Уæздан адæймагæн алы хатт дæр æмæ алы ран дæр, йæ алы фезмæлд, йæ алы ныхас æмæ фæкаст  дæр бæлвырд фæткыл æмæ æфсæрмы фæлгæтты вæййынц. Уæздан адæймаг æдзæрæг быдыры, кæнæ хъæды сырдты астæу куы уа, уæддæр ын фыдæлтæй цы уаг, цы ‘гъдау æмæ æфсарм баззади, уыдон æххæст кæны йæ фыдæлты фарны раз, йæ уд æмæ йæ цæсгомы сыгъ-дæгдзинадæй.

Нæ фыдæлтæ хуымæтæджы нæ дзырдтой: “Уаг æмæ æфсарм кæм сты, æгъдау дæр уым ис, æгъдау кæм и, кад дæр уым и”.

Кæнæ: “Ирон лæджы  уагахаст – æфсарм æмæ фæткыл баст у”. 

Адæймаг кæмфæнды ма уа – уазæгуаты,  æхсæнадон бынæтты, балцы, уынджы, уæддæр  хъуамæ  ма рох кæна хидарыны ма-дзæлттæ. Фæлæ хи дарын фыццаджыдæр  сахуыр вæййы йæ хæдзары – бинонты ‘хсæн, йæ мад, йæ фыд æмæ йæ хистæртыл. Йæхи дарын зоны æви нæ, уый та рабæрæг вæййы æддæ, адæмы ‘хсæн. Адæмы ‘хсæн йæхи дарын чи нæ зоны, уымæн уæздан рахонæн нæй, цыфæнды ахуыргонд, цыфæнды хицау æмæ фендджын æмæ хъæздыг куы уа, уæддæр. Адæмы ‘хсæнмæ цыфæнды рæсугъд  дарæсы куы рацæуай,  уæддæр уымæй  уæздандæр не суыдзынæ. Фæлæ уæддæр фылдæр хатт адæймагæн йе ‘ддаг бакаст, йæ цæстæнгас, йæ ми, йæ фезмæлд, йæ биноныгдзинад æмæ йæ дзыхы ныхас айдæнау февдисынц  йæ миддуне æмæ йæ удыхъæд. Дæлдæр  ныхас цæудзæни, адæ-мы ‘хсæн алы  уавæрты хи куыд дарын хъæуы, ууыл. 

 Уынджы æмæ æхсæнадон бынæтты: 

– адæмы æхсæнмæ  æмæ искуыдæм  балцы ацæуыны  размæ   æркæс дæхимæ, базил дæ буармæ, дæ цæсгоммæ, дæ хил адас, дæ дарæс барæвдз кæн; ахъуыды кæн,  дæ уæлæ цы скæндзынæ æмæ демæ цы райсдзынæ, ууыл; ахъуыды кæн, кæдæм æмæ кæуылты цæудзынæ; дæхимæ кæсæнмæ дæр бакæс;  хъуамæ дæ дарæс,  дæ фадыбарц  æдде  бакæсгæ    уой зæрдæмæдзæугæ, аив æмæ сыгъдæг; 

–  æхсæнадон уагæвæрдмæ гæсгæ цæуын кæуылты не ‘мбæлы, ууылты цæуын æнæуагдзинад у. Архай фæндагæн йæ рахис фæрсты цæуыныл. 

– цæугæйæ дæ гуыр къаддæр змæлын кæн, цæнгты змæлд æмæ къахы айст хъуамæ уой фæлмæн, аив. Гуыр – раст, сæры æвæрд бæрзондгомау. Кæд уавæр нæ домы, уæд кæн сабыр æмæ цыбыр къах-дзæфтæ.

  Фынджы уæлхъус цы  ‘мбæлы  æмæ цы не  ‘мбæлы:

– цины хъуыддаджы дæр æмæ зианы дæр цалынмæ хистæр сбада, уæдмæ лæуу, хистæр куы сыста, уæд ды дæр сыст;

-цалынмæ хистæр сыста кæнæ дын сыстынæн бар ратта, уæдмæ бад, фынгæй ма ацу;

– кæд иу фынгыл фæбадтæ, уæд дыккаг хатт мауал æрбад,  уый æнæгъдаудзинад у;

– хистæр лæугæйæ куы ракува  æмæ лæугæйæ куы бануаза, уæд ды дæр лæугæйæ ракув æмæ бануаз. Хистæр бадгæйæ куы кува, уæд ды дæр бадгæйæ кув;

– дæ бынатæй фест-фест ма кæн, фынгмæ дæ чъылдым ма здах.

