2-аг хай

Ацы уацы фыццаг хайы æрдзырдтам, Китайы Адæмон Республикæйæ чи фæиппæрд, уыцы сакъадах Тайваны алыварс уавæр кæй карз кæны АИШ.

Дарддӕр та нӕ фӕнды сбӕлвырд кӕнын, Мæскуы Пекины фарс цæмæн хæцы. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ Китайы мидхæсты фæстæ Тайваны сакъадахыл æрбынат кодтой Китайы раздæры Гоминданы хицауад «генералиссимус» Чан Кайшийы сæргълæудæй се ‘фсадæй ма цы баззад, уыдонимæ. Уыдон нæ банымадтой, Китайы æппæт территорийыл Коммунистон парти кæй фæуæлахиз ис, æмæ сакъадахæй расидтысты «Китайы Республикæ».

Советон Цæдис уый размæ Китайæн егъау æххуыс бакодта японаг тыхгæнджыты ныхмæ тохы. Æмæ Тайваны «хицауад», куыд китайаг адæмы хъæбултæ, афтæ хъуамæ кад кодтаиккой уыцы æххуысæн, бузныг уыдаиккой Советон Цæдисæй. Фæлæ уыдон Советон паддзахады ныхмæ гадзрахатӕй рацыдысты, разындысты уæйгæнджытæ.

1954 азы июны 23-æм боны Хуссар Китайаг денджызы нейтралон дæтты советон танкер «Туапсе»-йы фæндаг цæхгæрмæ ахгӕдта Тайваны эсминец. Уый ма-хуæттæн фехъусын кодта, цæмæй бауромой, фæлæ сӕм науы капитан Виталий Калинин нæ байхъуыста. Ӕмӕ йӕ уӕд науон сармадзантӕй ӕхсын байдыдтой гоминдайнаг террористтӕ. Ӕндӕр гӕнӕн нал уыдис ӕмӕ уӕд танкеры экипаж мотортӕ ӕрхуыссын кодта. «Туапсе»-йы трюмты уыдис рухсдӕттӕг керосин, (чанкайшийаг хицауад та дзырдтой, зӕгъгӕ, ацы нау  ласта авиацион ӕртаг Китайы Адӕмон Республикӕйы ӕфсадӕн).

Науы радиостанцы хицауӕн уыцы уӕззау уавӕрты бантыст Мӕскуымӕ ӕмӕ науы иугӕндзонон бынат Одессӕмӕ фехъусын кӕнын, чанкашийаг ӕфсӕддонты уацары кӕй бахаудысты, уый тыххӕй. Уалынмӕ хотыхджын десант танкер бацахста. Автоматмӕ фидаргонд штыккӕрдтӕй ӕртхъирӕнгӕнгӕ матросты каютӕтӕм батардтой. Сбастой экипажы уӕнгты æмæ сæ фыднадӕй тайванаг порт Гаосюнмæ æрластой. Советон наудзæуджыты фæдих кодтой æртæ къордыл, алкæцыйы дæр  16 адæймаджы, афтæмæй, гуыдыры бын сæ бакодтой æмæ сæ райдыдтой тыхфарст кæнын.

Танкер «Туапсе»-йы æфхæрд матростæ

Над, фыдмитæ æмæ психологон хъизæмæрттæ бафæразын экипажы бирæ уæнгтæн сæ бон нал уыдис, æмæ, æвæндонæй сарæзтой политикон æгъдауæй зыгъуыммæ хъусынгæнинæгтæ. Уый тыххæй Советон Цæдисмæ куы æрыздæхтысты, уæд, уыцы рӕстӕджы бирӕварсон карз идеологизацийы уавæрты сӕ ӕрцахстой æмæ сын стырӕмгъуыд  тæрхонтӕ рахастой (фæстæдæр реабилитацигонд  ӕрцыдысты, фӕлӕ дзӕвгар фӕстӕдӕр уыдис уый!).

Танкеры экипажы разамынады уæнгтæ В. И. Книга, В. В. Лопатюк æмæ В. А. Саблин фыдмиты фæ-тиуæгæн сæ къухтæ æрфыстой, АИШ-ы сæ политикон æмбæхсæн кæй хъæуы, ахӕм куырдиат, фæлæ стæй сæ къухфыстытæ уыцы гӕххӕттӕй систой. Уый тыххæй сын тайванаг «тæрхондон» рахаста дӕс азы ахæстоны фæбадыны тæрхон. Ӕцӕгдзинадӕй та Тайваны арвыстой ӕртынфондз (35) азы: авд азы – ахæстоны, стæй сын «фæтæригъæд» кодтой æмæ сæ «хæдзарон ахæсты» бап-пæрстой Тайваны сæйраг сахар Тайбейы цур цыдæр цæрæнуаты.

Æрмæстдӕр 1988 азы (!!!) уыдон сæрибаргонд æрцыдысты Сингапуры советон консулы руаджы æмæ æрыздæхтысты Мæскуымæ. Экипажы иннæ уæнгтæй сӕ иу – Ж. М. Димов, хъизæмæрттæ нæ бафæразгæйæ йæхи амардта, А. В. Ковалёв æмæ М. М. Калмазан та Тайваны амардысты.

Танкер «Туапсе»-йы Тайван йæхи бакодта æмæ дзы «Китайаг Республикæ»-йы хæстон денджызон тыхты сконды пайда кӕнын райдыдта. Абон дӕр ма уыцы ӕнамонд танкер лæууы тайванаг порт Гаосюны.

Афтæмæй, Тайван йæхи равдыста Советон Цæдисы знагæй.

Советон Цæдис та уыцы инциденты фæстæ дзæвгар рӕстӕг Китайы Адæмон Республикæимæ иумæ тох кодта, цæмæй «Китайы Республикæ» æрвыст æрцæуа Иугонд Нациты Организацийы рæнхъытæй æмæ йын йæ бынат бацахса Китайы Адæмон Республикæ. Уыцы хъуыддаг сӕ къухы бафтыдис æрмæст 1971 азы.

Ныртæккæ Китайы Адæмон Республикæйы разамынад йæ хорз ахаст æвдисы Уæрæсемæ, Тайваны фæстæ та лæууынц Америкæйы Иугонд Штаттæ. Уый дæр ахъаз кæны уымæн, цæмæй Уæрæсе официалон Пекины ‘вварс хæца, Тайванмæ та уазал цæстæй кæса.

Кæй зæгъын æй хъæуы, мах хъуамæ зонæм историон контекст, нæ зæрдыл дарæм историон цаутæ, цæмæй хуыздæр æмбарæм æндæр æмæ æндæр бæстæты политикон позицийы бындур нырыккон дунейы цæуæг цауты мидæг, æндæр æмæ æндæр дунеон хъаугъаты мидис.

                             ПЛИТЫ Инал

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.