Фембæлдтытæ Мæскуыйы

УФ-йы Президент Владимир Путин Мæскуыйы фембæлд Китайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Ван И-имæ. Путин банысан кодта, зæгъгæ, фембæлдзæн Китайы сæргълæууæг Си Цзиньпинимæ, афтæ ма Китай æмæ Уæрæсейы ахастытæн кæй ис æввахс характер экономикон æмæ политикон фадгуыты.

Ван И ма фембæлд УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровимæ, уыдон цы фарстытыл уынаффæ кодтой, уыдон æхсæн уыд АИШ Китайы товартыл фиддонтæ кæй сæвæрдта, уыцы фарст дæр.

                               Фиддонтæ китайаг продукцийыл

Дональд Трампы администраци фехъусын кодта китайаг продукцийæ фиддонтæ æвæрд кæуыл æрцæудзысты, уыдоны тыххæй. Базарадон баныхæсты АИШ-ы минæвары апарахатгонд хъусынгæнинаджы куыд банысанчындæуыд, уымæ гæсгæ «уый у АИШ-ы дзуапп Китайы æдзæсгом базарадон практикæйæн». Номхыгъды сты алыгъуызон продукцийы 1300 хуызы Уымæй дарддæр ма Трамп бахæс кодта китайаг товартыл импортæн фиддонтæ бакæныны тыххæй ног номхыгъд саразын. Трамп бирæ хæттыты фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ зæрдæмæ нæ цæуы Китайимæ базары егъау æддагбазарадон дефицит, кæцы йæ ныхæстæм гæсгæ хæццæ кæны 500 миллиард доллары онг.

Цæфæн цæф кæнæ та базарадон хæст

Пекины фехъусын кодтой, зæгъгæ, йæ нæ фæнды АИШ-имæ базарадон хæст райдайын, фæлæ дзы тæрсгæ дæр нæ кæны. Дзуаппæн хъуамæ Китайы хицауад райса комплексон контрмадзæлттæ АИШ-ы базарадон политикæйæн. «Æнæ-мæнгхъæуæг у ныхкъуырд радтын, контрмадзæлттæ райсын æмæ Райгуырæн бæстæ æмæ адæмы интерестæ бахъахъхъæнын»,  – дзырдæуы ведомствойы хъусынгæнинаджы. Китай фехъусын кодта АИШ-ы 106 товартыл, уыцы нымæцы автомобилтæ, хæдтæхджытæ, нефтехими æмæ æндæртыл фиддонтæ кæй бакæндзæн, уый тыххæй. Афтæ ма банысан кодтой, зæгъгæ, Вашингтон цы мадзæлтты тыххæй фехъусын кодта, уыдон дзуапп нæ дæттынц дунеон базарадон организацийы уагæвæрдтæн æмæ серьезонæй тæссаг сты Китайы интерестæ æмæ æдасдзинадæн. Пекин йæ закъонон барыл нымайы, АИШ-æй ласт товартыл фиддонтæ бакæнын, кæцыты импорт Китаймæ ивгъуыд аз уыд 50 миллиард доллары.

Æдасдзинады фæдыл конференци

Мæскуыйы уагъд æрцыд æдасдзинады фæдыл кон-ференци. Мæскуыйаг конференцийы сæйра уыдысты Сирийы темæ æмæ терроризмы проблемæ. Конференцийы хайад райстой дæсгай бæстæты минæвæрттæ, цæмæй æруынаффæ кодтаиккой терроризмы ныхмæ архайдтыты тыххæй.

Йæ уавæр фæхуыздæр

Украинæ цы хъырымаг кæсагахсæн нау «Норд» æрцахста, уый капитаны уавæр фæхуыздæр. Владимир Горбенкойæн схызт йæ туджы æлхъывдад æмæ йæ бакодтой Херсоны рынчындонмæ, фæлæ йæ уавæр куы фæхуыздæр, уæд æй фæстæмæ ракодтой Херсоны Украинæйы æдасдзинады службæмæ. Нæлгогймагæн тас  у фондз азы ахæстоны фæбадыны тæрхон  рахæссынæй. Науы экипажы иннæ уæнгтæ сты горæт Бердянскы. Науæй ахизыны бар сын нæй.

