лалыты Хадизæт ма нæм бахатыд, цæмæй нæ газеты фæрцы рæгъмæ рахæссæм ноджы иу проблемæйы тыххæй, ома,  иуæй-иу æдзæсгом æмæ æнахъола адæймæгтæ комкоммæ тротуартыл кæй ту кæнынц, уый тыххæй. Чизоны, зæгъ, искæмæ худæгау фæкæса, ома, йæ ацы уæззау рæстæджы æндæр ницы æндавы. Фæлæ йыл лæмбынæг куы ахъуыды кæнæм, уæд уый чысыл проблемæ нæу. «Гуырдзиаг-ирон хæсты дæргъвæтин азты дæргъы, нæ горæты ахæм уынг нæ разындзæн, нæ хъæбатыр лæппуты туг кæм нæ ныккалд, знаджы ныхмæ тох кæнгæйæ. Цæмæннæ йæ æмбарынц, ахæм æнæмбаргæ адæймæгтæ ирон лæппутæ хъæбатырæй цы уынгты фæмард сты, сæ туг кæм ныккалдтой, уым ту кæныны бар кæй никæмæн ис, уый. Ныртæккæ ацы æнæхайыры коронавирус нæ республикæйы куы апарахат, уæд уæлдай тынгдæр хъахъхъæнын хъæуы санитарон нормæтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уынджы ацы вирусæй рынчын адæймаг куы ату кæна, уæд бахус уыдзæн æмæ уый фæстæ дымгæйы рæстæджы рыгимæ сыстдзæн уæлдæфы æмæ афтæмæй гæнæн ис бахауа адæймаджы улæфæнтæм. Афтæ ма рынчын адæймаджы æлгъдзæг тæссаг у адæймагыл æндæр низтæ фæзынын кæнынæй дæр», – загъта Лалыты чызг. Иннæ ахæм ма сылгоймаг рæгъмæ рахаста уынджы æмæ хæдзæртты кæртыты тамакодымджытæ сæ тамакойы дымæнтæ кæй аппарынц, уый тыххæй дæр. «Дæргъвæтин ирон-гуырдзиаг ныхмæлæуды рæстæджы нæ республикæ фæстæмæ алæууыд алы фадыджы дæр, уыцы нымæцы – культурæйы къабазы дæр. Фæлæ мах æппæт тыхтæй дæр хъуамæ архайæм ацы проблемæтæ рараст кæныныл. Алы æмбæстаг дæр хæсджын у, цæмæй хъахъхъæна нæ горæты сыгъдæгдзинад», – йæ ныхасмæ бафтыдта Лалыты Хадизæт.

Сылгоймаджы ныхæстæм хъусгæйæ, мæ зæрдыл æрлæууыд, æрæджы Китайы уагахасты нормæты тыххæй цы закъон райстой, уый, æмæ мæ бафæндыд цыбыртæй ацы закъонимæ газеткæсджыты базонгæ кæнын. Китайы ист æрцыд паддзахадон ахсджиагдзинады хæслæвæрд – 1,5 миллиард цæрæджы хорз манерæтыл сахуыр кæныны тыххæй. Бар нал уыдзæн 30 зианхæссæг цайдагъдзинæдтæн. Зæгъæм, къæхты бынмæ ту кæнын æмæ хи æрдæгбæгънæг скæнын, хъæр кæнын кæнæ транспорты тынг чи тæф кæна, ахæм хæринаг хæрын. Хицауад сфæлмæцыд,  гæххæтт урнæйы мидæг нæ, фæлæ йæ цуры кæй аппарынц, уымæй. Китайаг культурæ у рагон æмæ хъæздыг. Бæстæйы йын кад кæнынц, ногдзинæдтæ йæм бафтаугæйæ.