– гаджидау рауадзыны бар дæм куы ‘рхауа, уæд слæуу æмæ ракув, фæлæ  хистæры куывдтытæ  ма  фæлхат кæн;

–  рæгъ дæм куы ‘рхæццæ уа, кæнæ дын ныхасы бар куы раттæуа, уæд цыбыр ныхас кæн, дæ къухтæ ма тил, искæимæ амонæджы хъæлæсæй ма дзур;

– хистæр куы дзура  кæнæ гаджидау куы уадза, уæд æм æдзæмæй хъус, оммен Хуыцау, загъдæуы æрмæстдæр кувгæйæ, арфæ гæнгæйæ оммен нæ   чындæуы;

– Нуазæн дæ къухмæ  куы райсай, уæд ын  цалынмæ йе ‘гъдау бакæнай, уæдмæ йæ дæ къухæй ма суæгъд кæн, галиу къухмæ йæ ма айс, фынджы æмвæзæй бындæр æй ма ‘руадз;

–  бадты уынаффæ кæнын дæумæ нæ хауы æмæ хистæртæм дзырдæппарæн ма кæн;

–  бадты хистæры æвастæй искæмæн арфæйы нуазæн ма æрвит, ма дæтт, уый æнæгъдаудзинад у;

– искæмæн æмбæлæггаг ма дæтт, нозтæй йæ ивар ма кæн, уыцы митæ дæумæ нæ хауынц;

– хæрд æмæ нозтæй бæрц зон, фынгмæ уæздан æвнæлд кæн, тагъд ма кæн.

– дæ дзыхы цалынмæ комдзаг ис, уæдмæ ныхас ма кæн;

– дæ уидыг, дæ саджилæг æмæ де ‘нгуылдзтæ ма сдæр, къухсæрфæнæй пайда кæн, фæлæ йæ æнцъылдтæ, тымбылтæ ма кæн;

– дæ уæлдæйттæ æмæ дæ хæрæнтæ дæхи раз  уадз, зæхмæ сæ ма  ‘ппар;

– фынгыл цы хæрд, цы нозт нæй, уый æфсинтæй ма дом, уый æдзæсгомдзинад у;

– бадты хистæр дæм куы дзура, уæд дæ хæрын фæуадз, слæуу æмæ йæм лæмбынæг байхъус, цы зæгъы, уый æнæ уæлдай ныхасæй бакæн;

– бадты хистæр дын уайдзæф куы бакæна, уæд, цыфæнды карз куы уа, уæддæр хатдзæгтæ скæн  æмæ хистæрмæ фæстæмæ ма сдзур;

– бадты хистæр дæ фынгæй тæргæ куы кæна, уæддæр сыст æмæ  ацу, раст у, нæу,  уый адæм равзардзысты, ды дæхи ма раст кæн;

Ныхас кæнгæйæ:

Ӕвæццæгæн, дунейы ныхасæй тыхджындæр нæдæр хæцæнгарз у, нæдæр удгоймаджы хъару. Фыдæлтæ-иу уымæн загътой: “Ныхас адæймаджы мæрдтæм дæр тæры, мæрдтæй дæр æй здахы”. Ныхас фидар хæцæнгарз у, æмæ кæддæриддæр тæрсын хъæуы йæ дзæгъæл гæрахæй, æнæ топпы кæсæнмæ кæсгæ дзы хъуамæ æхст ма цæуа. Цалынмæ ныхас нæма загътай, уæд-мæ йын йæ фæстиуæг дæ цæстытыл ауайын кæн.

 Ныхасгæнгæйæ хиуылхæцын уæздандзинады бæрæггæнæн у.

Ныхас лæджы кадджын дæр кæны æмæ æгад  дæр.

Ныхасгæнæгæн цæмæй йæ ныхасы уæз уа – нысаныл æмбæла, уый тыххæй лæг хъуамæ раздæр ахъуыды кæна мæнæ ацы фондз уагæвæрдыл:

–  зæгъын æй хъæуы æви нæ;

– цы хуызы йæ аивдæрæй загъдæуа (сабырæй, хъæрæй, мæстыйæ, хъæлдзæгæй, æргомæй, хъазгæмхасæнæй);

– кæд æмæ йæ кæцы ран загъдæуа;

– кæмæн æй хъæуы зæгъын;

– цы дзы æмбулыс ды æмæ цы амбулдзæн дæ ныхасæмбал;

– Дæхиуыл хæцын фæраз, хъæрæй ма дзур, кæд цыфæнды  мæсты дæ, уæддæр дæ ныхасæмбалмæ  дæ маст ма равдис, кæд дæ маст уый аххосæй у, уæддæр, тых дзырд ма кæн, дæ къухтæ æгæр ма змæлын кæн, дзур цадæггай,  фæлæ цыбырæй.

– Дæ ныхæстæ фæлхат ма кæн, лыстæг цаутыл дæргъвæтин ныхас ма кæн, къаддæр кæн “æрдхæрæны” ныхæстæ æмæ сомытæй æндæр искæимæ ма дзур.

– Адæмы ‘хсæн, æмбырды, фынджы уæлхъус кæд дæ ныхасмæ хъусæг нæй кæнæ фылдæр адæм нæ хъусынц, уæд хуыздæр у нæ дзурын, уымæн æмæ ныхасмæ цæттæ нæ дæ, дæ ныхасы уæз нæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.