Раздæры дипломатты бæсты

АИШ-ы паддзахадон департамент Уæрæсейæн фехъусын кодта, цæмæй  цы 60 дипломаты рарвыста, уыдоны бæсты æрбарвита ног дипломатты. Мæскуыйæн йæ бон у ног дипломаттæн аккредитаци ракурын, – банысан кодтой æддагполитикон ведомствойы. Уыимæ Америкæйы Иугонд Штатты ныфс ис, Мæскуы кæй рарвыста, уыцы америкæйаг дипломатты бæсты  ног дипломаттæ кæй райсдзæн, уымæй

Нæ рахæцыдысты уæрæсейаг проекты æвварс

Химион хæцæнгарз ма уадзыны фæдыл организацийы Евроцæдис нæ рахæцыд,  Солсберийы инциденты фæдыл Уæрæсе цы проект бацæттæ кодта, уый æвварс. «Евроцæдис нæ райста уæрæсейаг проекты», – дзырдæуы хъусынгæнинаджы. Йæ ныхмæ рацыдысты бритайнæгтæ æмæ америкæйæгтæ, уый фæстæ сæм баиу сты Евроцæдисы æмæ НАТО-йы уæнгтæ, афтæ ма Азийы иуæй-иу америкæйаг æмцæдисонтæ», – загъта организацийы УФ-йы æдзухон минæвар Александр Шульгин.

Экстренон рабадт

Нью-Йоркы уагъд æрцыд ИНО-ы Æдасдзинады советы экстренон рабадт афтæхуыйнæг Скрипалы хъуыддаджы фæдыл. Рабадт уагъд æрцыд Уæрæсейы инициативæмæ гæсгæ. ИНО-йы УФ-йы æдзухон минæвар Василий Небензя фехъусын кодта, зæгъгæ, Уæрæсе тырны Солсберийы фæхъæстæ кæныны цау равзарынмæ. «Кæд уыцы тыхджын буарадæй дуары хæцæныл баппырх кодтой, уæд ма Скрипалтæ сæ къæхтыл куыд лæууыдысты æмæ сæхи куыд æмбæрстой цалдæр сахаты? Кæд æмæ сæ кæм ссардтой, уыцы бынатмæ цы полициаг сержант æрбацыд æххуысмæ, уый уайтагъд сæвзæрис æмæ йæхи нал æмбæрста, уæд? Химион буарадæй фæхъæстæ кæныны фæстæ ма удæгасæй куыд баззадысты? Бамбарæн ын ис æрмæстдæр афтæ: уыдоны бауагътой антидот. Цæмæй, номхуындæй, ахæм буарады хуызæг саразай, уый тыххæй буарад хъуамæ уа дæ къухты». Небензяйы ныхæстæм гæсгæ Лондон бахъавыд æндæр бæстæтимæ Уæрæсейы ахастытæ фæхъæстæ кæнынмæ. Фæлæ, зæгъ, Скрипалы хъуыддаджы фæдыл абсурдон аххосæгтæ Стырбританийæн нæ батайдзысты. Банысан кодта, зæгъгæ, ацы провокацийы фæстæ лæууынц иуæй-иу бæстæты спецслужбæтæ. Небензя ма фехъусын кодта, зæгъгæ,  ИНО-йы Æдасдзинады Советæн Уæрæсе ногæй бацæттæ кодта хъусынгæнинаджы проект.

Сæрибар æрцыд

Германы тæрхондон æхца бахæсгæйæ ссæрибар кодта Каталонийы экс-сæргълæууæг Карлес Пучдемоны бахæсгæ æхцайæ. Тæрхонгæнджытæ банымадтой, зæгъгæ, испайнаг фарс змæстыты тыххæй цы аххосæгтæ раразмæ кодта, уыдонæн сæ бон нæу экстрадицийы тыххæй бындур уæвынæн. Бахæсгæ æхцайы суммæ у 75 мин евройы. Германы Пучдемон урæд æрцыд 25-æм марты, Финляндийæ Бельгимæ куы æрбацæйздæхт, уæд, цыран  уый каст лекцитæ университеты.

«Мæсты ныййарджыты марш»

Латвийы уырыссаг æвзагыл дзурæг цæрджытæ та ногæй  Ригæйы центры рацыдысты маршы ахуырады реформæйы ныхмæ. Акцийы хайад райста иу мин адæймагæй фылдæр, уыцы нымæцы скъоладзаутæ дæр. Латвийы цæры 2 милуан адæймаджы бæрц, уыдонæй 40% сты уырыссаг æвзагыл дзурджытæ. Республикæйы ис иу паддзахадон æвзаг, уырыссаг æвзагæн та ис фæсарæйнаг æвзаджы статус.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.