Ӕндӕрӕбон та Ирыстоны дзыллӕ банысан кодта, фыдӕлтӕй фӕстӕмӕ нын табуйаг чи сты, уыцы стыр бӕрӕгбонтӕй сӕ иуы – Хетӕджы Уастырджимӕ кувӕн бон. Фӕстаг рӕстӕджыты ацы уаз бынатмӕ цӕуын ирон адӕмӕн ссис ӕппӕтадӕмон бӕрӕгбоны хуызӕн. Афтӕ мачи хъуыды кӕнӕд, цыма Хетӕджы Уастырджи у Цӕгат Ирыстоны цӕрӕг адӕмы сӕйраг динон бӕрӕгбон, Хуссар Ирыстоны цӕрӕг адӕмӕн та – Джеры дзуар. Табу сӕхицӕн, иууылдӕр нын иумӕйаг сты! Махӕн, ирон адӕмӕн дихгӕнинаг ницы ис, алцы дӕр нын иумӕйаг у, не ‘взаг ӕмӕ нын нӕ фыдыбӕстӕ куыд иумӕйаг сты, афтӕ.

Ууыл дзурӕг у нӕ республикӕйы Президенты арфӕ дӕр.

Зынаргъ ӕмфыдыбӕстӕйонтӕ!

Арфӕ уын кӕнын Хетӕджы

Уастырджийы бӕрӕгбоны фӕдыл!

Ацы бон ирон адӕм банысан кӕнынц ӕппӕтадӕмон бӕрӕгбон ӕмӕ традицимӕ гӕсгӕ скувынц Бӕрзондылбадӕг Стыр Хуыцаумӕ, цӕмӕй нӕ фыдӕлты зӕххыл уа сабырад ӕмӕ фӕрныгад, цӕмӕй ӕнӕниз уой нӕ хистӕртӕ ӕмӕ нӕ кӕстӕртӕ, цӕмӕй хызт уӕм ӕнамонддзинӕдтӕй.

Абон уӕлдай ахсджиагдӕр у Ирыстоны фырттӕн кувын ӕмӕ сӕ фарсмӕ балӕууын. Хетӕджы Уастырджи нын нӕ Райгуырӕн бӕстӕ бахизӕд фыдбылызтӕй! Нӕ Фыдыбӕстӕйы хъахъхъӕнджытӕй алчи дӕр йӕ бинонтыл сӕмбӕлӕд цардӕгас ӕмӕ ӕнӕхъыгдардӕй!

Мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы иудзинад, стабилондзинад ӕмӕ дидинӕфтыд, сабырдзинад ӕмӕ хӕрзиуджытӕ! Уадз алы хӕдзары дӕр уӕд кӕрӕдзиӕмбарынад ӕмӕ фӕрныгад!

 

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.