Столицæйы ис ног культурон революци – ист æрцыд закъон уагахасты нормæты тыххæй. Ацы закъоныл куыстой иу азы размæ, фæлæ КОВИД кæй апарахат, уымæ гæсгæ  сæ уымæ нал равдæлд. Ныр ацы темæмæ фæстæмæ раздæхтысты æмæ райтынг кодтой масштабон кампани цæрджыты скульптурон кæныны тыххæй. Хорз æмæ æвзæр цытæ сты, уыдон æвдыст цæуынц агитацион плакаттыл. «Ахуыр кæнут культурон æхсæнады уагæвæрдтæ, сут кульптурон цæрджытæ! Ома, хи культурон кæнын хъæуы!», – ахæм лозунгтæ фенæн ис алы рæтты. Раздæр та ахæм бынæтты фенæн уыд ахæм лозунгтæ, зæгъгæ, «Адæм æмæ парти иу сты». Афтæмæй хицауад нысан кæны ног уагæвæрдты ахсджиагдзинады тыххæй. Чи йæ нæ бамбара, уыдоны ивар кæндзысты бархалынады 29 хуызæй, зæгъæм, автобусмæ сæрибар бынат бацахсыны сæраппонд тагъд балидзыны тыххæй. Фæлæ иууыл радикалондæр у, кæм дæ бафæнда, уым ту кæныны ныхмæ тох кæныны фарст. Ацы мæгуырау цайдагъдзинадæй нацийы хъуамæ рацахуыр кодтаиккой уартæ 1950 азты. Фæлæ Мао Цзэдунæн йæ бон не ссис тутыл фæуæлахиз уæвын. Ацы цайдагъдзинад æнæ культурондзинады тыххæй уыйас нæу, цас уæлдæфы гъæдæй, уæлдæф ахæм у, æмæ дæ æппынæдзух фæнды схуыфын. Фæлæ ацы хатт гæнæн ис æмæ ацы проблемæйыл фæуæлахиз уой. Баххуыс сын кодта коронавирус дæр: ныртæккæ чи ту кæны, уымæ кæсынц гуырысхогæнгæ, ома, рынчын у. Туалетмæ бахизгæйæ, фенæн вæййы цивилизацимæ сидæг табличкæтæ. Уый ссис паддзахадон программæ.

Тамакойы дымæнтæ, брæттæ æмæ полиэтиленон пакеттæ ма пырх кæнут. Тамако ма дымут æхсæнадон бынæтты. Къултыл ма ныв кæнут граффити æмæ хивæндæй ма ныхасут хъусинæгтæ. Сортировкæ кæнут брæтты. Бар нæй брæттæ рудзынгæй калын. Бар нæй уынгты хъæр кæнын. Фистæгæйцæуджытæ хæсджын сты, цæмæй ма халой фæндаджы фæткойтæ, уынджы иу фарсæй иннæмæ хизгæйæ. Куыйты тезгъо кæнын гæнæн ис куыдзбæттæнты. Бар нæй æхсæвыгон цалцæггæнæн куыстытæ кæнынæн. Бар нæй интернеты дам-думтæ парахат кæнын, вульгарон кæнæ æфхæрæн контент. Нæй гæнæн хисæрмагонд дзаумæттæ асинты фæзуæтты æмæ хæдзæртты бацæуæнты дарын. Нæй гæнæн æнæцензурон лексикæйæ пайда кæнын æмæ афтæ дарддæр.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Китайы столицæ Пекины кæй кусы «цивилизацион уагахасты фæдыл гидты командæ», кæцыйы сконды сты 9 мин активисты. Сæ сæйраг хæслæвæрд ис уый мидæг, цæмæй цæрджытæн амоной ног уагæвæрдтæ «цивилизацион уагахасты æмæ ногдзинæдтæ биноныг кæныны тыххæй хицауадæн æххуыс кæнын. Уагæвæрдтæ чи хала, уыдоны ивар кæндзысты 50 юанæй 2000 юаны онг (4963 сомы). Цахæмфæнды бархалынад дæр негативонæй бандавдзæн æмбæстаджы социалон рейтингыл æмæ уыцы иу рæстæджы та хорз æмæ аккаг миты тыххæй æмбæстæгтæн сæ бон суыдзæн премитæ  æмæ бонустæ райсын.

Банысан кæнын ма мæ фæнды уый дæр, æмæ китайаг цæрджытæ кæй æххæст кæ-нынц закъон. Уый афтæ кæй у, уый ирдæй зыны уымæй дæр, æмæ ацы бæстæ кæй фæуæлахиз КОВИД-19. Кæд æмæ ацы пандеми фыццаг хатт Китайы фæзынд, уæддæр абон ацы тæссаг вирусæй  бæстæйы ничиуал хъизæмар кæны, коронавирусы ныхмæ цы санитарон нормæтæ ист æрцыдысты, уыдон дырысæй кæй æххæст кæнынц, уымæ гæсгæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, цæмæй хуссарирыстойнаг цæрджытæн сæ цардуагон уавæртæ китайаг цæрджыты æмвæзадмæ схизой, уый тыххæй нæ хъæуы дæргъвæтин азты дæргъы кусын. Фæлæ уæддæр хъуамæ размæ цæуæм… Нæ горæты цæрджыты куы бафæнда, уæд сæ алкæмæн дæр йæ бон суыдзæн йæ брон брондонмæ бахæссын æмæ уынгты сыгъдæгдзинад хъахъхъæнын æмæ а.д.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.